Ирон дзырдаивад æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг, поэт, драматург, ныв-гæнæг, зынгæ æхсæнадон архайаг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы ном никуы уыдзæн рох ирон адæмæй, йæ кадджын ном царди, цæры æмæ цæрдзæн. Генион адæймаджы фыстытæ цæуынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ, цыфæнды кары адæймагæн дæр сты зондамонæг. Уый нын ныууагъта æнæмæлгæ сфæлдыстадон бынтæ. Къостайæн йæхийау æнусон у йе ‘ппæт сфæлдыстад дæр. Ахæм адæймаджы та йæ раттæг адæм фæхонынц гени.

Бирæ номарæнтæ ис Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайæн абон: Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн парк, Паддзахадон университет, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъола, уынг æмæ проспект, хъæутæ Æрыдоны æмæ Хуссар Ирыстоны, хæдзар-музейтæ Нары æмæ Дзæуджыхъæуы, цыртытæ Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны, Къахетгомы, Болгарийы, Хъæрæсейы, Стъавраполы, уынгтæ Цхинвалы, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны районты, Лабæйы хъæу, йæ номыл ис стипенди.

Йæ ном хæссынц: Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр, Бетъырбухы Аивæдты академийы скверы – статуя, Каспы денджызы наутæй иу, Стъавраполы, Украинæйы – йæ номыл уынгтæ.

1939 азы Къостайы райгуырды 80 азы юбилей куы уыд, уæд æй Советон Цæдисы уæрæхæй банысан кодтой, йæ номыл нысангонд æрцыд Паддзахадон преми. Уыцы аз æй æппæты фыццаг райста æвзонг фыссæг Цæгæраты Максим, 1964 азы та  Абайты Васо æмæ Мамсыраты Дæбе, 1965 азы Николай Тихонов æмæ Тæбæхсæуты Бало. Ацы премийы лауреат та дыууæ хатты ссис Джуссойты Нафи.

Ирон фысджытæй иу дæр ахæм нæй, Хетæджы фырты номыл аивадон уацмыс чи нæ ныффыста. Фыццæгтæ уыдысты: Гæдиаты Секъа, Гуырдзыбегты Бласкæ, Цæголты Георги, Æлборты Барысби, Гулуты Андрей (æмдзæвгæтæ), Нигер, Епхиты Тæтæри, Туаты Дæуыт (пьесæтæ), Цæгæраты Максим, Дзадтиаты Тотырбег (прозæ). Йæ рухс ном ын литературæйы алы жанрты æрымысыдысты раздæры Советон Цæдисы, фæсарæйнаг бæстæты фысджытæ.

Къостайыл ис адæмон зарджытæ конд. Фæсте нæ фæлæууыдысты композитортæ дæр – йæ уацмыстæм гæсгæ Хаханты Дудар ныффыста балет «Хетæг», Плиты Христофор ныффыста оперæ «Къоста», Хаханты Дудары 5-æм симфони дæр хуыйны «Къоста», Кокойты Тæтæрхъан ныффыста музыкæ «Додой», «Ал-лол-ай» æмæ «Усгуры сагъæс»-æн. Ирон поэттæ æмæ композитортæ йыл ныффыстой зарджытæ. Къоста дыууæ хатты уыдис хаст Украинæмæ, уымæ гæсгæ йыл Киевы кинематографисттæ йæ 80 азы юбилеймæ систой фыццаг документалон  киноныв, арæзт у дыууæ хайæ.

1949 азы В. Корзун ныффыста сценари «Адæмон зарæггæнæг», уый дæр у нæ стыр фыссæгыл – дыккаг документалон киноныв.

Киностуди «Ленфильм»-ы режиссер В. Чеботарев систа киноныв «Ирыстоны хъæбул», сценаристтæ Цæгæраты Максим æмæ Роман Фатуев. Тæбæхсæуты Бало ахъазыд нæ литературæйы бындурæвæрæджы ролы. 1967 азы Цæгат Ирыстоны сарæзтой аивадон телекиноныв-оперæ «Къостайы æрыздæхт». Сæйраг ролы дзы ахъазыд артист Икъаты Маирбег.

Уæдæ экранмæкæсджытæн дæр зындгонд у Къостайы æнæмæлгæ «Фатимæ», систой йæ уырыссаг æмæ ирон æвзагыл.

Хетæгкаты Къостайы æппæт сфæлдыстад дæр у æнкъаргæ, адæмон, рæстдзинадмæ, сыгъдæгдзинад æмæ сæрибармæ сидæг символ. Ахæм уыд йæхæдæг дæр, æмæ афтæ уыдзæн, цалынмæ ирон адæм «Ирон фæндыр»-имæ цæрой, уæдмæ.

Къостайы амардыл мингай азтæ куы рацæуа, уæддæр йæ ном цæрдзæни, цалынмæ зæххыл ирæттæ æмæ дунейы рæстаг адæмтæ цæрой, уæдмæ.

ГУЫЦМÆЗТЫ Евелинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.