Æрæджы нæм редакцимæ фæуазæг Хуссар Ирыстонæй рацæугæ, ныртæккæ Дзæуджыхъæуы цæрæг, Джиоты мыггаджы фонды сæргълæууæг Джиоты Давид. Уый йæ Райгуырæн бæстæмæ афтид къухæй не ’рцыд. Йе ’рвад Джиоты Георгийы æххуысы фæрцы, Хуссар Ирыстонмæ æрласта 50 канцелярон æмбырды (набор) горæт Цхинвалы, Ленингоры æмæ Дзауы поселокты уæвæг скъола-интернатты ахуыргæнинæгтæн. Афтæ ма цалдæр æмбырды та лæвæрд æрцыдысты фæкæсынхъуаг бинонтæн.

Джиоты мыггаджы фонд уæвынад кæны ныр æртæ азы, æмæ уыцы рæстæгмæ баххуыс кодта дæсгай æххуысхъуаг адæймæгтæн, иу командæмæ æрбамбырд кодта æппæт дунейæ мыггаджы минæвæртты. Æрвылаз дæр саразы план азы дæргъы сæ цы куыстытæ саразын хъæудзæн, уый тыххæй. Цыбыр рæстæгмæ фонд фехъусын кодта йæхи тыххæй, æрæмбырд кодта Джиоты мыггаджы мингай минæвæртты æмæ сæ дарддæр дæр æмбырд кæны.

Джиоты Давид райгуырд горæт Цхинвалы, у Знауыры районы Теботы хъæуæй рацæугæ. Фæлæ фæстаг азты цæры Цæгат Ирыстон-Аланийы. Астæуккаг скъола дæр каст фæцис Дзæуджыхъæуы. Уый фæстæ ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны ХИПУ-йы юридикон факультеты, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæцис бæрæг аххосæг-тæм гæсгæ. Ныр Давид фæнд кæны йæ ахуыр ногæй адарддæр кæ-нын ХИПУ-йы юридикон факультеты. Сæрмагондæй йæхицæй рацыд Джиоты мыггаджы фонд саразыны идея. «Мæ царды мын уыд уæззау рæстæджытæ, хъысмæты фæндонмæ гæсгæ мæ цалдæр хатты бахъуыд уæззау фыдæвзарæнтыл рацæуын. Уыимæ иумæ ма, инфарктимæ бахаудтæн рынчындонмæ. Хос кæныны рæстæджы мæм медицинон кусджыты ’рдыгæй уыд хъарм ахаст æмæ мæ уый ногæй акæсын кодта мæ цардвæндагмæ», — радзырдта Джиоты Давид.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæм рычындоны уæвгæйæ иу боны дæргъы медицинон кусджытæй бабæрæг кодтой аст адæймаджы æмæ йæм лæвæрдтой иугъуызон фарст: «Ам Джиотæй чи ис?», — зæгъгæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ уыдон иууылдæр разындысты йæ мыггагæй. Куы йæ базыдтой рынчындоны Джиойы фырт хуыссы, уæд æм цæуын райдыдтой æмæ йын алчидæр дзырдта, зæгъгæ, кæд дæ исты æххуыс хъæуы, уæд табуафси, зæгъ нын æй, æппындæр ма æфсæрмы кæн. «Хуыцауы æххуысæй ме ‘нæниздзинад бонæй бон хуыздæр кодта æмæ уæд бамбæрстон, уый мæ дыккаг райгуырд кæй у, уый. Хъуыды кодтон, зæгъгæ, мын Хуыцау цæрынæн радта ноджыдæр иу шанс æмæ хъуамæ райдайон ног цард, мæхимæ ссарон тыхтæ хорздзинад аразыны тыххæй, æппæт тыхтæй дæр бацархайон, цæмæй мæ хъысмæт мачиуал сфæлхатт кæ-на. Æндæргъуызон æй бамбарæн нæ уыд æмæ абон адæмæн кæй æххуыс кæнын, уыцы уынаффæ кæй райстон, ууыл фæсмон никуы ма фæкодтон», — банысан кодта уый. Рынчындонæй йæ куы рафыстой, уæд моралон æгъдауæй цæттæ уыд хæрзаудындзинадæй архайынæн. Рынчындоны йæ иу боны мидæг йæ мыггагæй аст адæймаджы кæй бабæрæг кодтой, уыцы факт æй сразæнгард кодта Джиоты мыггаджы фонд саразынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ фонд саразыны фæдыл йæ хъуыды загъта мыггаджы хистæр лæгтæн æмæ уыдон дæр рахæцыдысты йæ идейæйы æвварс. Уайтагъд йæхицæн сбæрæг кодта фонды форматы тыххæй: æнæмæнгхъæуæг уыд æххуысхъуаг æмæ рынчын адæймæгтæн æххуыс сорганизаци кæныны фæдыл акцент саразын, афтæ ма курдиатджын адæймæгтæн сæ архайды алы фадгуыты æххуыс кæнын.

