Гуфтайы хъæуы дыууæ хиды сæрмæ къæдзæхы сынæгыл «Цвети, Осетия моя!» фыст куыд фæзынд, уымæн йæ истори у ахæм. 1989 азы Гуырдзыстоны националисттæ Ирыстон æмæ ирæтты ныхмæ информацион хæст куы райтынг кодтой, митингтæ куы арæзтой æмæ ирæттæм куы æртхъирæн кодтой, уæд ирæттæ исын райдыдтой алыгъуызон мадзæлттæ.

Уæд, кæд Советон Цæдис фæцудыдта, уæддæр нæма фехæлд æмæ гуырдзиаг националисттæн сæ бон æргомæй æвзæр исты саразын нæма уыдис. О, фæлæ ирон адæм æмæ фæсивæд, нæ интелегенцийы минæвæрттæ æмбæрстой, Хуссар Ирыстоны адæммæ стыр мæстытæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый æмæ домдтой, цæмæй нæ хуссайраг сыхæгты сау æмæ хинæйдзаг хъуыдытæ æмæ фæндтæн ныхкъуырд раттын. Уæд нæм цы активисттæ фæзынд, уыдонæй иу уыд Гуфтайы хъæуы цæрæг Битеты Хъамбол. «Цвети, Осетя моя!»-йы тыххæй куы ныхас кодтам, уæд уый банысан кодта, зæгъгæ-иу 7-æм ноябры бæрæгбонмæ Дзауы районы фæсивæд сæхи бацæттæ кодтой, цæмæй хайад райсой бæрæгбоны цытæн Цхинвалы цы мадзæлттæ уагъд цыд уыдоны. «Цы лозунгтæ æмæ нæм плакаттæ уыдис, уыдон ’хсæн ма фæзынд, уæдмæ чи нæ уыд, ахæм, «Цвети, Осетия моя!». Плакат алкæй зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ Цхинвалæй фæстæмæ куы здæхтыстæм, уæд æй сæвæрдтам, Гуфтайы хидмæ æввахс къæдзæхыл. Уыцы уысм немæ чи уыд, уыдон се ’ппæты нал хъуыды кæнын, фæлæ се ’хсæн уыдысты Пæррæстаты дыууæ Левайы, Елбачиты Алан, Чилæхсаты Хъазбег æмæ бирæ æндæртæ. Фысгæ та йæ ныккодта нывгæнæг Джергаты Сослан. Уæд, плакат кæм сæвæрдтам уырдæм хæстæг цардтæн æмæ йæм мæ хъус дардтон. Иу бон мæм цалдæр лæппуйы æрбалыгъд æмæ мын рахабар кодтой, зæгъгæ, чидæртæ плакатимæ архайынц. Цалынмæ уырдæм хæццæ кæнон уæдмæ йын исты куы разиан кæной, февзæрд мæ хъуыдыйы æмæ бауадтæн хæдзармæ, кæртмæ раскъæфтон æхсæнгарз æмæ иу æхст фæкодтон хæрдмæ. Бынатмæ куы бацыдтæн, уæд плакат федтон зæбулæй. Сисынмæ та йæ хъавыдысты гуырдзиаг националисттæ. Уæд ма Тбилис æмæ Гурæй автобустæ Он æмæ Амблорауримæ цыдысты Цхинвал-Къуаисайы фæндагыл. Плакат гуырдзиаг бæлццæты зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ хъавыдысты йæ раппарынмæ, фæлæ сын нæ бантыст. Куыддæр æхсæнгарзы хъæр фехъуыстой, афтæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ, чи дзы куыд арæхст, афтæ æмбæхстытæгæнгæ лыгъдысты автобусмæ.

Уæд мобилон телефонтæ нæма уыд, фæлæ чысыл фæстæдæр плакаты алыварс æрæмбырд сты, куыд Дзауæгтæ афтæ Цхинвайлæгтæ дæр. Цалдæр машинæйыл атындзыдтой автобусы фæстæ, баййæфтой йæ Часавалы хъæумæ хæстæг. Гуырдзиаг фыдгæнджыты æрмæст ирон лæппутæ нæ фарстой, плакатмæ цæмæн æвнæлдтат, фæлæ сæм хыл кодтой, автобусы бæлцæтты фылдæр хай дæр. Уайдзæф сын кодтой, зæгъгæ, сымах тыххæй мах дæр фыдæбон кæнæм. Уæдмæ хабар фехъуыст партийы Хуссар Ирыстоны обкомы разамындмæ дæр. Обкомы дыккаг секретарь М. Гохелашвили телефоны фæдзырдта партийы Дзауы райкомы уæды фыццаг секретарь Хъоцыты Хъазбегмæ æмæ уавæр уый æрсабыр кодта, автобус дарддæр ацыд йæ фæндагыл. Æз та, цалдæр лæппуимæ скъахтам уæрмытæ æмæ плакат «Цвети, Осетия моя!» ноджы хуыздæр ныффидар кодтам.

Ацы фарсты тыххæй ма йæ мысинæгтæ зæгъта Чилæхсаты Хъазбег дæр:

«80-йæм азты кæрон партийы Дзауы райкомы æнæрадон рабадтытæй иуы дзырдтæуыд, зæгъгæ, Гуырдзыстоны разамынд домы, цæмæй æнæ уæлдай раныхас-баныхасæй плакат „Цвети, Осетия моя!“ ист æрцæуа. Фарст куыддæр рабадты хайадисджытæ фехъуыстой, афтæ æмхуызонæй загътой, зæгъгæ, нæ партион билеттæ дæр ратдзыстæм, фæлæ плакат исын нæ бауаддзыстæм. Загътой сæ фидар ныхас, фæлæ бæстæ уыйбæрц сызмæст, æмæ раст æмæ зылын нал хицæн кодтой сæ кæрæдзийæ. Плакат иу рæстæджы нал уыд йæ бынаты, фæлæ та ногæй фæзынд 1990 азы. Рухс дæр æм бауагътой æмæ уæдæй абонмæ, боныгон куыд зыны — афтæ тæмæнтæ калы æхсæвыгон дæр».

Нæ вæййы афтæ æмæ ууылты ацыд чидæр æмæ йæм ма скæса, ма барухс уа йæ зæрдæ æмæ афтæмæй ма ацæуа дарддæр йæ фæндагыл.

Джиоты Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.