Бинонтыл фарн æфтауæг, мыггаг, кæстæртæн лæггадгæнæг, уарзт æмæ цинæфтауæг – ахæмæй зыдтой Тедеты Ботазы, кæй æхсæн цардис æмæ йæ царды рæсугьд бонтæ кæимæ æрвыста, уыцы хиуæттæ, æмкусджытæ æмæ æмгæрттæ.

Уыцы хорз миниуджытæ йын Хуыцауæй лæвæрд уыдысты. Уымæ гæсгæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты персайнаг поэт Саадийы ныхæстæ: “А-зæххыл цы хорзæхтæ баззайы, уыдонæй æнусон у æрмæстдæр хорз ном. Уый чи нæ ныууадза йæ фæстæ, уымæй æнамонддæр нæй”. Æмæ, кæд афтæ у, уæд йæ фæстæ хорз ном ныууагъта Тедеты Ботаз дæр. Фæрнæйдзаг адæймаг кæй хонынц, ахæм уыд, уæзбын, хиуылхæцгæ. Æнæууылд ныхас никуы сæппæрстаид йæ дзыхæй. Цардуарзаг, æнæхин æмæ куыстуарзаг рахаста æрдзæй. Куыд алы æвзонг адæймаг, афтæ уый дæр астæуккаг скъола бакæсыны фæстæ бирæ рассæнд-бассæнды уыдис. Стæй уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты физикæ-математикæйы факультетмæ. Баслужбæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты дæр. Уый фæстæ кусын райдыдта Цхинвалы автобустæцалцæггæнæн заводы механикон цехы хистæрæй. Ахуыргæнæджы куыст, кæд стыр хæрзиуæгон хъуыддаг у, уæддæр æрыгон лæппуйы зæрдæйæн хицон нæ разындис. Зæрдæмæ æввахс нæ балæууыд заводы куыст дæр. Æппынфæстаг, Ботаз ссардта, царды йæ ныллæууын кæуыл хъæуы, уыцы фæндаг. Бацыд кусынмæ нæ уæды областы цæрдхъомдæр организацитæй сæ иумæ – 24-æм цæугæ-механизацигонд колоннæмæ æмæ дзы куыста прорабæй. Тедейы фырт хатыд, кæй йын нæ фаг кæнынц аразæджы сæрмагонд зонындзинæдтæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кæнын сфæнд кодта æмæ фæлварæнтæ радта Цæгат Кавказы хæххон-металургион институты сæудæджерадон æмæ æмбæстагон арæзтады факультетмæ. Зæрдæргъæвд лæппу архайдта зонындзинæдты къæбицæй йæ фидæны фæндагмæ стырдæр æргъом рахæссыныл, аразæджы дæсныйад хуыздæр базоныныл, æмæ йын уый æнтысгæ дæр бакодта. Æрдзæй – сæрæн, фæразон, зонындзинæдтæм – тырнæг, фæллойуарзаг кæй рахаста, уыцы миниуджытæ йын тынг баххуыс сты йæ царды. Дыккаг диплом райсыны фæстæ дысвæлдæхтæй бавнæлдта йæ хæстæ æххæст кæнынмæ æмæ цыбыр рæстæгмæ ссис куысты хъазуатон. 24-æм цæугæ-механизацигонд колоннæйы кусгæйæ, уый бирæ хæттыты ссис соцерысы уæлахиздзау. Ботаз арæзта хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы объекттæ. Уыцы азты та, ома, 1970-1980 азты, стыр арæзтæдтæ цыдис куыд горæты, афтæ хъæуты дæр. Цы объекттæ сарæзта, уыдоны æхсæн уыдысты Уанаты фоснардгæнæн комплекс, Аунеуы маргъдарды фабрикæ, ставд фосæн скъæттæ Аунеу, Уанат, Хъемулта, Итрапис æмæ æндæр хъæуты. Арæзт ма æрцыдысты æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ æмæ уыимæ Ботаз йæ бавæрд хаста хъæууон хæдзарады кондад  райтынг кæнынмæ.

