СТАЛИНГРАДЫ ТОХЫЛ СÆХХÆСТ 75 АЗЫ

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Сталинграды тох нымад цæуы иууыл егъаудæр тохтæй сæ иуыл. Уый райдыдта 1942 азы 1-æм июлы æмæ фæцис 1943 азы 2-æм февралы. Хæстон архайдтыты характермæ гæсгæ Сталинграды тох дих кæны дыууæ рæстæгыл – хъахъхъæнынады. 1942 азы 17-æм июлæй 18-æм ноябрмæ, æмæ йæ нысан уыд горæт Сталинграды  бахъахъхъæнын  æмæ размæбырсæн рæстæг, кæцы райдыдта 1942 азы 19-æм ноябры æмæ фæцис 1943 азы 2-æм февралы сталинградаг здæхты архайæг немыцаг-фашистон æфсæдты ныппырхæй.

Дыууæсæдæ боны æмæ æхсæвы цæугæдæттæ Дон æмæ Волгæйы донбылтыл, уый фæстæ та Сталинграды цур æмæ комкоммæ горæтæн йæхи мидæг цыдысты карз тохтæ егъау территори  – 100 мин квадратон километры фæзуатыл. Дыууæ фарсы ‘рдыгæй  алы æмæ алы рæстæджыты хæстон архайдтыты хайад истой 2, 1 милуан адæймаджы. Хæстон архайдтыты æндыгъддзинадмæ гæсгæ Сталинградаг тох уыд иууыл егъаудæр дунейы историйы. Алы æмæ алы рæстæджыты Сталинграды  тохы Советон Цæдисы ‘рдыгæй хайад истой Сталинградаг, Хуссар-Скæсæйнаг, Хуссар-Ныгуылæн, Воронежаг фронтты æфсæдтæ, Волжскы æфсæддон флотили æмæ Уæлдæфон хъахъхъæнынады Сталинграды корпус. Сæйраг Ко-мандæкæнынады бахæсмæ гæсгæ Сталинграды цур фронтты иумиаг къухдариуæгад æмæ архайдтыты координаци æххæст кодта Сæйрг командæгæнæджы хæдивæг, армийы инæлар Георгий Жуков æмæ генералон штабы хистæр инæлар-булкъон Александр Василевский.

Немыцаг-фашистон командæкæнынад план кодта 1942 азы бæстæйы хуссары советон æфсæдты ныппырх кæнын, Кавказы нефты районты, Дон æмæ Кубаны хъæууонхæдзарадон хъæздыг районтæ хибакæнын. Сталинграды здæхты æрбабырсыны тыххæй арми «Б»-йы немыцаг къорды скондæй рахицæн æрцыд 6-æм арми инæлар-булкъон Фридрих Паулюсы командæйы  бын  æмæ  4-æм  танкон арми. 17 июлмæ 6-æм немыцаг æфсады сконды уыд 270 мин адæймаджы, æртæ мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 500 танчы бæрц. Æххуыс сын кодта 4-æм уæлдæфон флоты авиаци (1200 хæстон хæдтæхæджы бæрц). Знаджы æфсæдты ныхмæ лæууыд Сталинградаг фронт, кæцыйы сконды уыд 160 мин адæймаджы, 2, 2 мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 400 танчы бæрц. Хъахъхъæнæн операци райдыдта 22-æм июлы горæтмæ дард æрбахизæнты цæугæдæттæ Чир æмæ Цимлайы цур. Советон æфсæдты бахъуыд фæстæмæ алæууын. Ныхмæлæууæг фæлвæрдта Доны цур советон æфсæдтыл æрхъула кæнынмæ, горæт Калачы районмæ æрбахизын æмæ ныгуылæнæй Сталинградмæ æрбабырсын. Ацы районы тугкалæн тохтæ цыдысты 10-æм августмæ. 17 августы советон æфсæдтæ рæстæгмæ æрурæдтой ныхмæлæууæджы. Августы райдианы немыцаг командæкæнынад йе ‘фсæдты баххæст кодта ног тыхтæй (8-æм италиаг æмæ  3-аг румынаг æфсæдтæй). Чысыл улæфты фæс-тæ ныхмæлæууæг сног кодта æбабырст Сталинграды æппæт фронты. 23-æм августы карз тохты фæстæ немыцаг æфсæдтæ бабырстой Волгæмæ, горæты цæгатмæ, фæлæ йæ уайтагъд бацахсын сæ бон не ссис. 23-24 августы немыцаг авиаци массон æгъдауæй бомбæтæ калдта Сталинградыл, пырхæнтæ йæ фестын кæнгæйæ.

