Бæрнон, ахсджиаг у ахуыргæнæджы дæсныйад. Бирæтæ йæм рабæттынц сæ гæрзтæ, йæ цард рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнынæн радтынмæ, фæлæ йыл алчи нæ фæцалх вæййы, алкæмæн нæ бафты уый йæ къухты, алчи не ссары сабиты зæрдæтæм фæндаг. Къласмæ бахизгæйæ йæм цал æмæ цал цæсты ныккæсы, цал чысыл зæрдæйы цавд æнкъары, уал уды тыххæй хæссы бæрндзинад. Ахуыргæнæг хъуамæ уына, æнкъара, уыцы цæстытæм кæсгæйæ, йæ ахуыргæнинæгтæй алкæйы хъуыды дæр, хъуамæ дзы рафæлгъауа алкæйы зæрдæйы уаг дæр.

Ахуыргæнинæгты раз æрлæугæйæ, уый зын нæ уыд, нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Цхуырбаты Луизæйæн. Уымæн æмæ сывæллæттæм уарзондзинад, мадæлон æвзаджы æхцон хъарм зæлтæм уарзт мады æхсыримæ иумæ ахъардта йе уæнгты. Уый уымæн афтæ загътон, æмæ Цхуырбаты Луизæ райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы районы Зары хъæуы ахуыргæнæг бинонты ‘хсæн. Райдиан кълæсты ахуыргæнгæйæ, йæ ахуыргæнæг уыдис  йæ мад Ольгæ, 6-7-æм кълæсты йын уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг уыд йæ фыдыхо Софья, йæ иннæ фыдыхо Оля уыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Йæ фыд Георги та – скъолайы директор. 8-10-æм кълæсты йын уыд уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг дæр. Уыдон Луизæйыл æвæрдтой ноджы стырдæр хæс. Нæ йын лæвæрдтой уæлбартæ. Йæ мады фæдзæхст уыд, цæмæй хорз ахуыр кæна, кæннод ын бар нæ уыдзæнис, иннæ ахуыргæнинæгтæй æдзæттæйæ чи æрбацæуа, уыдонæн бауайдзæф кæнын. Луизæ, кæстæр кълæсты ахуыр кæнгæйæ, æмбæрста уыцы хъуыддаг æмæ æдзух йæ зæрдыл дардта, мыййаг йе `мбæлттæй исчи куы ахъуыды кодтаид, зæгъгæ йын цы æмбæлд, уымæй хуыздæр нысан нывæрдтой æмæ тырныдта, цæмæй иннæ ахуыргæнинæгтæй фæстæдæр ма лæууыдаид. Æмæ йын уый æнтысгæ дæр кодта. Ахуыр кодта тынг хорз нысæнттыл. Абон дæр ма Луизæйæн йæ зæрдыл хорз лæууы, йæ мад Ольгæ фæсурокты дæр семæ куыд куыста, йæ уд хъардта йæ зонындзинæдтæ сын рæдауæй амоныныл, цæмæй сæ фæстейæ мачи баззадаид йæ ахуырæй. Йæ ныхас-иу арæх уыд: райдиан кълæсты сывæллон фаг зонындзинæдтæ куынæ райса, чиныг чысылæй куынæ бауарза, уæд ын хистæр кълæсты чиныгмæ ахæм уарзт нæ уыдзæн. Уый урокæй урочы ‘хсæн улæфты рæстæг дæр æрбадгæ нæ федтаис. Йемæ хаста судзин æмæ æндах æмæ-иу сывæллæттæй искæмæн йæ хæдоны, йæ костюмы æгънæг куы рахауд, уæд-иу сын сæ бахуыдта. Афтæ йæ хъус дардта се ‘гъдау, се сныхас, сæ уагахастмæ дæр.

Домаг ахуыргæнæг уыдис йæ фыд дæр. Æмæ йæ ахуыргæнинæгтæй алчи дæр архайдта, цæмæй йæ урокмæ æдзæттæйæ ма æрбацыдид. “Æмæ-иу кæд ахæм цау уыд, уæд-иу мæм кæсгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй-иу мæстыйæ ме `рдæм ацамонгæйæ, загъта, зæгъгæ, ды ма сдзуапп кæн!” – æрымысыд Луизæ. Æмæ-иу уый дæр сдзуапп кодта.

