СТАЛИНГРАДЫ ТОХЫЛ СÆХХÆСТ 80 АЗЫ

Сталинград. Растдæр 80 азы размæ ацы дзырд ссис советон адæмы хъайтардзинады символ. Дыккаг дунеон хæсты Сталинграды тох фæивта адæймагады æппæт истори. Тох аххæссыд 200 бон æмæ æхсæвы æмæ 1943 азы 2-æм февралы фæцис советон æфсæдты æххæст уæлахизæй. Цæугæдæттæ Волга æмæ Доны донбылгæрæтты æххæстæй куынæг æрцыдысты немыцаг æфсæдтæ. Тохтæ уый размæ æмæ уый фæстæ дæр уыд, фæлæ Сталинграды тох æндæргъуызон уыд. Вермахты дыууæ мæйæ къаддæр бахъуыд Дани, Голланди, Бельгийы басæттынæн, англисаг-французаг æфсæдты ныппырх кæнгæйæ йæ бон ссис дунейы культурон столицæ Парижмæ бацæуын. Фæлæ Волгæйы советон æфсæдтæ Вермахтæн асастой йæ рагъ. Бритайнæгтæ Сталинграды тохы тыххæй дзырдтой: «Сталинграды цур скъуыддзаг цæуы Английы хъысмæт».

1942 азы 19-æм ноябрæй 1943 азы 2-æм февралмæ ныхмæлæууæг фесæфта 800 мин адæймагæй фылдæр. Æдæппæттæй Сталинграды тохы рæстæджы знаг фесæфта 1,5 милуан салдат æмæ афицеры, ома, йæ тыхты 25 проценты. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Сталинграды тох нымад цæуы иууыл егъаудæр тохтæй сæ иуыл. Уый райдыдта 1942 азы 1-æм июлы æмæ фæцис 1943 азы 2-æм февралы. Хæстон архайдтыты характермæ гæсгæ Сталинграды тох дих кæны дыууæ рæстæгыл – хъахъхъæнынады период уыд 1942 азы 17-æм июлæй 18-æм ноябрмæ, йæ нысан уыд горæт Сталинграды  бахъахъхъæнын  æмæ размæбырсæн рæстæг, кæцы райдыдта 1942 азы 19-æм ноябры æмæ фæцис 1943 азы 2-æм февралы сталинградаг здæхты архайæг немыцаг-фашистон æфсæдты ныппырх кæнынæй.

Дыууæсæдæ боны æмæ æхсæвы цæугæдæттæ Дон æмæ Волгæйы донбылгæрæтты, уый фæстæ та Сталинграды цур æмæ комкоммæ горæтæн йæхи мидæг цыдысты карз тохтæ егъау территори – 100 мин квадратон километры фæзуатыл. Дыууæ фарсы ‘рдыгæй алы æмæ алы рæстæджыты хæстон архайдтыты хайад истой 2,1 милуан адæймаджы. Хæстон архайдтыты æндыгъддзинадмæ гæсгæ Сталинградаг тох уыд иууыл егъаудæр дунейы историйы. Алы æмæ алы рæстæджыты Сталинграды  тохы Советон Цæдисы ‘рдыгæй хайад истой Сталинградаг, Хуссар-Скæсæйнаг, Хуссар-Ныгуылæн, Воронежаг фронтты æфсæдтæ, Волжскы æфсæддон флотили æмæ Уæлдæфон хъахъхъæнынады Сталинграды корпус. Сæйраг Командæкæнынады бахæсмæ гæсгæ Сталинграды цур фронтты иумиаг къухдариуæгад æмæ архайд-тыты координаци æххæст кодта Сæйраг командæгæнæджы хæдивæг, армийы инæлар Георгий Жуков æмæ генералон штабы хистæр инæлар-булкъон Александр Василевский.