Йæ тыхтæ тыхджындæр кæнгæйæ, немыцаг æфсæдтæ 12-æм сентябры хæрзæввахс бацыдысты горæтмæ. Сытынг сты уынгты карз тохтæ, кæцытæ цыдысты практикон æгъдауæй æнæхъæн суткæты дæргъы. Тохтæ цыдысты алы квартал, алы хæдзарыл, алы фæзилæны, зæххы алы метры сæрыл. 15-æм октябры ных-мæлæууæг æрбаирвæзт Сталинграды тракторон заводы районмæ. 11-æм ноябры немыцаг æфсæдтæ фæстаг  бафæлвæрд сарæзтой горæт бацахсынмæ. Уыдонæн сæ бон ссис завод «Баррикадæ»-йы хуссары Волгæмæ бабырсын, фæлæ уымæй фылдæр сæ къухты ницы бафтыд. 18-æм ноябры немыцаг æфсæдтæ урæд æрцыдысты æппæт фронты, знаджы бахъуыд йæхи бахъахъхъæнын. Сталинград бацахсыны тыххæй ныхмæлæу-уæджы план фæсыкк.

Советон командæкæнынад контрабырстмæ сæхи бацæттæ кодтой. Операцийы райдианмæ советон æфсæдтæм уыд 1,11 милуан адæймаджы, 15 мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 1,5 мин танчы æмæ хæддзæугæ артиллерион ифтонгады бæрц, 1,3 мин хæстон хæдтæхæгæй фылдæр. Ных-мæлæууæгмæ та уыд 1,01 милуан адæймаджы, 10,2 мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 675 танчы æмæ штурмгæнæн хæцæнгарзы, 1216 хæстон хæдтæхæджы. 1942  азы  2-æм ноябры ныхмæлæууæджы сæйраг къордты флангты тыхджын цæф ныккæнгæйæ, æрхъулагонд æрцыдысты.  Уырдæм бахаудысты ныхмæлæууæджы 22 дивизийы,   6-æм армийы æмæ 4-æм танкон армийы 160 хицæн хайы, сæ иумиаг нымæц уыд 300 мин адæймаджы. 12-æм декабры немыцаг командæкæнынад бафæлвæрдта поселок Котельниковойы районæй æрхъулагонд æфсæдты ссæрибар кæнынмæ, фæлæ сæ нысан къухты нæ бафтыд. 16-æм декабры советон æфсæдтæ размæбырст райдыдтой Астæуккаг Доныл, кæцы немыцæгтæн сæ фæнд аивын кодта. 1942 азы декабры кæронмæ знаг пырх æрцыд, йæ баззайæггæгтæ æппæрст æрцыдысты 150-200 километры æддæмæ. Ацы операцийы руаджы Сталинграды цур цы къордыл æрхъула кодтой, уый куынæг æрцыд.

Немыцаг æфсæдты ныппырх кæныны тыххæй инæлар-лей-тенант Константин Рокоссовскийы командæйы бын Донаг фронт сæххæст кодта операци «Кольцо». Операци   райдыдта  1943  азы  10-æм январы. 26-æм январы 21-æм арми Мамаев курганы районы æрбаиу 62-æм армимæ. 31-æм январы ныхкъуырд нал лæвæрдтой ныхмæлæууæджы хуссайраг къорд инæлар-фельдмаршал Фридрих Паулюсы сæргълæудæй, 2-æм  февралы та – хуссайраг. Ууыл фæцис ныхмæлæууæджы скуынæг кæныны операции.

1943 азы 10 январæй 2æм февралмæ амынæты раконд æрцыдысты 91 мин адæймагæй фыл-дæр, 140 мин адæймаджы бæрц та куынæг æрцыдысты. Сталинграды операцийы рæстæджы пырх æрцыдысты немыцаг 6-æм арми æмæ 4-æм танкон арми, 3 æмæ 4-æм румынаг æфсæдтæ, италиаг 8-æм арми. Ныхмæлæууæг фесæфта 1,5 милуан адæймаджы. Германы фыццаг хатт хæсты азты расидт æрцыд национ фыдох.

Сталинграды тох Стыр Фыдыбæстæйон –  хæстмæ  бахаста  скъуыддзагæнæн хайбавæрд. Со-ветон гарзджын тыхтæ бацахстой стратегион инициативæ æмæ сæ къухты уыд хæсты фæудмæ. Ацы тохы стыр хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй 1942 азы 22-æм декабры фидар æрцыд майдан «За оборону Сталинграда», кæцы-йæ хорзæхджын æрцыдысты тохы 700 мин хайадисæджы. Мингай салдаттæ æмæ афицертæн саккаг кодтой хицауадон хорзæхтæ, 112 хæстоны та систы Советон Цæдисы хъайтартæ. 1945 азы 1-æм майы сæйраг командæгæнæджы бардзырдмæ гæсгæ Сталинграды схуыдтой горæт-хъайтар. 1965 азы 8-æм майы горæт-хъайтар хор-зæхджын æрцыд Ленины орден æмæ «Сырх Стъалы»-йы майданæй. Æрвылаз дæр 2-æм февралы уæрæхæй нысан æрцæуы ацы нысаниуæгджын бон.

Æрмæг бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.