«Зын у, тынг зын, дæ иууыл æввахсдæр адæймæгтæ скъолайы дæ ахуыргæнджытæ уой, уый, – йæ ныхас адарддæр кодта Цхуырбиан. – Уымæн æмæ æз кастæн канд ме`мбæлтты цæстæнгасмæ нæ, фæлæ ма æгæрыстæмæй иннæ ахуыргæнджыты цæстытæм дæр. Уыдон дæр афтæ куы ахъуыды кодтаиккой, зæгъгæ, йæ ныййарджыты ныфсæй нæ сахуыр кодта, уымæй тæрсгæйæ, мæхицæн бар нæ лæвæрдтон æмæ ма сахуыр кæнон мæ уроктæ æмæ æдзæттæйæ ацæуон».

Ам ма æнæзæгъгæ нæй уый дæр æмæ  ирон æвзагæн лæггад кæнын сæ царды кæй равзæрстой йæ мадыфсымæртæ Харебаты Димитр æмæ Михаил. Димитр зындгонд гоймаг уыд нæ республикæйы. Уыд педагогон зонæдты кандидат, бирæ азты дæргъы фæкодта рухстауæн куыст. Уыд мадæлон æвзагæй бирæ ахуыргæнæн чингуытæ аразæг. Михаил та йæ амæлæты бонмæ фæкуыста газет “Советон Ирыстон”-ы (ныры “Хурзæрин”-ы.) Æмæ уыдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæбандавгæ нæ фесты Луизæйы удыхъæдыл.

Цхуырбаты Луизæ хъомыл кодта ирд тæлмæнтимæ, тырныдта царды хорздзинæдтæм. Куыд ма загътам, мадæлон æвзагмæ æмæ мадæлон æвзаджы ахуыргæнæджы дæсныйадмæ уарзондзинад, зæгъæн ис, æрдзæй рахаста. Стæй ма йын уыцы уарзондзинады цæхæрсхъауæг фæцис се скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Багаты Феня дæр. Растдæр, уый аив дзырдмæ хъусгæйæ, фæндвидарæй аскъуыддзаг кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг суæвын. Æмæ Зары хъæуы астæуккаг скъола бакæсыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты ирон-уырыссаг факультетмæ. Йе `гъдау, йæ ахуырæй бафæзминаг уыд йе `мбæлттæн. Йæ царды иууыл амондджындæр азтыл нымайы Луизæ йе студентон азтæ. Фæлæ уыдон дæр апæр-пæр кодтой рогбазыр бæлуæттау, æмæ уæдæй фæстæмæ, ныр 42 азы бæрц, йæ хъару, йæ тых снывонд кодта педагогон куыстæн æмæ йæ зонындзинæдтæ рæдауæй амоны ахуыргæнинæгтæн. Ссис сывæллæтты уарзондæр ахуыргæнджытæй сæ иу. Ахæм номы аккаг суæвыны тыххæй та йæ бирæ фыдæбæттæ, бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвитын бахъуыд. Уымæн æмæ ахуыргæнæджы дæсныйад домы бирæ сусæгдзинæдтæ рафæлгъауыны арæхстдзинад. Уыцы арæхстдзинад та ис Луизæмæ æмæ йын æнтыст дæр уымæн ис.

Цхуырбиан æппæт йæ педагогон архайды хорз æмбæрста æмæ æмбары, æндæр предметты ахуыргæнджыты хъауджыдæр ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгыл уæлдай бæрндзинад æвæрд кæй ис рæзгæ фæлтæрмæ национ æнкъарæнтæ æвзæрын æмæ гуырын кæныны хъуыддаджы. Урок амонгæйæ, уый паралеллтæ уадзы уырыссаг æвзагимæ, цæмæй йæ дыууæ æвзагыл дæр хуыздæр бамбарой. Ахæм методæй йын ахуыр кодтой йæхи дæр скъолайы. Фыццаг-иу сахуыр кодта мадæлон æвзаджы урок, стæй-иу æнцондæр уыдис уырыссаг æвзаг сахуыр кæнын дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй советон дуджы фаг хъусдард здæхт нæ цыдис мадæлон æвзагмæ. Иуæй йын цъус сахаттæ лæвæрд цыдис, иннæмæй та мадæлон æвзаджы уроктæ уагъд цыдысты иннæ урокты фæстæ, сывæллæттæ-иу куы бафæлладысты æмæ-иу сæ хъус уынгмæ, хæдзармæ куы дардтой, уæд. Уыимæ-иу сæ кæрæдзимæ фылдæр дзырдтой уырыссагау. Мадæлон æвзагмæ ахæм ахаст Луизæйы зæрдæйæн зын уыд. Фæлæ ныр уавæр бæрæг фæхуыздæр, куыд иумæйагахуырадон скъолаты, афтæ скъолайы агъоммæ уагдæтты дæр. Луизæ йæ разы сæвæрдта ахæм хæс: алы ирон сывæллон дæр хъуамæ ахуыр кæна йæ мадæлон æвзаг, куыд æмбæлы, афтæ. Æмæ сын æй цæмæй тынгдæр бауарзын кæна, уый тыххæй ахуыр кодта ирон адæмы истори, нæ рагфыдæлты фольклорон бынтæ æмæ афтæмæй ахуыргæнинæгты дæр зонгæ кæны семæ. Литературæйы уроктыл уыдоны зонгæ кæны куыд ирон классикты, афтæ нырыккон фысджыты цард æмæ сфæлдыстадимæ, йæ адæмæн кад æмæ ном чи скодта, ахæм зындгонд адæймæгты архайдимæ. Пайда кæны методикон амæлттæй, сорганизаци сын кæны диспуттæ, викторинæтæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Уыдоны руаджы йæ ахуыргæнинæгтæ хуыздæр æргом здахынц   мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ. Куыд урокты, афтæ фæсурокты дæр семæ бакусы, цæмæй сæ уæнгты фылдæр æхсида ирондзинад, хъæздыгдæр æмæ удджындæр кæна сæ дзырд. “Ныртæккæ ахуыргæнинæгтæн мадæлон æвзагæй нæй интернеты руаджы спайда кæныны фадат, уый хыгъд иннæ предметтæй цæттæйæ райс дæ куыст æмæ афтæмæй хъуыды-кæнынад къуыхцы кæны “, – зæгъы катайгæнгæ Луизæ.

