5 октябрь – Ахуыргæнæджы бон

 

Нæ размæдзыд дуджы бирæ алыгъуызон дæсныйæдтæ ис, фæлæ алкæмæн нæ бантысы йæ дæсныйады стыр бæрзæндтæм сисын. Цæвиттон, нывгæн-джытæ, фысджытæ, зонадон кусджытæ, сценæйы дæснытæ, бирæ сты, фæлæ сæ стыр зындгонд адæймæгтæ стæмтæ свæййынц. Афтæ у ахуыргæнæджы дæсныйад дæр. Нæ республикæйы скъолаты мингай ахуыргæнджытæ кусынц, фæлæ сæ педагогон архайды стыр æнтыстытæ кæмæн бафтыд, адæмæн зындгонд чи систы сæ æнувыд куыстæй, ахæмтæ тынг бирæ не сты.

Уыдонæй сæ иу æнæдызæрдыгæй у нæ горæты 5-æм скъолайы директор, РХИ-йы адæмон ахуыргæнæг Бестауты Азæ Александры чызг.

Скъолайы коллективы къухдариуæггæнæг бирæ азты дæргъы кæй у, ахæм кадджын ном ын лæвæрд кæй æрцыд, æрмæст уыдон дæр дзурæг сты Бестауты чызгæн йæ æнтысгæ педагогон архайдыл æмæ коллективæн арæхстджын разамынд кæныныл.

Ахуыргæнæджы куыстмæ уарзондзинад æрдзæй рахаста Азæ æмæ йæ бæллиц та сæххæст, Хуссар Ирыстоны Паддзахадон педагогон институтмæ химион-биологион факультетмæ куы бацыдис ахуыр кæнынмæ, уæд. Институты ахуыр кæнгæйæ, уый цæвиттойнаг уыд, канд ахуырæй нæ, фæлæ æхсæнадон хъуыддæгты дæр, активон хайад иста уæлдæр  ахуыргæнæндоны æхсæнадон царды. Уыимæ уыд Фæскомцæдисы Цхинвалы горæтон комитеты инструктор дæр, каст фæцис Бакойы Фæскомцæдисы курсытæ.

Уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ Азæйæн райдыдта йæ фæллойадон архайд рæзгæ фæсивæды хъомыл кæныны. Вазыгджын, фæлæ ахсджиаг хъуыддаджы. Райдианы куыста пионерты хистæр раздзогæй. 1970-æм азы кусынмæ бацыд скъолайæн æмæ къласæн æддейæ хъомыладон куысты организаторæй Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъоламæ. Уыцы азты йæ райстой компартийы рæнхъытæм æмæ уæдæй фæстæмæ сæрыстырæй хæссы коммунисты ном.

Азæйæн, 46 азы размæ ацы скъолайы къæсæрæй йæ къах бавæргæйæ, рацыд скъолайы æппæт къæпхæнтыл дæр æмæ ныр 20 азæй фылдæр та у йæ директор. Афтæмæй Азæ æппæт йæ æмбаргæ цард сбаста ацы скъолаимæ, рæзгæ фæлтæры ахуыр-хъомыладон куыстимæ. Уыимæ кодта æмæ абон дæр кæны активон æхсæнадон куыст, æдзух ис адæмимæ, сывæллæттимæ. Уый кæддæриддæр хистæртимæ вæййы хистæр, кæстæртимæ та – кæстæр.

Куыд директор, афтæ Бестауты Азæ ахсджиаг нысаниуæг дæтты æмæ архайы, цæмæй коллектив уа æнгом, тырны, цæмæй алы ахуыргæнинаг дæр йе ‘взыгъд-дзинæдтæ раргом уой, аргъ кæны ахуыргæнæгæн куыд гоймагæн, тырны, цæмæй сын ахуыр-хъомыладон куысты уа æмбæлон уавæртæ. Алы ахуыргæнæгæн дæр Азæ у куыд хæлар, æмгар, афтæ, фæлæ уыимæ у домаг æмæ сын æнтысы зындзинæдтæ иуварс кæнын, æнтыстытæ къухты æфтын кæнын.