Немыцаг-фашистон командæкæнынад план кодта 1942 азы бæстæйы хуссары советон æфсæдты ныппырх кæнын, – нефты районты, Дон æмæ Кубаны хъæууонхæдзарадон хъæздыг районтæ хибакæнын. Сталинграды здæхты æрбабырсыны тыххæй арми «Б»-йы немыцаг къорды скондæй рахицæн æрцыд 6-æм арми инæлар-булкъон Фридрих Паулюсы командæйæ  æмæ  4-æм  танкон арми. 17 июлмæ 6-æм немыцаг æфсады сконды уыд 270 мин адæймаджы, æртæ мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 500 танчы бæрц. Æххуыс сын кодта 4-æм уæлдæфон флоты авиаци (1200 хæстон хæдтæхæджы бæрц). Знаджы æфсæдты ныхмæ лæууыд Сталинградаг фронт, кæцыйы сконды уыд 160 мин адæймаджы, 2,2 мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 400 танчы бæрц. Хъахъхъæнæн операци райдыдта 22-æм июлы горæтмæ дард æрбахизæнты цæугæдæттæ Чир æмæ Цимлайы цур. Советон æфсæдты бахъуыд фæстæмæ алæууын.

Ныхмæлæууæг фæлвæрдта Доны цур советон æфсæдтыл æрхъула кæнынмæ, горæт Калачы районмæ æрбахизын æмæ ныгуылæнæй Сталинградмæ æрбабырсын. Ацы районы тугкалæн тохтæ цыдысты 10-æм августмæ. 17 августы советон æфсæдтæ рæстæгмæ æрурæдтой ныхмæлæууæджы. Августы райдианы немыцаг командæкæнынад йе ‘фсæдты баххæст кодта ног тыхтæй (8-æм италиаг æмæ 3-аг румынаг æфсæдтæй). Чысыл улæфты фæстæ ныхмæлæууæг сног кодта æрбабырст Сталинграды æппæт фронты. 23-æм августы карз тохты фæстæ немыцаг æфсæдтæ бабырстой Волгæмæ, горæты цæгатмæ, фæлæ йæ уайтагъд бацахсын сæ бон не ссис. 23-24 августы немыцаг авиаци массон æгъдауæй бомбæтæ калдта Сталинградыл æмæ йæ пырхæнтæ фестын кодта. Йæ тыхтæ тыхджындæр кæнгæйæ, немыцаг æфсæдтæ 12-æм сентябры хæрзæввахс бацыдысты горæтмæ. Сытынг сты уынгты карз тохтæ, кæцытæ цыдысты практикон æгъдауæй æнæхъæн суткæты дæргъы. Тохтæ цыдысты алы квартал, алы хæдзарыл, алы фæзилæны, зæххы алы метры сæрыл. 15-æм октябры ныхмæлæууæг æрбаирвæзт Сталинграды тракторон заводы районмæ. 11-æм ноябры немыцаг æфсæдтæ фæстаг бафæлвæрд сарæзтой горæт бацахсынмæ. Уыдонæн сæ бон ссис завод «Баррикадæ»-йы хуссары Волгæмæ бабырсын, фæлæ уымæй фылдæр сæ къухты ницы бафтыд. 18-æм ноябры немыцаг æфсæдтæ урæд æрцыдысты æппæт фронты, знаджы бахъуыд йæхи бахъахъхъæныны сæр. Сталинград бацахсыны тыххæй ныхмæлæууæджы план фæсыкк.

Советон командæкæнынад сæхи бацæттæ кодтой контрразмæбырстмæ. Операцийы райдианмæ советон æфсæдты сконды уыд 1,11 милуан адæймаджы, 15 мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 1,5 мин танчы æмæ хæддзæугæ артиллерион ифтонгады бæрц, 1,3 мин хæстон хæдтæхæгæй фылдæр. Ныхмæлæууæгмæ та уыд 1,01 милуан адæймаджы, 10,2 мин хæцæнгарзы æмæ минометы, 675 танчы æмæ штурмгæнæн хæцæнгарзы, 1216 хæстон хæдтæхæджы. 1942  азы  2-æм ноябры ныхмæлæууæджы сæйраг къордты флангты тыхджын цæф ныккодтой æмæ сыл æрхъула кодтой.  Уырдæм бахаудысты ныхмæлæууæджы 22 дивизийы, 6-æм армийы æмæ 4-æм танкон армийы 160 хицæн хайы, сæ иумиаг нымæц уыд 300 мин адæймаджы. 12-æм декабры немыцаг командæкæнынад бафæлвæрдта поселок Котельниковойы районæй æрхъулагонд æфсæдты ссæрибар кæнынмæ, фæлæ сæ нысан къухты нæ бафтыд. 16-æм декабры советон æфсæдтæ размæбырст райдыдтой Астæуккаг Доныл, кæцы немыцæгтæн сæ фæнд аивын кодта. 1942 азы декабры кæронмæ знаг пырх æрцыд, йæ баззайæггæгтæ æппæрст æрцыдысты 150-200 километры æддæмæ. Ацы операцийы фæрцы Сталинграды цур цы къордыл æрхъула кодтой, уый скуынæг кодтой.

