Хорз у ивгъуыд рæстæгыл хъуыды кæнын æмæ йæ æхцонæн мысын. Уым баззайы царды бирæ хорздзинæдтæ, раппæлинаг хъуыддæгтæ. Уыдоныл сæ рæстæджы æвæллайгæ æмæ дысæсчъилæй куыстой æмæ фæллой кодтой, фидæны амонджындæр æмæ рухс цардарæзтыл чи хъуыды кодта, нæ уыцы хистæр кары адæм. Сæ бæллиц æмæ тырнындзинад уыд, цæмæй кæстæртæн сæ цард уа зæрдæйы фæндиаг, адæмтæ цæрой æмуд æмæ кæрæдзи уарзгæйæ, сæ сæрмæ арв уа сыгъдæг æмæ æхсæнадон куысты та исой активон хайад. О, куыд нæ уыд хорз æмæ раппæлинаг  ивгъуыд царды   рæстæг,  адæй-маджы  хъуыддаджы фæдыл кæдæмдæриддæр хъуыд балцы ацæуын, уым йæ ацæуæнтæ æх-гæд никуы уыдысты, æдыхст, сæрибар æмæ æдас уыд дæ фæндаг. Алы хорз хъуыддагæн дæр уыд бакæнæн, сæххæстгæнæн. Уыдæттæн та хистæр кары адæм сæхæдæг сты æвдисæн.

Мæ разы ис партийы Хуссар Ирыстоны обкомы æмæ адæмон депутатты областон советы орган-газет «Советон Ирыстон»-ы 1968 азы 11 сентябры номыр, уæд газетæн рацыд йæ дæсминæм номыр. Ногæй та йыл мæ цæст хæссын, æмæ мын цыма ныры дуджы раппæлинаг цаутыл дзуры, афтæ дзы мæ дойны сæттын. «Советон Ирыстон»-æн дæр сабыр рæстæджы йæ ацæуæнтæ æнцон æмæ лæгъз уыдысты, ирон дзырд скъæфта нæ раздæры хъомысджын бæстæйы алы кæрæттæм, йæ кæсджытæ йæм æнхъæлмæ кастысты зæрдиагæй. Иугæр сæм фæзынд, уæд сыл цыма хуры хъарм тынтæ сæхи асæрфтой, афтæ-иу фесты йæ фендæй æмæ дзы кастысты зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг цаутæ.

Мæ цæст дарддæр хæссын ацы номырыл, мæнæ дзы ис, «Советон Ирыстон» бæстæйы цы бынæт-тæм хæццæ кодта, кæмыты йæ кастысты, уый тыххæй картæ. Сты дзы æввахс æмæ дард горæттæ, куыд зæгъæм, Сухум æмæ Мæс-куы, Тбилис æмæ Архангельск, Бако æмæ Ленинград, Горький, Белгород, Алма-Ата, Волгоград, Курган, Норильск, Фрунзе, Кишинев, Киев, Минск æмæ æндæртæ. Æмæ æрвылбон дæр, урс бæлуæттау тахтысты ацы горæтты ирон кæсджытæм, ницы ныхдуртæ йын уыд, æхсызгонæй-иу ыл сæмбæлдысты, Ирыстонæй æндæр рæтты йæ царды бонтæ чи æрвыста, уыдон. Æвæдза, цас тавс-иу æрбакалд уыцы ирон æмбæстæгтæм, йæ уарзон мадæлон æвзагыл-иу газет йæ къухмæ куы райста, уæд! Уымæн, газет кæсгæйæ, æнæмæнг йæ цæстытыл ауадаиккой Ирыстоны цъитиджын хæхтæ, дæлвæз бынæттæ, йæ сабийы бонтæ, рæз кæм схаста, уыцы уарзон къуым, зонгæ æмæ æнæзонгæ адæм. Цас уыдысты уыцы мыхуыры хæлæрттæ, цас! Кæд сæ хъысмæты фæндонмæ гæсгæ уарзон къуымæй дард, æндæр бынæтты сæ цард æрвыстой, уæддæр уд æмæ зæрдæйæ сæ уарзон къуымимæ фидар тæгтæй баст уыдысты. Цæвиттон æрхæсдзынæн, йæ фыд цъунайраг кæмæн уыд, йæхæдæг та Сталиниры чи схъомыл, уыцы ахуыргонд Мамиты Герасæй. Мамийы фырт ирондзинадыл тынг хæцы, демæ куы ныхас кæна, уæд дзы æндæр æвзагæй хæснагæн дæр иу дзырд не схаудзæн, йæ мыггаг дæр фыст у иронау. Ацы диссаджы адæймаг уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ дзæвгар азты фæкуыста Белорусы горæттæй иуы уæлдæр ахуыргæнæндоны. Уый афтæ æнувыд у ирон мыхуырыл, æмæ æрвылаз дæр иста æмæ каст «Советон Ирыстон», журнал «Фидиуæг», афтæ Цæгат Ирыстоны уагъдцæуæг ирон мыхуыры фæрæзтæ. Мамийы фырт къорд азты та кусы Дзæу-джыхъæуы Хæххон агроуниверситеты æмæ абоны онг дæр иузæрдион у ирон мыхуыры дзырдыл. Фæлæ йын тынг зын у, Хуссар Ирыстоны уагъдцæуæг газет «Хурзæрин»-æн, æгæрыстæмæй, Цæгат Ирыстонмæ дæр рафыссæн кæй нал ис, уый. Æвæццæгæн, ахæм патриот æмбæстæгты хъæуы бафæзмын, цæмæй рæза æмæ фидар кæна ирон æвзаг, йæ ахадындзинад та æндæр адæмты ‘хсæн кæна бæрзонддæр.

Цæр  æмæ  фидардæр кæн, «Хурзæрин», дæ фæндаг кæддæриддæр уæд даргъ æмæ уæрæх!

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.