Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты 2017 азы бакæнгæ куыстæн фæстиуджытæ сарæзта комитеты сæрдары хæдивæг Плиты Михаил. Хыгъдон æмбырды хайад райстой хицауады минæвæрттæ, комитеты кусджытæ æмæ информацион фæрæзты минæвæрттæ.

Паддзахадон комитеты куыстыл дзырд куы цæуа, уæд йæ куыст, сæйраджыдæр, здæхт у Хуссар Ирыстоны паддзахадон органты архайды фæдыл республикæйы цæрджытæн информаци дæттынмæ.

Иумиагæй сисгæйæ, 2017 азы комитет ауагъта: проект «Æргом хицауад»-ы фæлгæтты 31 пресс-конференцийы, 10 пресс-конференцийы хицæн фарстыты фæдыл, 6 тымбыл фынгтæ, 2 брифингы, 3 пресс-туры, тренингтæ, ног чингуыты презентацитæ. Уымæй дарддæр ма комитеты архайы æвзонг политологты клуб.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты дæлбар сты ахæм паддзахадон уагдæттæ æмæ организацитæ, куыд газеттæ «Хурзæрин», «Южная Осетия», «Республика», паддзахадон уагдон «Мыхуыры хæдзар», агентад «Югосетпечать», паддзахадон телерадиокомпани «Ир», информацион агентад «Рес», журнал «Фидиуæг», дунеон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия» æмæ полиграфион-кондадон баиугæнд.

Плиты Михаил, газеттæ «Хурзæрин» æмæ «Южная Осетия»-йы, редакциты куыстыл дзургæйæ, банысан кодта, рæстæгыл æмæ регулярон æгъдауæй кæй æвдисынц Хуссар Ирыстоны паддзахадон органты куыст. Уацхæсджытæ æдзух архайынц календарон æмæ æндæр нысаниуæгджын паддзахадон цаутæ, 2017 азы президентон æвзæрстытæ, республикæйы цæуæг позитивон ивындзинæдтæ газетты фæрстыл æвдисыныл. Стыр хъусдард здæхт цæуы газетты фæрстыл националон,  культурон, ирон традицитæ æмæ æгъдæуттæ пропагандæ кæнынмæ, ахуырад æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыл кæныны фарстытæм. Фæстаг рæстæджы газеты фæрстыл фæзынд ног рубрикæтæ. Уымæй дарддæр дыууæ газеты редакцийæн дæр ис сайттæ, уыдоныл куыст цæуы, цæмæй суой ноджы нырыккондæр æмæ æнцонвадатдæр.

Газет «Республика»-йыл дзургæйæ, ныхасгæнæг банысан кодта, журналистты куыст фылдæр здæхт у æрцæугæ цаутæн анализ аразынмæ. Газеты фæрстыл уæрæхæй æвдыст цæуы бæстæйы æхсæнадон цард, республикæйы алыварсон архайд, культурон цаутæ, экономикæ, æндидзынад, спорт, интервьютæ. Стыр хъусдард здæхт цæуы истори, культурæ æмæ нæ адæмы царды уагмæ.

Иннæ дыууæ паддзахадон газеты æмрæнхъ ацы газетæн дæр ис йæхи сайт. Уый руаджы нæ бæстæйæн æддейæ нæ æмфыдыбæстæйонтæ зонгæ кæнынц бæстæйы æрцæугæ цаутимæ.

«Мыхуыры хæдзар»-ы куыстыл дзургæйæ, Плиты Михаил банысан кодта, зæгъгæ, 2017 азы планмæ гæсгæ ацы уагдон рауагъта 11 авторы чиныджы. Уыдон уыдысты нысаниуæгджын – се ‘хсæн уыд классикон литературæ, сывæллæттæн фыст уацмыстæ, историон мидисы чингуытæ. Чингуытæ рауадзыныл кусы рауагъдадон коллеги, кæцыйы уынаффæйæ мыхуыр æрцæуынц чингуытæ.