«Джиоты мыггаг Ирыстоны у иууыл стырдæр мыггаг. Нæ мыггагæй бирæтæ цæрынц дунейы алы къуымты. Уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтон мыггаджы сайт саразын æмæ фонд срегистраци кæ-нын, кæцы ахъаз кодтаид Джиоты мыггаджы минæвæртты æрбаиу кæнынæн. Афтæ райдыдта фонд саразыны фыццаг этап, идейæты æмæ плæнтты реализаци, цыран активон хайад истой ме ’мхъуыдыгæнджытæ, кæцыты нымæц бонæй-бон фылдæр кæны. Æмæ уый та у тынг ахсджиаг нæ фонды куыстæн», — загъта уый.

Фонд йæ куысты рæстæджы баххуыс кодта дæсгай адæймæгтæн. Кæны алыгъуызон æххуыс — хостæ æмæ продукттæ балхæнынæй суанг ахуыры тыххæй æхцайы фæрæзтæ бафидыны онг, куысты бынатæй сифтонг кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Фонды куысты сæйраг фронт

Информаци апарахат кæныны социалон хызæгты нысаниуæг æмбаргæйæ, фонды организатортæ сарæзтой мыггаджы сайт, цыран æвæрд цæуы информаци Джиоты мыггаджы зынгæ минæвæртты тыххæй, кæцытæн сæ къухты бафтыдысты бæрæг æнтыстытæ царды алы фадгуыты. «Уыимæ ма мах сайты сæвæрдтам Джиоты мыггаджы тыххæй ахæм факттæ, кæцытæ уый размæ мыхуыр никуы ма уыдысты. Афтæ ма фæрстæ бакодтам социалон хызæгтæ Фейсбук, Инстаграм æмæ æндæр ресурсты. Абон махæн ис Джиоты мыггагæй бирæ рафысджытæ, кæцытæ цæрынц дунейы алы бæстæты. Фæрстыл мах мыхуыр кæнæм æрмæджытæ æрмæст мыггаджы минæвæртты тыххæй нæ, фæлæ ма æххуысхъуаг адæмæн æхцайы фæрæзтæй баххуыс кæныны фæдыл информаци дæр. Уыимæ оперативонæй сæвæрæм бахардзгонд финансон хыгъд. Фонд кæны иухаттон æмæ æдзухон æххуыс. Регулярон æгъдауæй æххуыс кæнæм уæззау рынчын сывæллонæн. Афтæ ма æдзухон æххуыс кодтам иунæг инвалидæн, фæлæ, хъыгагæн, уый цардæй ахицæн иу къуырийы размæ», — загъта фонды сæргълæууæг.

Социалон хызæгты фæрстыл фонд арæх фехъусын кæны мате-риалон æххуыс æмбырд кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй æмæ йæ бон кæмæн цас вæййы, уыйбæрц баххуыс кæнынц. Иуæй-иутæ та æппынæдзух дæр хынцынц чысыл суммæтæ. «Вæййы афтæ дæр æмæ нын фæрæзтæ фаг нæ вæййы искæмæн баххуыс кæнынæн æмæ уæд лæппутимæ азилæм Джиоты мыггаджы минæвæрттыл, фæдзурæм сæм æмæ афтæмæй капекгай æрæмбырд кæнæм æхцатæ, цæмæй ма бафæстиат кæнæм. Нæ фарсмæ æрбалæууынц æрмæст Джиотæ нæ, фæлæ æндæр мыггæгты минæвæрттæ дæр. Уыдис ахæм цау æмæ чысыл чызгæн операци саразыны тыххæй хъуыд æрæмбырд кæнын 180 мин сомы. Фейсбукы хъусинаг куы сæвæрдтам, уæд нæм фæдзырдта нæ хæлар æмæ уайтагъд дæр нæ фондмæ ахынцыдта хъæуæг суммæ. Уыцы адæймагæн ницы ахаст ис Джиоты мыггагмæ, фæлæ равдыста стыр адæймагдзинад. Ахæм факттæ нæ практикæйы арæх вæййы. Хъыгагæн, вæййы афтæ дæр, æмæ нæ бон не свæййы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд кæнын. Фæлæ, уæддæр алы цауы дæр архайæм нæ бон куыд у, нæ къух нæ куыд амоны, афтæ», — радзырдта нын Джиоты Давид.

