Тугъанты Батырбеджы райгуырдыл сæххæст 150 азы

Нæ фыдæлтæй буц æмæ сæрыстыр кæй стæм, бирæ адæмтæ нæ хуыздæр уыдоны фæрцы кæй базыдтой, уый абон быцæуаг никæмæнуал у. Уымæн æмæ уыдон сæхи алы къабазы дæр равдыстой ныфсджын æмæ хъæбатырæй, æрхъуыдыджын æмæ зондджынæй. Хорз æмæ стыр фæд ныууагътой ирон литературæйы дæр. Сæ уацмысты ирдæй æвдыст цыдысты рæстæджы домæнтæ, йæ аразинаг хæстæ. Æппынæдзух тох кодтой тыхст æмæ мæгуыр ирон зæхкусæг адæмы бартыл, æлдары дуг ныппырх кæныныл.
XVIII æнусы кæрон цы фысджытæ фæзынд, уыдоны ’хсæн уыд Тугъанты Батырбег. Æцæг у, Батырбеджы фыццаг адæм куыд фыссæг, афтæ нæ базыдтой, фæлæ сæ бартыл тохгæнæгæй. Батырбег райгуырд Цæгат Ирыстоны Дур-Дуры хъæуы 1866 азы. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, адæймаджы æвзыгъддзинæдтæ, дам, хæрзчысылæй фæбæрæг вæййынц. Чысыл Батырбеджы цур-иу чи алæууыд, хуыздæр æмæ-иу æй фылдæр чи базыдта, уыдонæй-иу алчи дæр рахатыд сабийæн йе ’взыгъддзинæдтæ. Уыд адæмуарзаг, уарзта рæстдзинад, æппынæдзух архайдта газеттæ, чингуытæ, фыссæн дзаумæттæ æмæ æрмæджытимæ.

Батырбег райдианы ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы, стæй та Ставрополы гимназы, фæлæ сæ иу дæр нæ фæцис каст кæронмæ. Уыд рæстдзинадыл тохгæнæг, цыд æм йæ риуы æмбæрц æмæ уый та æвзонг æмæ æвæлтæрд адæймагæн бынтон æнцон нæу. Кæд-иу чидæртæ рахæцыд йæ сæрыл дæр, уæддæр ын йæ рæстдзинад чи ’мбæрста, уыдон фылдæр хай тарстысты кæмæйдæрты æмæ-иу бадтысты сæхицæн сабыр.
Ахуыргæнæн уагдæтты йæ фарсхæцджытæ цъус кæй уыдысты, уый аххосæй-иу æй нал фæндыд се ’хсæн уæвын æмæ-иу ныууагъта йæ ахуыр. Батырбегæн æмуддзинад нæ уыд бинонты ’хсæн дæр. Бинонты хорз æмæ хъæздыг цард, сæйраджыдæр, рæзт мæгуыр зæхкусæг адæмы фæллæйттæй æмæ æвзонг лæппу хорз цардыл цин нæ кодта, фæлæ йæ хъуыры къæбæр дæр нæ хызт, ад ын нæ кодта мæгуыр, тыхст адæммæ кæсгæйæ.
Батырбег Ставрополæй Дур-Дуры хъæумæ куы æрыздæхт, уæд фæнд кодта мæгуыр адæмы уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, фæлæ йæ цард арвыста æрмæстдæр бæллицтæ æмæ æнтыстытæм тырнгæйæ. Йæ хъарутæ уæлдай тынгдæр састысты, адæм сæ бартыл дзурын бынтондæр кæй нæ уæндыдысты, уый тыххæй. Уæд йæ сæйрагдæр бæллиц ссис, цæмæй фæстæмæ æрцæуа Дзæуджыхъæумæ æмæ базонгæ уа Хетæгкаты Къостаимæ. Къостаимæ базонгæ та зын æппындæр никæмæн уыд. Батырбег дæр йемæ базонгæ æнцонæй æмæ-иу сæ алы фембæлды дæр бирæ фæныхæстæ кодтой мæгуыр зæхкусæг адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны фарстытыл. Уæд ын иу рæстæджы Къоста афтæ зæгъы, зæгъгæ, цæмæй адæмæн исты баххуыс кæнай, уый тыххæй хорз зонын хъæуы закъæттæ. Къоста йæм бахатыд, цæмæй райса юристы дæсныйад. Байхъуыста йæм Батырбег дæр, райста юристы дæсныйад æмæ райдыдта йæ мæгуыр æмæ тыхст адæмы бартыл тох кæнын. Батырбег фыццаг уæрæсейаг революцийы азты йæхи сбаста кусæгон къордтимæ æмæ се ’хсæн уагъта агитацион куыст. Уæд йæ ныфс бахаста æмæ ирон æвзагмæ раивта Маркс æмæ Энгельсы «Коммунистон партийы манифест». Йæ ахæм куыст æмæ архайды тыххæй йæ бонтæй бирæ арвыста ахæстоны. Ахæстонæй рацæуыны фæстæ тæрсгæ нæ, фæлæ æлдарады ныхмæ йæхи æвдыста хъæддыхдæрæй.