1980 азы Ботаз кусын райдыдта “Курортарæзтад”-ы хистæрæй æмæ сæйраджыдæр кодтой цалцæггæнæн куыстытæ. Кæд дзы дыууæ азы йеддæмæ нæ бакуыста, уæддæр организацийæн йæ разамындæй бирæ саразын бантыст. Цалцæг кодтой Дзауы санаторийы, Мзиугомы, Къозы, Цхинвалы турбазæты, Тулдзы къохы ногдзауты лагеры, зæрæдтæ æмæ инвалидты бæстыхæйттæ æмæ æндæр объекттæ. Фæстæдæр, коммуналон хæдзарады арæзтадонцалцæггæнæн управленийы сæйраг инженерæй кусын куы райдыдта, уæддæр сæ организаци, йæ номæй дæр куыд бæрæг у, афтæмæй сæйраджыдæр æххæст кодта цалцæггæнæн куыстытæ. Стæй та цалцæг кодтой рухсады, æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттæ, афтæ ма уæды областы æндæр æмæ æндæр объекттæ дæр.

Тедейы фырт йе `мкусджытимæ дæр арæхст иумæйаг æвзаг ссарынмæ. Уарзтой йæ. Уый та уыцы уарзондзинадæн  дзуапп лæвæрдта æнæлаз, æнæаипп куыстæй. Уæды разамынад йæ хъус дардта Ботазы æрмдзæфмæ. Сæ зæрдæмæ цыд, йæ арæхстджын æмæ бæстон куыст. Йе ‘мкусджытæ дæр зыдтой, Ботаз дын куыд зæрдæбынæй баххуыс кæна, канд йæ зонындзинæдтæй нæ, фæлæ удæй дæр, афтæ ничи. Æмæ йæм цыдысты, йемæ уынаффæ кодтой. Чысыл сывæллонау цин кодта, цы объекттæ арæзтой, уыдоныл. Цин кодта уымæн, æмæ махæй алчи дæр, зæххы чъылдымыл цæргæйæ, уадзы йæхи фæд. Чи – хорз, чи та – æвзæр. Хорз фæд уадзгæйæ дæр алкæмæн уыдон иугъуызон нæ разынынц. Иутæн сæ бакæнгæ арфæйаг хъуыддæгтæн цæстæй фенæн нæ вæййы, нæ сын вæййы басгарæн. Ацы хъуыддаджы иууыл амондджындæр, æвæццæгæн аразæг у. Сарæзтай цавæрдæр нысаниуæджы объект æмæ цыртдзæвæнау лæууы.

Ботаз цы арæзта, уый  – бæстон, хæрзхъæд  æмæ лæмбынæг. Афтæ алы объект аразгæйæ дæр уагъта рæсугъд фæд æмæ йæ æндæр професситы хъауджыдæр, уымæн равзæрста Ботаз.

Тедеты Ботаз ма куыста республикæйы фæндæгты управленийы кондадон хайады хистæрæй дæр. Арæзта Алагиры арæзтадон æрмæджытæ уадзæн завод. 1995 азæй фæстæмæ та куыста Цхинвалы районы сæйраг архитекторæй. Кæмфæнды ма куыстаид Ботаз – алы ран дæр æй уыд йе ‘мкусджыты хорзæх. Æхсæнады хъуыддæгтæй дæр йæхи иуварс никуы аласта. Йæ адæмы бартыл сдзурын кæм хъуыд, ирон æгъдау, æфсарм, лæджыхъæд равдисын, хъуыддагæй баххуыс кæнын, уым æй ничи амбылдтаид. Хорзæн та йæ фæд дардмæ зыны.

