Иу аз рацыд футболæй Хуссар Ирыстоны æмбырдгондæн йæ ном  дунейы историйы фыст куы æрцыд, уыцы бонæй. 2019 азы 9-æм июны Арцахы нæ командæ ссис CONIFA-йы эгидæйы бын Европæйы чемпионаты уæлахиздзау. Фина-лон хъазты ирон футболисттæ фæуæлахиз сты Хурныгуылæйнаг Сомихстоныл 1:0 хыгъдæй. Пурти бакъуырдта Бæззаты Ибрагим. Хъазт уагъд æрцыд Степан Шаумяны номыл Степанакерты централон стадионы. Уырдæм æрбацæуæг 15 мин спотуарзæгæй фылдæр æвдисæны æмæ уыдысты Хуссар Ирыстоны командæйы триумфæн. Хъазты сæйраг хъайтар ссис нæ командæйы кулдуаргæс Бураты Мухарбег. Фæстаг минуттыл нæ кулдуармæ тæр-хонгæнæг снысан кодта 11-метрон цæф. Хурныгуылæйнаг Сомихстоны хъазджытæн сæ цинæн кæрон дæр нал уыд, фæлæ сын Бурайы фырт сæ цин æнæхъуаджы фæкодта. Уый систа пенальти æмæ нæ командæйæн æрхаста уæлахиз. 

Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, турниры райдианы Хуссар Ирыстон фаворитты номхыгъд-мæ нæ хаудта. Уымæн йæ аххосаг уыд, командæ 2017 азы Цæгат Кипры уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты æвзæр бæрæггæнæн кæй равдыста, уый. Фæлæ ныр командæйы цæттæгæнæн рæстæджы иуварс æрцыдысты уæды рæдыдтытæ æмæ дыууæ азы фæстæ командæ йæхи равдыста бæрæг хуыздæр.   

Спортивон делегацийы сæргъ лæууыд Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей.  Æнæхъæн чемпионаты дæргъы Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд  равдыста алкæмæй тыхджындæр командæ кæй у, уый. Сæ дæлкъорды фыццаг хъазты хуссарирыстойнаг футболисттæ тыхджындæр уыдысты Хурныгуылæйнаг Сомихстонæй 2:1 хыгъдæй. Трибунæтæй хъазтмæ кастысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Хæххон Къарабахы прези-дент Бако Саакян. Хуссар Ирыстоны командæйы дыууæ хатты расгуыхт Гуырцъыты Батраз. Уæд хъуыды дæр ничи акодтаид ацы дыууæ командæйы финалон хъазты дæр кæй фембæлдзысты, ууыл.

Дыккаг хъазты Хуссар Ирыстоны ныхмæлæууæг уыд Падания, кæцы æрвылхатт дæр хауы CONIFA-йы чемпионатты архайæг тыхджындæр коман-дæты номхыгъдмæ. Ам дæр та хуссарирыстойнаг футболисттæ рацыдысты уæлахиздзауæй. Хыгъд байгом кодта Гуырцъыты Батраз, дыккаг пурти та бакъуырдта Бæззаты Ибрагим. Къорды фæстаг туры нæ республикæйы командæйы ныхмæлæууæг уыд Секейский край. Ацы хъазты фæстиуæгмæ æнæкæсгæйæ командæ уæддæр æрдæгфиналмæ кæй хызт, уый хынцгæйæ тренер Хъоцыты Сослан рауагъта командæйы дыккаг сконды хъазджыты, цæмæй уыдонæн дæр уавæр фæуыдаид сæхи равдисынæн. Уыцы хъуыддаг фæзынд командæйы архайдыл. Хъазт фæцис æмдыхæй 2:2 хыгъдæй. Ногæй та нæ командæйы сконды дыууæ хатты расгуыхт Гуырцъыты Батраз, кæцы хъазæн фæз-мæ рахызт фембæлды дыккаг хайы.

Афтæмæй нæ командæ 7 очко æрæмбырд кæнгæйæ, йæ дæлкъорды бацахста фыццаг бынат æмæ  ахызт æрдæгфиналмæ. Уым та сæмбæлд Чамерияйы æмбырдгондимæ.  Æнæхъæн хъазты нæ командæ архайдта хуыздæр. Стыр тыхтæй цыд размæ. Фæлæ йын пурти бакъуырынæн цы гæнæнтæ уыд, уыдонæй не спайда кодта æмæ сæйраг рæстæг фæцис 0:0 хыгъдæй. Уымæ гæсгæ футболистты бахъуыд 11-метрон цæфты сери сæххæст кæнын.  Æмæ ам та фадат уыд нæ кулдуаргæс Бураты Мухарбегæн йæхи аккагæй равдисынæн. Æмæ уый дæр спортуарзджыты фыдæнхъæл нæ фæкодта. Систа ныхмæлæууæг командæйы дыууæ хъазæджы цæфтæ, уый хыгъд нæ командæйы хъазджытæ та авд цæфæй бакод-той æхсæз. Æмæ афтæмæй 6:5 хыгъдæй фæуæ-лахиз Хуссар Ирыстоны командæ æмæ ахызт финалмæ. Уым дæр  равдыста тынг хорз хъазт.

Хуссар Ирыстоны æмбырдгон Европæйы чемпи-онат кæй рамбылдта, уый йын фадат радта 2020 азы дунейы чемпионатмæ бахауынæн. Уый хъуа-мæ уагъд æрцыдаит Цæгат Маккедонийы. Фæлæ коронавирусы пандемийы аххосæй ивд æрцыд. 

Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ CONIFA-йы эгидæйы бын турниры фыццаг хатт хайад райста 2014 азы. Уæд шведаг горæт Эстерсунды уагъд æрцыд дунейы чемпионат. 2017 азы та Хуссар Ирыстоны командæ ерыс кодта Цæгат Кип-ры уагъдцæуæг Европæйы чемпионат рамбулыныл.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.