Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры ауагъдæуыд пресс-конференци, цыран ацы азы фыццаг кварталы бакæнгæ куысты тыххæй хыгъдтæ сарæзтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тамож-нæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат æмæ Хъалонтæ æмæ фиддонты паддзахадон комитеты сæрдар Къадзты Владимир.

Цхуырбаты Мурат куыд радзырдта журналисттæн, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Таможнæйон комитет ацы аз республикæйы бюджетмæ бахаста 13 милуан сомы, уый та фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ у 9 милуан сомы фылдæр.

«Ивгъуыд аз нæ комитет республикæйы бюджетмæ бахаста 34 милуан сомы, 2015 азимæ абаргæйæ, уыцы фæрæзтæ уыдысты бирæ фылдæр. Ацы азы фыццаг кварталы та бюджетмæ бахастам 13 милуан сомы. Уыцы суммæ 2016 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ у 9 милуан сомы фылдæр. Уыцы фæрæз-тæй 8 милуан сомы бахаста таможнæйон пост «Цхинвал» транспортон фæрæзты регистраци кæныны руаджы. Уый дзурæг у ууыл, æмæ не ‘мбæстæгты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр сты, растдæр зæгъгæйæ та, транспортон фæрæзтæ чи æлхæны, уыдоны нымæц бирæ фæфылдæр», – загъта Цхуырбаты Мурат, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, йæ дæлбар ведомство фæнд кæны ацы азы æфтиæгтæ 260 % фæфылдæр кæнын, æмæ республикæйы бюджетмæ 65 милуан сомы бахæссын.  Радзырдта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн ивгъуыд азы апрелы мæйы цы сразыдзинæдтæ арæзт æрцыд, уыдон куыд реализаци цæуынц,  уый тыххæй дæр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз дæр цалдæр хатты фембæлдысты сæ уæрæсейаг коллегæтимæ. Уыцы фем-бæлдтыты рæстæджы дыууæ фарсы бадзырдтой, цæмæй регуляронæй уынаффæ кæной иумæйаг къахдзæфтыл æмæ фæндвидарæй цæуой сразыдзинад реализации кæнынмæ. Йæ ныхæс-тæм гæсгæ,  2020 азмæ цы мадзæлттæ хъуамæ ауадзой, уыдон сын ныридæгæн нысан сты.

Комитеты сæрдар журналисттæн радзырдта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон службæ-тæ ацы аз «Дæллаг Зæрæмæджы» пос-ты иумæ кæй лæудзысты, уый тыххæй дæр.

Уый, зæгъ, арæзт цæуы фыццаджы фыццаг Хуссар Ирыстоны адæмы пайдайæн.

«Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы таможнæйы органтæ «Дæллаг Зæрæмæджы» посты иумæ кæй службæ кæндзысты, уый фыццаджы фыццаг арæзт æрцыд, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй товартæ чи ласы, уыдоны тыххæй. Уыдонæн фенцондæр уыдзæн, паддзахадон арæны сæрты хизгæйæ, сæ товар регистраци кæнын. Иу посты регистраци цæудзысты куыд экспортон, афтæ импортон товартæ æмæ транзит дæр. Ацы процесс уый фæстиуæгæн фæцырддæр уыдзæн, таможнæйон органты æрдыгæй фæхуыздæр уыдзæн, цы уæзтæ ласт цæуынц, уыдоныл контроль дæр.

Цхуырбаты Мурат куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны таможнæты службæгæнджытæ иумæ куы службæ кæной, уæд таможнæйон пост «Рукъ» ист æрцæудзæн, фæлæ уыцы бынаты арæны дарддæр дæр хъахъхъæндзысты хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæн-джытæ.

Йæ рады РХИ-йы Хъалонтæ æмæ æмбырдты паддзахадон комитеты сæр-дар Къадзты Владимир куыд радзырдта, афтæмæй, кæд ивгъуыд азы фыццаг кварталы се ‘фтиæгтæ уыдысты 146 милуан сомы, уæд ацы азы фыццаг кварталы æфтиæгтæ та сты бирæ фылдæр, ома, 184 милуан сомы.

«Ивгъуыд аз Хъалонтæ æмæ æмбырдты комитет æрæмбырд кодта 784 милуан сомы, уый уыд рекордон сумма, уымæн æмæ уыйбæрц фæрæзтæ мах-мæ никуы æрæмбырд. Ныр дæр уыцы суммæ къаддæр нæ уыдзæн. Ацы азы фыццаг кварталы республикæйы бюджетмæ бахастæуыд нывæзтгонд 178 милуан сомы бæсты 184 милуан æмæ 981 мин сомы. Фароны уыцы рæстæгимæ сæ куы абарæм, уæд ацы азы æфтиæгтæ сты 39 милуан фылдæр. Афтæ-мæй бæрæгæй зыны хъалонтæ æмбырд кæныны рæзты тенденци», – банысан кодта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сæм цы æхцайы фæрæзтæ æрбацыд, уыдон æрæм-бырд кодтой уыцы ногдзинæдты руаджы, кæцытæ райст æрцыдысты Хъалонты ног кодекс кæй райстæуыд, уый фæрцы.

«Алы хуызмæ дæр хицæнæй куы æркæсæм, уæд хъалонты алы хуызы æфтиæгтæ æмбырд кæныны дæр ис æвæрццаг динамикæ», – загъта уый.

Къадзты Владимир банысан кодта, зæгъгæ,  Хъалонтæ æмæ æмбырдты ко-митеты хыгъды лæууынц цыппар минæй фылдæр амалиуæггæнæджы, уыдонæй архайынц æрмæстдæр се ‘мбис. Уыимæ иумæ ма ивгъуыд азы рабæрæг æрцыд, бизнес чи кодта, ахæм 30 амалиуæггæнæджы, кæцытæ Хъалонтæ æмæ æмбырдты комитеты нæ уыдысты регистрацигонд, æмæ афтæмæй нæ фыстой хъалон. Уыдоны тыххæй æппæт документтæ дæр лæвæрд сты Мидхъуыддæгты министрадмæ.

Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй ивгъуыд аз рабæрæг сты Хъалонты кодексы хорзæй æмæ æвзæрæй цы уыд, уыдон се ‘ппæт дæр. Уыдонæн анализ арæзт æрцыд, æмæ ацы аз Хъалонтæ æмæ фиддонты комитет цæттæ кæны, Кодексмæ цы ивындзинæдтæ  хъуамæ хаст æрцæуа, уыдон. Уыцы ивындзинæдтæ хаудзысты æфтиæгтæ, исад æмæ зæххы хъалонтæм.

Цхуырбаты Мурат æмæ Къадзты Владимир дзуаппытæ радтой журналистты фарстытæн дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.