Дон, дам, сæрæй рæсугъд кæны. Батырбег хорз æмбæрста ацы æмбисонды нысаниуæг æмæ аскъуыддзаг кодта Мæскуымæ ацæуын. Уымæн æмæ æлдары дуг Мæскуыйы куы не ’рцæуа пырх, уæд дæрддаг бынæтты æнтыст фаг нæ уыдзæн. Зынгзæрдæ революционеры удыхъæды миниуджытæ революцион змæлды уæлдæр разамонджытæ рахатыдысты уадид æмæ йын йæ бæрны бакодтой нациты хъуыддæгты фæдыл адæмон къамисариаты куыст. Уыд ын хорз æнтыстытæ. Революцион змæлд Мæскуыйы кодта тыхджындæр, æххуыс хъуыд дæрддаг революцион къордтæн æмæ Батырбег æрвыст æрцыд Дагъыстанмæ. Ам дæр йæ фæндтæ æмæ архайдтытæ уыдысты дардыл, фæлæ ахæстоны æмæ революцион хъуыддæгты уæззау царды уавæртæ æвыдæй нæ ныууагътой Батырбеджы. Ныфсхаст æмæ тыхджын уæнгтæм баирвæзт æмæ дзы æрбынат кодта уæззау низ. Куыд нæ тох кодта уыимæ дæр, фæлæ зынгзæрдæ революционерæн 1921 азы мин-мин азмæ ныллæууы дзæрдæ йæ куыстæй.
Батырбегæн йæ уацмысты æнæхъæнæй дæр æвдыст цыд йæ зæрдæйы уаг. Цæмæ тырныдта, цæуыл уыд йæ маст, ууыл уыд сисæй дæр йæ тох. Йæ уацмысты ’хсæн сæрмагонд бынат ахсы пьесæ «Параллелтæ». Йæ архайджытæ сты фабрикæйы кусджытæ. Пьесæ амад у карз социалон конфликтыл. Архайджыты ’хсæн кæд ис бирæ быцæудзинæд-тæ, уæддæр автор се ’ппæтæн дæр арæхстджынæй æмбарын кæны, раст чи у æмæ чи рæдийы, уый.
Йæ радзырд «Фыййау Баде» та хъæздыг у литературон æвзагæй. Стæй дзы ирдæй зынынц Ирыстоны тызмæг, фæлæ æмбисонды рæсугъд хæхты алыгъуызон нывтæ. Баде кæд у æрмæстдæр кæйдæр дзугы фыййау, уæддæр — зондджын. Иуран Баде фосы астæу лæугæйæ йæхимид дзуры, зæгъгæ, ацы царды æз ничи дæн, дæн æрмæстдæр фыййау, уымæн æмæ мæнмæ нæй ахуырдзинад. Мæт кæны, йæ бон газеттæ æмæ чингуытæ кæсын кæй нæу, кæй нæ зоны фыссын, ууыл. Ацы хорздзинæдтæй, зæгъгæ, хайджын дæн, уæд мæнæй дæр адæм æвæриккой ныфс, фæрсиккой мæ, цы нæ зонынц, уыдæттæй æмæ сын комбæсты кадджын лæгтау æз дæр амонин зонд. Уыимæ ма сиды æмæ разæнгард кæны ахуыр кæнын, раджы кæмæн нæу, уыцы æмбæстæгтæм, цæмæй сæ сомбоныл ахъуыды кæной, базоной кæсын æмæ фыссын.
Батырбег ма йæ тыхтæ фæлвæрдта æмдзæвгæтæ фыссыныл дæр. Куыд мæм æрыхъуыст, афтæмæй йе ’мдзæвгæтæ дæр уыдысты гъæдджын. Мæгуырау хабæртты ныхмæ æвдыста тохы хъуыдытæ, цин æмæ æнтыстытыл та зарджытæ кодта. О, фæлæ, æвæццæгæн, сæ ныммыхуыр кæныныл нæ тагъд кодта æмæ йын кæмдæр йæ хиуæттæм баззадысты къухфыстæй.
ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.