17-æм сентябры изæрæй Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл «Симд» æмæ М. Годенкойы номыл Красноярскы кафты паддзахадон академион ансамблæн иумæ уыд стыр æмæ цымыдисон концерт. Уый сæйраджыдæр, организацигонд æрцыд Республикæйы бæрæгбоны цытæн.

Уыцы æхсæв хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæ федтой рагæй кæмæ бæллыдысты, ахæм профессионалон аивад. Алкæцы ансамбль дæр сæ репертуартæй равдыстой иууыл цымыдисондæр æмæ популярондæр номыртæ. Æдæппæтæй сценæмæкæсджытæн æвдыст æрцыдис 15 кафты, афтæ ма сæххæст кодтой зарджытæ дæр. Дыууæ сфæлдыстадон коллектив цы программæ бацæттæ кодтой, уый цæстæвæрæнæн фæцис. Залыбадæг адæм стыр æхцондзинад кæй райстой, уый бæрæг уыдис сæ цæстæнгасыл. Сæ тыхджын къухæмдзæгъдæй равдыстой ирон æмæ сыбыраг кæфтытæн куыд саргъ кодтой, уый. Адæмæн æппæты тынгдæр сæ зæрдæмæ фæцыд дыууæ ансамблы артисттæ иумæ кæй бацæттæ кодтой, уыцы кафт «Калинкæ-Лезгинкæ». Уыцы номыр афтæ аив æмæ арæхстджынæй сæххæст кодтой æмæ-иу сценæмæкæсджытæ сæ эмоцитæ нал баурæдтой, сæ хъæр æмæ тыхджын къухæмдзæгъдимæ-иу ноджы артистты сцырын кодтой æмæ та-иу хъæлдзæгæй æрсимдтой. Ацы кафты ирдæй разынд аивад дыууæ ирон æмæ уырыссаг адæмы ноджы тынгдæр кæй æрбангом кодта æмæ дзы кæй райтынг хæлардзинад.

Концерты кæрон ансамблтæн арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Рада. Уый йæ раныхасы банысан кодта артистты арæхстдзинад бæрзонд æмвæзадыл æвдыст кæй æрцыдис, уый.

«Абон махæн уыд æцæг бæрæгбон. „Симд“ æмæ нæ уазæг ансамбль равдыстой дыууæ адæмы традицитæ, культурæ æмæ удыхъæд æмæ сæ аивады руаджы систой бæрзонд. Концертон программæйы баиу сты нæртон симды темперамент æмæ сыбыраг адæмы удварн. Иу кафт иннæ кафтæй уыд аивдæр æмæ цымыдисондæр. Афтæ мæм каст æмæ сценæ нæ бауромдзæнис сæ къахайстæн. Ацы концерт уыд культурон царды ахсджиаг цау, кæцы байтыдта хæлардзинад ирон æмæ æфсымæрон уырыссаг адæмты æхсæн. Ацы бæрзонд аивад радон хатт фенын кодта Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстон æфсымæрон бæстæтæ кæй сты рагæй фæстæмæ», — банысан кодта Зæгъойты Рада.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.