Паддзахадон комитеты дæлбар агентад «Югосетпечать»-ы сæйраг куыст баст у бынæттон æмæ уæрæсейаг рауагъдады продукци рафыссынимæ. Газеттæ рафыссыныл агентад кусы афæдзы дæргъы, æрдæг афæдзæн æмæ мæйгай. Комитеты сæрдары хæдивæг мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта, 2017 азы фыццаг æмæ дыккаг æмбисæн бынæттон мыхуыры фæрæзтæ цал рафыстæуыд, уыимæ.

Кæцыфæнды паддзахад дæр сæрыстыр у йæхи сæрмагонд телеуынынадæй. Телеуынынад хъæздыг у алыфарсон цымыдисон алæвæрдтæй. Фæзынд дзы ног алæвæрдтæ, æнтыстджын проекттæ, куыд программæ «3D» шоу, кæцы уагъд цæуы комкоммæ эфиры. Уымæй дарддæр ма сидзæр сывæллæтты номыл цы ногазон хæрзаудæн акци «Фонтан желаний» организаци æрцыд, уый уыд иттæг хорз мадзал, цыран хайад райстой республикæйы сæргълæууæгæй дарддæр, фадат æмæ уа-вæртæ кæмæн уыд, уыдон се ‘ппæт дæр. Ног хабæртты æрмæджытæм ма ныртæккæ бакæсæн ис спутникы руаджы, цæгатирыстойнаг телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы каналыл.

Информацион агентад «Рес»-ы куыстыл дзургæйæ, Плийы фырт банысан кодта бирæ æвæрццаг æууæлтæ кæй ис йæ куысты, зæгъгæ, иу бакастæй дæр бæрæг у, сайт хорзæрдæм кæй фæивта, кæй фæмидисджындæр æмæ йæ кæсджыты нымæц дæр кæй фæфылдæр. Уæрæхæй æвдыст цæуынц социалон фарстатæ, интеграци, æддагон политикæ, Уæрæсеимæ æмахастытæ. Уымæй дарддæр дзы арæх бынат вæййы эксперттæ æмæ политологты хатдзæгтæн алы фарстытæ æмæ проблемæты фæдыл. Иумиагæй сисгæйæ, агентады куысты оперативондзинад бæрæг бæрзонддæр у. Уыимæ иумæ ма куыст цæуы сайты ног дизайныл бакусыныл, кæцы дзуапп дæтдзæн йæ пайдагæнджыты интерестæн.

Иунæг ирон журнал «Фидиуæг» ивгъуыд аз банысан кодта йæ 90 азы юбилей. Журналы сæйраг хæс уыд æмæ у литературон уацмыстæ мыхуыр кæнын. Журналы фæрстыл мыхуыр цæуынц куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстоны фысджытæ æмæ поэтты уацмыстæ. Бирæ райдайгæ фысджытæн «Фидиуæг» ссис, фыццаг хатт сæ уацмыстæ мыхуыр кæм æрцыдысты, ахæм рауагъдад. Ацы журналы дæр фæзынд ног рубрикæтæ, нысан кæнынц ирон фысджыты юбилейтæ. Йæ коллектив архайы журналы мидис фæхуыздæр кæныныл.

Полиграфион-кондадон баиугæн-ды куыстыл дзырд куы цæуа, уæд 2017 азы рауадзгæ продукцийы æппæт гуырахст æххæст æрцыд. Куысты гъæдæн аргъ кæнгæйæ, банысан кæнын хъæуы рауагъдады райрæзты æвæрццаг динамикæ.

Дунеон аналитикон журнал «Республика Южная Осетия» у æнæмæнгхъæуæг, у раппæлыны аккаг йæ дизайнæй, æрмæджытæй æмæ гъæдæй. Мыхуыр цыд 5 мин экземплярæй. Ныртæккæ комитеты куыст цæуы, цæмæй ацы журнал рауадзыны куыст йæ гаччы сбада æмæ уагъд цæуа йæ раздæры æмвæзадыл.

Иумиагæй сисгæйæ, Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты куыст у фаг активон, удæгас, нæ ахизы, æгæрыстæмæй, чысыл нысаниуæгджын цауты иувæрсты.

Афæдзы хыгъды хатдзæгты фæдыл хицауады минæвæрттæм сæвзæрд къорд фарсты. Уыдонæн комитеты сæрдары хæдивæг ратта æм-бæлон дзуаппытæ.

Къæбулты Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.