Уæды  областы разамынад аккаг аргъ скодта Ботазы куыстæн. Йæ зæрдиаг, æнæсайд, бæстон куыстыты тыххæй йын бирæ хæттыты саккаг кодтой Кады грамотæтæ, Арфæйы гæххæттытæ. Фæлæ зæххæнкъуысты æмæ хæсты азарæй куы ныппырх сты, стыр разæнгардæй кæй сарæзтой, уыцы бæстыхæйттæ, уæд фæрыст Ботазы зæрдæ. Фæлæ цы йæ бон уыд.

Тедеты Ботазæн мах æрдзырдтам йæ фæллойадон архайдыл, фæлæ ма мæн æрдзурын фæнды, уымæн ма æндæр цард кæй уыд, уый тыххæй дæр. Уый та кодта аивады. Сабибонтæй фæстæмæ æрцард кафты аивадмæ уарзондзинад йæ зæрдæйы. Æмæ уый æнæнхъæлæджы нæ уыд. Нæ адæмæн хорз зындгонд уыд йæ хистæр æфсымæр, Гуырдзыстоны сгуыхт артист Тедеты Георги. Аивадмæ сгуыхт уыдис сæ фыд дæр. Хъазты, куывды, кæнæ чындзæхсæвы-иу куы ракафыд, уæд-иу ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Афтæмæй арæзтадæй æнæиппæрдæй, Ботаз архайдта фольклорон ансамбль “ИР”-ы, цыран аст азы дæргъы уый уыд солист. Ансамбль канд Хуссар Ирыстоны цæрджытæн не `вдыста концерттæ, фæлæ ма гастролты цыдис Цæгат Ирыстонмæ, Кæсæг-Балхъармæ, Краснодары æмæ Ставраполы крайтæм, афтæ Мæскуымæ дæр. Хайад истой æндæр æмæ æндæр фестивалты æмæ дзы Ботаз дыууæ хатты ссис лауреат. Уый ма ансамблы сконды уæвгæйæ, 1989 азы Бельгийы æмæ 1993 азы та Швейцарийы хайад иста дунеон фестивалты æмæ дыууæ ран дæр бацахста дыккаг бынæттæ.

Тедеты Ботаз царды дæр цæстуарзон уыд. Райгонд уыд йæ куыст, йæ цардæй æмæ йæ уый ноджыдæр разæнгард кодта ног, хуыздæр хъуыддæгтæ аразынмæ.

Ныр дыууиссæдз боны не ‘хсæн нал ис Ботаз. Æгъатыр мæлæт æмæ йыл удхæссæг фæуæлахиз сты æмæ йæ 80 азы куыддæр йæхирдыгæй фесты, афтæ ахицæн йæ зæххон цардæй. Нæ горæты Островскийы уынджы 88-æм бирæуæладзыгон хæдзары цард. Йæ бинойнаг Цхуырбаты Надяимæ дæр хъарм æмæ дзадджын хæдзар уым скодтой. Сæ дыууæ хъæбулы Вадим æмæ Тамарæ дæр уым байрæзтысты. Ирон æгъдау æмæ сæ æфсармыл дæр уым сахуыр кодтой. Фарны къах сæм цы чындз бавæрдта – Инна, уымæ дæр хъæбулы цæстæй уым ракастысты. Сæ хъæбулты хъæбулты дæр уым ауызтой.

Царды хорздзинад ракæнын йæ сæйраг нысан уыд Ботазæн. Парахат зæрдæйы хицау, æргомдзырд адæймаг уыд. Æнæ раарфæ кæнгæйæ, æнæ афæрсгæйæ, йæ сыхæгтæй никæй иувæрсты ахызтаид.

Абон кæд Ботаз не ‘хсæн нал ис, уæддæр йæ кад æмæ йæ рухс ном баззадысты, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты æмæ мысынады. Йæ фарн та йын дарддæр кадимæ хæссы йæ хæдзары фидар цæджындз, йæ фырт Вадим. Уый дæр нæ паддзахадон университеты ректор уæвгæйæ, стыр фæд уадзы, бирæ аразы студентты ахуыр-хъомыладон куыст хуыздæр  кæныны. Афтæ у, хорзæн йæ фæд никуы сæфы.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.