Ахуыры хъуыддаджы ныййарджытæн ахсджиаг нысаниуæг кæй ис, уый хорз æмбаргæйæ, Азæ архайы, цæмæй семæ скъолайæн уа фидар æмæ хуыздæр бастдзинæдтæ, уæлдай стырдæр хъусдард здахы, зын уавæрты чи бахауынц, уыцы ахуыргæнинæгты ныййарджытæм. Уый арæх ныййарджыты æмбырдты семæ æрныхас кæны идейон-хæрзæгъдауон, партион æмæ æндæр темæтыл.

Скъолайы Бестауты Азæйы разамындæй стыр куыст цæуы ахуырдзау фæсивæды æппæтфарсон рæзты фæдыл. Ам арæх сорганизаци кæнынц хæсты æмæ куысты ветерантимæ, аивады архайджытимæ фембæлдтытæ. Фæлæ уæддæр Бестауты Азæйæн сæйрагдæр у, куыд ахуыргæнæг, афтæ уроктæм цæттæ кæныны æмæ йын ам та йæ къух аразы куысты райсгæ стыр фæлтæрддзинад, уымæ гæсгæ йæ уроктæ кæд-дæриддæр вæййынц нысанмæздæхт æмæ мидисджын, уыимæ арæх байхъусы æндæр ахуыр-гæнджыты уроктæм æмæ сын анализ саразынц.

Æппæт уыдæттæ дæттынц хорз фæстиуджытæ. Скъолайы рауагъдонтæй бирæтæ хор-зæхджын æрцæуынц сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæй. Уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынц сæ 95 %.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæ бацахсынц призон бынæттæ, куыд спортивон, афтæ интеллектуалон мадзæлтты дæр. сфæлдыстадмæ æвзыгъддæр ахуыргæнинæгтæ хайад райсынц зонадон сфæлдыстадон конференциты.

Скъола сæрыстыр у йæ бирæ рауагъдонтæй. Уыдоны ‘хсæн сты зынгæ зонадон кусджытæ, юристтæ, аивады æмæ спорты архайджытæ, медицинæйы къабазы кусджытæ, хицауады бæрнон кусджытæ. Ацы скъолайы рауагъдон у РХИ-йы раздæры президент Кокойты Эдуард дæр.

Йæ разамындæй хъæздыг æрмæг æрæмбырд кодтой скъолайы историйы фæдыл. Уыдон сты грамотæтæ, кубоктæ, нывтæ. Скъолайыл 50 азы сæххæсты бонмæ ам арæзт æрцыдысты бирæ алыгъуызон стендтæ.

Бестауты Азæ æрвылаз дæр ауадзы гом уроктæ, къласæн æддейæ мадзæлттæ, раныхас кæны алыгъуызон конференциты, алыгъуызон теоретикон æмæ практикон фарстыты фæдыл йæ коллегæты фæзонгæ кæны йæ фæлтæрддзинадимæ. Куыд нæ республикæйы æппæт цæрджытæ, афтæ Азæ дæр бавзæрста дыууын азы дæргъы æппæт хъизæмæрттæ дæр. Уыцы уæззау азты скъолайы коллективы сæргъ лæугæйæ, уый никуыдæм ацыд. Уый нæ, фæлæ ма йе скъолайы кæрты ссис иумæйаг уæлмæрд рай-гуырæн бæстæйы фæмардуæвæг хъахъхъæнджытæн. Ам-иу цыдысты фыдохы мадзæлттæ дæр æмæ æппæт уыдæттæ та æнæбандавгæ нæ уыдысты, куыд директорæн йæхиуыл, афтæ ахуыргæнджытæ æмæ   ахуыргæнинæгтыл дæр.