Немыцаг æфсæдты ныппырх кæныны тыххæй инæлар-лейтенант Константин Рокоссовскийы командæйы бын Донаг фронт сæххæст кодта операци «Кольцо». Операци  райдыдта  1943  азы  10-æм январы. 26-æм январы 21-æм арми Мамаев курганы районы æрбаиу 62-æм армимæ. 31-æм январы ныхмæлæууæджы къорд инæлар-фельдмаршал Фридрих Паулюсы сæргълæудæй ныхкъуырд нал лæвæрдтой, 2-æм  февралы та – хуссайраг. Ууыл фæцис ныхмæлæууæджы скуынæг кæныны операци.

Историйы иууыл егъаудæр тох

1943 азы 10 январæй 2-æм февралмæ амынæты ракодтой 91 мин адæймагæй фылдæр, 140 мин адæймаджы бæрц та куынæг æрцыдысты. Сталинграды операцийы рæстæджы пырх æрцыдысты немыцаг 6-æм арми æмæ 4-æм танкон арми, 3-æм æмæ 4-æм румынаг æфсæдтæ, италиаг 8-æм арми. Ныхмæлæууæг фесæфта 1,5 милуан адæймаджы. Германы фыццаг хатт хæсты азты расидт æрцыд национ фыдох.

Сталинграды тох Стыр Фыдыбæстæйон –  хæстмæ  бахаста  хъысмæт скъуыддзагæнæн хайбавæрд. Советон гарзджын тыхтæ бацахстой стратегион инициативæ æмæ сæ къухты уыд хæсты фæудмæ. Ацы тохы стыр хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй, 1942 азы 22-æм декабры фидар æрцыд майдан «За оборону Сталинграда», кæцыйæ хорзæхджын æрцыдысты тохы 700 мин хайадисæджы. Мингай салдаттæ æмæ афицертæн саккаг кодтой хицауадон хорзæхтæ, 112 хæстоны та систы Советон Цæдисы хъайтартæ. 1945 азы 1-æм майы сæйраг командæгæнæджы бардзырдмæ гæсгæ Сталинграды схуыдтой горæт-хъайтар. 1965 азы 8-æм майы горæт-хъайтар хорзæхджын æрцыд Ленины орден æмæ «Сырх Стъалы»-йы майданæй. Æрвылаз дæр 2-æм февралы уæрæхæй банысан кæнынц ацы нысаниуæгджын бон.

1961 азы уазал хæсты рæстæджы, Н.Хрущевы уынаффæмæ гæсгæ Сталинграды ном ивд æрцыд Волгоградæй. Горæты партион организацитæ, фæллойгæнджыты коллективтæ нæ рахæцыдысты Хрущевы хъæппæрисы фарс, фæлæ уый йæ фæнд нал аивта. Китайы Адæмон Республикæйы раздæры лидер Мао Цзэ-дун фæсидт Хрущевмæ æмæ фехъусын кодта: «Ды райдыдтай Сталинæй. Фæлæ хъуыддаг фæуыдзæн Советон Цæдисы ныппырхæй». Горæт-хъайтары цæрджыты рагæй фæнды Волгоградæн йæ раздæры ном раздахын, историон рæстдзинад сæндидзын кæнын. Уый фæдыл æрвылаз дæр бахатынц хицауадмæ. Æмæ ныр кæд сæ фæнд сæххæст уаид.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.