Се скъолайы ис ирон æвзаг æмæ литературæйы кабинет, хъæздыг фæлыст у алыгъуызон цæстуынгæ æрмæджытæй, техникон фæрæзтæй. Уыцы æрмæджытæй пайда кæнгæйæ, райрæзы ахуырдзауты цымыдис æмæ уарзондзинад мадæлон æвзагмæ. Арæх семинартæ ауадзы Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæй, йæ публицистикæ æмæ уацмыстæм гæсгæ. Уый фæрцы ахуырдзаутæ бæлвырддæр æмæ хуыздæр базонынц генион поэты цард æмæ сфæлдыстад, арфдæр ын банкъарынц йæ зæрдæйы рис, йæ бæстæйæ-иу цæмæн фæхауæггаг ис, уыдæттæ. Ацы мадзалмæ цæттæ кæнгæйæ, рагагъоммæ бакусынц ахæм темæтыл: “Къостайы сабибонтæ”, “Йæ ныййарджытæ”, “Хасты рæстæг”, “Поэты цæстæнгас поэзи æмæ литературæмæ”, “Къоста-нывгæнæг”. Урокыл фæзæлынц адæмон зарджытæ, æмдзæвгæтæ, техникон фæрæзты фæрцы экраныл æвдыст фæцæуынц алыгъуызон цымыдисон нывтæ.

Цхуырбаты Луизæ йæ иууыл ахсджиагдæр хæстæй сæ иуыл нымайы мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын, нæ адæмы царды йын аккаг бынат ссарын. Цæмæй ахуыргæнинæгтæ дзырдты мидис хуыздæр бамбарой, уый тыххæй сын ауадзы сæрмагонд уроктæ ахæм темæйыл: “Дзырдтæ бахъахъхъæнын æмæ сын сæ мидис райхалын”. Зæгъæм дзырд “æрдхорд”, “ардбахæрд” æмæ æндæртæ. Ахæм дзырдты нысаниуæг амонгæйæ сын радзуры йемæ баст таурæгъ, æмбисонд кæнæ æмдзæвгæ. Ахуыргæнинæгтæ цы чингуытæй ахуыр кæнынц, уыдоны тыххæй та йæ хъуыды у, цæмæй ахуыргæнæн чингуытæм хаст цæуой, æрмæстдæр хъомыладон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм уацмыстæ.

Цхуырбианæн йæ ахуыргæнинæгтæ хайад райсынц ирон æвзагæй уагъдцæуæг олимпиадæты, æндæр æмæ æндæр конкурсты æмæ сын кæддæриддæр вæййы хорз æнтыстытæ.

