Республикæйы æхсæнад банысан кодта Мысæн бон

– Æрвылаз дæр 26 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны дзыллæйад æрæмбырд вæййы Зары фæндагыл трагедийы амæттæгты номыл цырты размæ. Уæд æрцыдис, æгас дунейы чи нызмæлын кодта, ахæм æвирхъау цау. Махæн фыдæлтæй нæ хъысмæт афтæ у – иу рыстыл хицæнæй нæ фæриссæм, иннæ дæр йæ фарсмæ хъуамæ  æрбалæууа, – ахæм ныхæстæй Зары æфцæгыл трагедийы амæттæгты номыл мысæн митинг байгом кодта, Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ информацион фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, ирон адæмы хъайтар Мамиты Олег Донецкы кæй фæзиан, уый. Уый хæстон лæг уыд æмæ хæсты быдыры знаджы нæмыгæй фæмард. Кæд Ирыстоны зæххыл нæ фæмард, уæддæр йæ фæстæ ирон лæджы кад ныууагъта. Хæст хæст у æмæ дзы æнæмæлгæ нæ вæййы, фæлæ Кокойты Иоскъа та кæцы хæстон лæджы кары уыд, науæд Къæбысты Батрадз – хæст цы уыд, уый зонгæ дæр куынæма кодта.

«Ацы бынатмæ цал азы æмбырд кæнæм, уал хатты ныл куы æрдз кæуы, куы нæ хур судзы. Къæвдайы ныл æрдз дæр фæкæуы, тæвд хур та нын æмба-рын кæны, ома, куы фæриссай, уæддæр хъуамæ дарддæр цæрай. Дунескæнæгæн фæндон уæт æмæ  ахæм хъуыддаджы макуы бахъæуæд æмбырд кæныны сæр. Зары трагедийы амæттæгты ном æрымысыны фæдыл та мах æмбырд кæндзыстæм ардæм, цалынмæ ма фæстаг ирон зæххыл уа, уæдмæ», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Æнкъард мелодийы зæлтæм хъуыстысты 1992 азы 20 майы трагедийы амæттæгты нæмттæ…

Сæ номыл Зары хъæды айзæлыдысты хæдæхсты æхстытæ… Арвы малы аныгъуылдысты трагедийы амæттæгты æмнымæц сау къоритæ…

Трагедийы амæттæгты ном арынæн цырты раз веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой Президент Бибылты Анатоли,  Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Хуссар Ирыстоны раздæры Президент Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварады минæвæрттæ,  хицауады бæрнон кусджытæ, тыхон æмæ барадхъахъхъæнæг органты службæгæнджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, трагедийы амæттæгты бинонтæ æмæ хиуæттæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, нæ историйы цы трагикон цаутæ æрцыдис, уы-дон нын кæй баззадысты уæз-зау хъæдгæмттæй. Фæзæгъынц, зæгъгæ, рæстæг сæ æгасгæнæг у, фæлæ уый Зары трагедийы æвирхъау цау æмæ æнгæс хабæрттæн никуы схос кæндзæнис.

«Ирыстоны зæххыл бирæ адæм фесæфтам, фæлæ хæсты нæмыгæй цы кæстæртæ æмæ ацæргæ адæм лыгъдысты, уыдон раз бабадай æмæ сæ сырдон æгъдауæй ныццæгъдай, уый адæймагдзинад нæу», – банысан кодта Президент æмæ бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой трагедийы амæттæгты рухс ном .

«Алы адæмæн дæр йæхи трагикон бонтæ ис, фæлæ æнæаххос цæрджытæ – сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ куы фæхъæуынц не ‘хсæнæй, уæд уый дывæр уæззау æмæ трагикон у. Уыцы тугуарæн бонæй 26 азы рацыд, фæлæ нæ хуссайраг сыхæгтæ Европæйы фæзуæттыл дзурынц, кæй нæ уарзынц æмæ сæ немæ сабырæй цæрын кæй фæнды. Фæлæ хатыр никуы ракуырдтой æмæ Хуссар Ирыстоны фæмардуæвæг æмбæстæгты хиуæттæй мæсæллæй никæмæн загътой. Уымæ гæсгæ мах дæр нæхирдыгæй хъусын кæнæм, нæ хуссайраг сыхæгтимæ ныхас кæнынмæ цæттæ стæм, политикон тых, зондджындзинад æмæ сæм хъарудзинад куы разына æмæ гуырдзиаг политиктæ хатыр куы ракурой сæ сырдон архæйдтыты тыххæй, æрмæстдæр уæд», – дзырдта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг Зары трагеди æрмæст Хуссар Ирыстоны трагедийыл нæ банымадта, фæлæ – æппæт адæймагады трагедийыл. Ирыстон кæддæриддæр сæрыстыр уыд йæ курдиатджын æмбæстæгтæй. Мах дунейæн бæлвырд кæнæм, сабыруарзаг адæм кæй стæм æмæ нæ нæ сыхæгтимæ хæларæй цæрын кæй фæнды. Уый мах бæлвырд кæнæм кæдфæндыдæр, уый бæлвырд кæнæм Уæрæсейы Федерациимæ.