Скъолайы кæрты цы мемориал ис, уырдæм дунейы бæстæтæй цы минæвæрттæ æрцæ-уынц, уыдон цытджын æгъдауæй райсы Азæ.

2008 азы августы хæсты бонты Азæйы хæдзары ныккæнды сæхи знаджы нæмыгæй хъахъхъæдтой 40 адæймаджы бæрц. Уыдон уыдысты сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сæ ныфс уыд хæдзары фысым.

Бестауты Азæ бирæазон æнтысгæ педагогон архайды тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ алыгъуызон хорзæхтæй. 2000-æм азы йын лæвæрд æрцыд «РХИ-йы сгуыхт ахуыр-гæнæджы» кадджын ном, 2004 азы та – «Куысты ветеран»-ы ном, 2013 азы та йын РХИ-йы Президенты барамындæй лæвæрд æрцыд «РХИ-йы Адæмон            ахуыргæнæджы» ном. Хорзæхджын æрцыд ахæм майдантæй, куыд «РХИ-йы сырæзты 15 азы», «За укрепление боевого содружества», «90-летие Великой Октябрьской Социалистической революции». Уыдонæй дарддæр ма Азæ хорзæхдджын у бирæ æндæр æмæ æндæр Кады грамотæтæ æмæ арфæйы фыстæджытæй.

Азæ зæрдæрухс уыд бинонты царды дæр, фæлæ, хъыгагæн, йæ цардæмбал Гасситы Зауыр абон сæрæгас нал у. Уый хыгъд схъомыл кодтой æмæ царды сæ бынат ссардтой сæ æртæ фырты – Таймураз, Ботаз æмæ Ацæмæз. Се ‘ртæ дæр ацы скъолайы фесты майдантыл, æнтысгæйæ фесты уæлдæр ахуыргæнæндæттæ дæр.  Се ‘ртæ дæр цæрынц нæ республикæйы.

Ивгъуыд аз 5-æм астæуккаг скъолайы цытджын æгъдауæй банысан кодтой Бестауты Азæйы райгуырдыл 70 азы сæххæсты бон. Уæд ын æрмæст йæ юбилей нæ нысан кодтой, фæлæ йæ фæллойадон архайды 45 азы æмæ скъолайы директорæй 20 азы кæй бакуыста, уыцы бонты дæр. Ардæм æрбацыдысты æрмæст йе ‘мкусджытæ, йæ коллегæтæ нæ, фæлæ республикæйы разамынады бæрнон кусджытæ дæр, ахуырады органты æмæ æндæр къабæзты бæрнон кусджытæ. Бирæ арфæйы ныхæстæ фæдзырдтой юбиляры адресыл, дзырдтой йын куыд йæ фæллойадон архайдыл, афтæ йæ стыр адæймагон миниуджытыл дæр. Скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæг Тедеты Ноннæ куыд дзырдта, афтæмæй уый цыдæриддæр аразы – аразы сæ сывæллæттæм куыстмæ йе стыр уарзондзинады руаджы. Уый, зæгъгæ, у стыр профессионал, биологийæ йæ уроктæ кæддæриддæр вæййынц цымыдисон.

Æмæ цымыдисон æрмæст йæ куыст нæу. «Мæнæн цымыдисон у цæрын, циндзинад мын хæссы куыст», – афтæ та зæгъы Азæ йæхæдæг. Æмæ афтæ та зæгъдзæн, адæмæн пайдайы хъуыддагыл лæуд чи у, йæ цар-ды хорздзинад чи тауы, йæ цард æндæртæн цæвиттон кæмæн у, ахæм адæймаг.

Абон кæд Бестауты Азæ йе ‘вдай азы сæрты акаст, уæддæр у куыстхъом, йæ куыстыл æнувыд, æмæ дарддæр æххæст кæны 5-æм скъолайы директоры бæрнон хæстæ. Ноджыдæр фæрнæй кус, Азæ, æмæ ноджы стырдæр æнтыстытæ дæ къухты æфтæд.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.