Цхуырбаты Луизæйы тыххæй йæ хъуыдытæ зæгъы йæ коллегæ Бесаты Лали: “Луизæимæ 6-æм астæуккаг скъолайы рагæй кусæм. Куыд мæ коллегæ, афтæ дзы мæ бон зæгъын у æрмæстдæр иууыл хуыздæр ныхæстæ. У, цæвиттон райсын кæмæй хъæуы, ахæм фæлтæрд ахуыргæнæг. Тынг хорз зоны æмæ уарзы, цы предмет амоны, уый. Ис дзы сывæллæтты хорзæх. Уыд мæ чызджы ахуыргæнæг дæр. Æмæ скъола кæд цыппар азы размæ фæцис каст, уæддæр æй æхсызгонæй æрымысы, стыр аргъ ын кæны. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йæ ахуыргæнинæгты зæрдæтæм фæндаг кæй ары, цæстуарзонæй сын кæй уарзын кæны сæ мадæлон æвзаг. Цхуырбаты чызгæн хорз ахастытæ ис скъолайы иннæ ахуыргæнджытимæ æмæ йын уыдон дæр стыр аргъ кæнынц. Уый æрмæст хорз ахуыргæнæг нæу, фæлæ ма у æгъдауджын æмæ цæсгомджын сылгоймаг дæр. Кæдфæнды дæр балæудзæн дæ фарсмæ. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ Луизæмæ, хæдзармæ бахаугæйæ, кæй разыны хорз фысым дæр. У тынг кæрдзындæттон, цингæнаг».

Лалийы ныхæстæм ма æз бафтаудзынæн уый, æмæ Луизæ канд йæ хæдзармæ уазæджы охыл æрбацæуæгæн нæртон фысым нæ вæййы, фæлæ ма йæ лæггад æххæссы сыхбæстыл дæр. Сæ фарсмæ ис сæ хъыджы æмæ сæ цины рæстæджы дæр.

Луизæ, фæрнджын, ирон æгъдæуттыл хæст бинонты  ‘’хсæн кæй схъомыл æмæ ирон æгъдæуттæм гæсгæ йæ цард кæй аразы, уый хорз зонынц скъолайы педколлектив æмæ йын йæ сæйраг предметæй дарддæр скъолайы дирекци бабар кодта ахуыргæнинæгтæн ирон æгъдæуттæ амонын дæр. Æмæ сæ уый дæр цайдагъ кæны, нæ фыдæлтæй нæм цы хорз æгъдæуттæ æмæ традицитæ æрхæццæ сты, уыдоныл. Афтæ кæй у, уый банысан кодта йæ коллегæ Дыгъуызты Лианæ дæр: “Луизæ тынг хорз зоны ирон адæмон сфæлдыстад, ирон æгъдæуттæ æмæ сæ тынг арæхстджынæй пайда кæны йе ‘рвылбонон царды, амоны сæ цæстуарзонæй рæзгæ фæлтæрæн.”

Цхуырбаты Луизæ йæ ахуыргæнинæгты зæрдæтæм ныккæсын кæй зоны, уымæн ма æвдисæн у, арæх кæй банысан кæны, уыцы хъуыды дæр: “Æцæг ахуыргæнæг скъоладзауæн æрмæст йæ хъæндзинæдтæ ма хъуамæ фиппайа, фæлæ йын уына, уыцы хъæндзинæдты фарсмæ цы хорздзинæдтæ æмбæхст ис, уыдон æмæ сæ хынца. Ахуыргæнæг урокыл хъæр, тæрсын, æртхъирæнтæ макуы хъуамæ кæна ахуырдзаумæ. Цы дзурыс, уый – сабырæй, æнæ схуыстæй. Æвзонг зæрдæйæн нæй сайæн, алцы дæр æнкъары”.

Йæ педагогон архайды тыххæй  Цхуырбаты Луизæйæн лæвæрд æрцыд  РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном, афтæ иумæйаг ахуырады кадджын кусæджы ном дæр. Хорзæхджын ма æрцыд бирæ грамотæтæ æмæ арфæйы гæххæттытæй.

Фæллойы фæндагыл лæуд сты йæ хъæбултæ дæр. Йæ фырт Андрей у хъæддæсны. У, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм дæсны. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ йæм адæм цæуынц, цæмæй сын хæдзарон дзаумæттæ сараза. Йæ чызг Анжелæ та равзæрста йæ мады дæсныйад æмæ ахуыргæнæгæй кусы скъола-интернаты. Уый дæр иумæйаг æвзаг ары йæ ахуыргæнинæгтимæ. Адджынæй, уарзонæй цæры йæ чындз Аннæимæ дæр Луизæ. Кæрæдзи æмбарынц иу ныхасæй дæр. Рухс у йæ зæрдæ йæ кæстæры кæстæртæй дæр.

Райы Луизæйæн йæ зæрдæ йæ цардæй, йæ кæстæртæй, йæ куыстæй, йæ ахуыргæнинæгтæй æмæ, уадз, дарддæр дæр зæрдæрухс цард кæнæд.

            БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.