Бузныг сæ сты сæ хæрзаудæн æххуысы тыххæй

«Фонды хæрзаудæн миссийæн стыр æххуыс кæны Цæгат Ирыстон-Аланийы фæсивæдон парламенты сæрдар Джиоты Георги. Номхуындæй, йæ сæрмагонд хъæппæрис æмæ æххуысы фæрцы цалдæр хатты Хуссар Ирыстоны скъола-интернаттæн æрластам скъолайон дзаумæттæ. Афтæ ма баххуыс кæны продукттæй дæр æххуысхъуаг бинонтæн. Иннæ меценат та у Джиоты Аэлитæ, Джиоты Аланы (Парпаты) хо, кæцы нын продукттæй æххуыс кæны æппынæдзух дæр. Афтæ никуы уыд æмæ йæм бахатыдыстæм æмæ нын нæ къух нæ сарæзта. Коронавирусы пандемийы рæстæджы дæр мах æнæ хъусдардæй нæ ныууагътам иунæг æххуысхъуаг адæймаджы дæр. Тырныдтам уæззау уавæры чи бахаудта, уыдонæн продукттæ, хостæй, æхцайæ баххуыс кæнынмæ. Æмæ нын ацы фарсты стыр æххуыс бакодтой Джиоты Георги æмæ Аэлитæ», — банысан кодта фонды сæргълæууæг.

Дзæуджыхъæуы мемориалон комплекс «Барбашово поле»-йы мыггаджы минæвæртты æххуысæй æвæрд æрцыдысты Джиоты мыггагæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ æмæ хайадисджыты нывтимæ баннертæ. Афтæ ма организаци кæнынц мыггаджы минæвæрттимæ фембæлдтытæ, кæнынц сын адресон æмæ коллективон æххуыс. Уымæй дарддæр ма фонд кæны рухсадон куыст дæр. Авторы баррайстæй ногæй мыхуыры рауагътой чиныг 19-æм æнусы кæрон — 20-æм æнусы райдианы æхсæнадон-культурон архайæг Джиоты Порайы цардвæндаг æмæ архайды тыххæй.

Фонд уæрæхдæр кæны йæ фадæттæ, фæлæ йæ сæйраг нысан у мыггаджы минæвæртты æрбаиу кæнын.

«Мæ алыварс цы адæм æрбамбырд сты, уыдонæй алкæцы дæр тырны йæ хайбавæрд хæрзаудæн акцитæм бахæссынмæ: чи баххуыс кæны транспортæй, чи æхцайæ, чи физикон тыхæй æмæ афтæ дарддæр. Фондмæ адæм бахатынц алыгъуызон куырдиæттимæ — кæй медицинон æххуыс фæхъæуы, кæмæн та куысты бынат нæ вæййы. Вæййы афтæ дæр, æмæ сын мах баххуыс кæнæм, вазыгджын уавæрæй рахизыны тыххæй бахатæм æмбæлон инстанцитæм. Æрвылаз дæр фонд йæ разы æрæвæры бæрæг нысæнттæ. Ацы аз фæнд кæнæм Джиоты мыггагыл фильм сисын. Проекты аргъ у 160 мин сомы. Ны-ридæгæн æрæмбырд кодтам 100 мин сомы. Фæнды нæ цæмæй фæззæгмæ фильм рацæуа, уы-мæй дарддæр ма ацы аз хъуамæ рауадзæм чиныг Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Джиоты мыггагæй хайад чи иста, уыдоны тыххæй. Ныридæгæн æрæмбырд кодтам 167 биографийы, дарддæр дæр информаци æмбырд кæнæм. Рагæй бæллыдтæн ахæм чиныг рауадзынмæ æмæ мæ ныфс ис, ацы аз рухс кæй фендзæн, уымæй. Фидæны план кæнæм чиныг баххæст кæнын мыггаджы историйæ. Æппынæдзухон контакттæ мын ис куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны цæрæг мыггаджы минæвæрттимæ, кæцытæ мæ фарсмæ æрбалæууынц алы фарст аскъуыддзаг кæныны дæр. Цхинвайлаг Джиотæ дæр нын æххуыс кæнынц активонæй. Æввахс фидæны фæнд кæнæм Хуссар Ирыстоны дæр официалонæй Джиоты мыггаджы фонд срегистраци кæнын», — радзырдта Джиоты Давид.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй стыр бузныг у Джиоты Иринæйæ (Цъонæй рацæугæ). Йæ ныхæстæм гæсгæ Джиоты мыггаджы фонд сарæзтой иумæ. Уымæй дарддæр ма сылгоймаджы сæртæг уæхсчытыл æрæнцад социалон хызæгты æппæт информацион куыст, афтæ ма архайы финансон фарстыты дæр. Давид куыд фæдзуры, уымæ гæсгæ хъæуы хорздзинад аразын, уымæн æмæ уæд дуне уыдзæн хуыздæр æмæ рæсугъддæр.

Джиоты Давид бахатыд Джиоты мыггаджы минæвæрттæм æмæ сæ хиуæттæм, цæмæй йæм æрбарвитой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты тыххæй æрмæджытæ чиныг рауадзыны тыххæй, цыран мыхуыр æрцæудзысты ветеранты къамтæ æмæ биографитæ.

Контактон телефон: 8 928 482 27 94.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.