Ныр афæдз Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл кусы агентад Sputnik Хуссар Ирыстон. Уый бонæй-бон уæрæхдæр кæны йæ авналæнтæ. Æрæджы Sputnik байгом кодта мультимедион редакцион центр. Сырх лентæ алыг кодтой РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус.

Агентады къухдариуæггæнæг Нарек Ордян цытджын уазджытæн чысыл экскурсийы рæстæджы фенын кодта, куыд æмæ цы уавæрты кусынц кусджытæ.

Агентады пресс-центры байгомы цытæн уагъд æрцыд пресс-конференци Тыбылты Леонид æмæ Къарджиаты Эльбрусы   хайадистæй. Уыцыиу рæстæг ма мæскуыйаг студи Sputnik-имæ организацигонд æр-цыд телехид. Уырдæм хуынд æрцыд, бирæ азты дæргъы Хуссар Ирыстоны цаутæ чи æвдыста, уыцы зындгонд журналист Руслан Гусаров.

Йæ арфæйы ныхасы Президент Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, агентадæн ис хорз фидæн.

«Мах зонгæ стæм йæ куыстимæ, агентадæн фадат ис оперативонæй æвдиса Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутæ. Sputnik-ы руаджы мах уынынц, хъусынц æмæ нæ кæсынц нæ хæлæрттæ. Уыдон райынц нæ позитивон ивындзинæдтыл. Фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ негативон фæзындты æмбæхсын хъæуы. Уымæ гæсгæ нæ ныфс ис, æмæ Sputnik объективонæй æвдисдзæн æппæт цауты дæр», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Уæрæсейы минæвар Къарджиаты Эльб-рус банысан кодта, ахæм æхцондзинад хæссæг мадзæлттæй йæ зæрдæйыуаг дæр иттæг хорз кæй у.

«Хуссар Ирыстон æвзонг паддзахад у, ис дзы проблемæтæ бæстонкæнинаг дæр, хъæуы сæ объективонæй, хъуыдыджынæй рæгъмæ хæссын. Æмæ уыдон Sputnik-ы руаджы уынæм. Объективон, аргументтимæ æмæ алыфарсонæй бавналынц йæ кусджытæ реалон цаутæм. Уымæ гæсгæ нæ оптимизмæн бындур ис æмæ уый раст у», – загъта Къарджиайы фырт.

Уый ма куыд дзырдта, уымæ гæсгæ йын æхсызгон у, республикæйы кæй фылдæр кæнынц, журналисты профессимæ стыр цымыдис чи æвзæрын кæны, уыцы фæсивæд.

Агентад Sputnik-ы фæзынд банымадта Хуссар Ирыстоны журналистикæ райрæ-зын кæныны хъуыддаджы стыр къахдзæфыл.

Агентады къухдариуæггæнæг Нарек Ордян уазджытæн радзырдта, афæдзы дæргъы сын саразын цы бантыст, цы сæрмагонд проекттæ сарæзтой æмæ сæ куыстæн цы фæстиуджытæ ис, уыдоны тыххæй. Цæстуынгæ æрмæгæн æвдыст æрцыд сæрмагонд видеоролик, уый руа-джы уазджытæн фадат уыд агентады æн-тыстытæн саргъ кæнынæн.

Ног пресс-центр байгом кæныны цытæн хуссарирыстойнаг коллегæтæн раарфæ кодта Руслан Гусаров. Уый Sputnik-ы ра-хуыдта технологион, æдзух рæзгæ чи кæны, ахæм агентад, кæцы айгæрста ин-формацион блокадæ. Мæнæн, зæгъгæ, æхсызгон у, ацы филиал Хуссар Ирыстоны кæй байгом, уый, уымæн æмæ уый æнгом баст у Ирыстонимæ.

«Мæнæн Хуссар Ирыстон тынг зынаргъ у. Агентад информацион тыгъдады скъуыддзаг кæндзæн алыфарсон хæстæ, сифтонг кодта ног кусæн бынæттæй», – банысан кодта Руслан.

Агентады шеф-редактор Гасситы Динæ цымыдис кодта, зæгъгæ, ныр Хуссар Ирыстонмæ æрцæугæйæ цы радзурид.

«Августы 2008 азæй фæстæмæ аст азы рацыд. Республикæ сарæзта уæрæх къахдзæфтæ, фæлæ нырма йæ риуыдзаг нæ сулæфыд. Æз æхсызгонæй ныффыссын уый тыххæй. Фæндид мæ хæрзарæзт фæндæгтæ, инфраструктурæ æмæ адæмы цæсгæмттыл хъæлдзæг мидбылхудт фенын. Кæд æппæтдæр бæстон нæу, уæддæр тыхтæ аздахын хъæуы республикæ сæндидзын кæнынмæ», – дзырдта уый.

Мæскуыйаг агентад Sputnik-ы студи онлайн-режимы арфæ ракодтой сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн мультимедион центр бакæныны фæдыл.

Мадзалы рæстæджы ма Президент Тыбылты Леонид банысан кодта, агентадмæ кæй æнхъæлмæ кæсы объективон æмæ конструктивон критикæмæ, адæмæн пайдайы æрмæджытæм. Мультимедион центр, зæгъгæ, фæахъаз уыдзæн, нæ бæстæ куыд цæры, уый дунейæн фенын кæнынæн.

Цыбыртæй агентады тыххæй: портал Sputnik Хуссар Ирыстон йæ куыст райдыдта 2015 азы июны мæйæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Йæ командæ кæсджыты хъусдардмæ хæссы алыфарсон хъуыды-тæ актуалон цауты фæдыл æмæ ног ха-бæрттæ.

Радио Sputnik Хуссар Ирыстон бæстæйы æппæт территорийыл хъусджыты рæгъмæ хæссы æхсæнадон-политикон, культурон темæты фæдыл программæтæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ног хабæртты рауагъдтæ.

Ног мультимедион пресс-центр у нырыккон фæзуат, бæрзондтехнологион ифтонгадимæ, уый руаджы фадат уыдзæн алыгъуызон мадзæлттæ уадзынæн  комкоммæ телетрансляцитæй, дунейы алы къуымтæй видеохид уадзынæн.

КЪÆБУЛТЫ М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.