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик дæр мæсæллæйы ныхæстæ загъта фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ хæстæджытæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, адæймагады ныхмæ ахæм фыдракæндтæ нæ зæронд кæнынц.

«Лæгмарджытæй аивæрзыны тыххæй фæрсаг фæндагыл ацæуын цы æдых æмбæстæгтæ бафæлвæрдтой, уыдон фехсын у æнæадæймагон фыдракæндты тугæйдзаг номхыгъды иу эпизод, кæцы здæхт уыд æппæт ирон адæмы ныхмæ. Махæн ферох кæныны бар нæй æрмæст Зары трагедийы амæтæгтты нæ, фæлæ гуырдзиаг агрессоры ныхмæ тохты чи фæмард сты, æппæт уыцы æмбæстæгты рухс нæмттæн, нæ паддзахады хæдбардзинад æмæ сæрибардзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы активон хайад чи иста, фæлæ абоны онг чи нал фæцард, 2008 азы августы хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстоны адæмы чи хъахъхъæдта æмæ хъæ-батырæй чи фæмард, уæрæсейаг уыцы хæстонты рухс нæмттæн.

Абон мах цæрæм æдас бæстæйы æмæ ныфсджынæй кæсæм нæ фидæнмæ. Уый у, нæ къухы цы бафтыд, уыдонæй иууыл зынаргъдæр хъуыддаг. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ ахæм стыр аргъæй нæ къухы цы бафтыд,  уый бахъахъхъæнын æмæ йæ размæ кæнын у нæ æвæджиау хæс фæмардуæвджыты мысынады раз. Ныфс мæ ис, æмæ æрбаиу уæвгæйæ, кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ, мах бафæраздзыстæм, рæстæг нын нæ разы цы уæззау фæлварæнтæ æвзарын кæны, уыдонæн æмæ иумæ аскъуыддзаг кæндзыстæм нæ разы лæууæг æппæт хæсты дæр», – загъта Хицауады Сæрдар траурон митинджы.

Æфсымæр æфсымæрæй у фидар æмæ ныфсджын. Нæ хъыджы æмæ нæ цины дæр нæ фарсмæ сты нæ цæгаттаг æфсымæртæ. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславы, Хицауады æмæ адæмы номæй номарæн митинджы ныхасы рацыд РЦИ-йы Национ ахастыты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан. Уый загъта, зæгъгæ, нæ хъыджы æмæ нæ цины дæр мах иумæ стæм. Ууыл нæ ахуыр кодтой нæ фыдæлтæ æмæ мах та дарддæр нæ фæстагæтты ахуыр кæндзыстæм.

«Абон, ацы æбуалгъ трагедийы амæттæгты мысгæйæ, но-джыдæр сидæм рæзгæ фæлтæрмæ, цæмæй ирон адæм, сæрибардзинадмæ фæндагыл цы æмбæстæгты фесæфта, уыдоны ном макуы ферох кæной», – банысан кодта Аслан.

Зары трагедийы амæттæгты номыл мысæн митинджы кæрон ацы трагедийы иууыл æвзонг-дæр амæттаг Къæбысты Батрадзы номыл Гæззаты Давиды фыст æмдзæвгæ бакаст скъола «Альбион»-ы ахуыргæнинаг æмæ мадзаламонæг Хъоцыты Сергей.

Трагедийы бынатмæ цы бирæнымæц адæм æрæмбырд, уыдон уæззау зæрдæ æмæ æн-къард мысинæгтимæ здæхтысты фæстæмæ… Æрдз дæр цыма æнкъард кодта ацы боныл, уыйау къæвда уæззау æртахæй уарыд…

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.