Райсом, 23-æм июлы нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзтæ радон хатт банысан кæндзысты сæ профессионалон бæрæгбон. 115 азы размæ 1906 азы 23-æм июлы горæт Дзæуджыхъæуы мыхуыры рацыд фыццаг газет мадæлон æвзагыл «Ирон газет», зæгъгæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны национ дзыллон информацийы фæрæзты бон 23-æм июлы нысан цæуы 1996 азæй фæстæмæ.

«Ирон газет»-ы фыццаг тираж уыд 500 экземпляры, газет цыд къуырийы дæргъы дыууæ хатты. Йæ фыццаг редактор уыд Бутаты Асланбег. Газеты мыхуыр цыдысты бирæ зындгонд авторты уацтæ Ирыстоны æппæт регионтæй. Хуссар Ирыстонæй æрмæджытæ æрвыста Гулиты Ефим. Газеты популярондзинад тынг бæрзонд кæй уыд, уымæ æнæкæсгæйæ хицауад бирæ хæттыты равдыста йе нæразыдзинад газеты архайды фæдыл. Кæройнаг хатдзæджы газет æхгæд æрцыд цыбыр рæстæджы фæстæ. Уый фæстæ газет ногæй рацыд 1917 азы. 1907 азы 8-æм марты Тифлисы рацыд дыккаг газет ирон æвзагыл — «Ног цард». Йæ организатортæ уыдысты хуссарирыстойнаг сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ Коцты Бидзина, Тедеты Петр, Тыбылты Алыксандр, Джиоты Никъала, Абайты Вано. Революцийы агъоммæ ма мыхуыры рацыдысты «Хабар» (1909 аз) æмæ журналтæ ирон æвзагыл: «Зонд» (1907 аз), «Æфсир» (1910 аз), «Хуры тын» (1912 аз) æмæ «Чырыстон цард» (1912 аз).

Хуссар Ирыстоны ирон æвза-гыл газет фæзынд 1924 азы. Уыцы аз 1-æм январы мыхуыры рацыд ирон газет «Хурзæрин». Уагътой йæ цыппар адæймаджы — Плиты Арон (редактор), Гасситы Никъала, Санахъоты Георги æмæ Гаглойты Мухтар. Бæрæг сты уынгты газеттæ чи рахæсс-бахæсс кодта, уыцы цхинвайлаг лæппутæ — Джиоты Гаврил æмæ Бибылты Суликойы нæмттæ. Ивгъуыд æнусы 20-30-æм азты Хуссар Ирыстоны уыцы иурæстæджы мыхуыры цæуын райдыдтой цалдæр рауагъды: литературон журнал «Фидиуæг», сатирикон журнал «Кæфхъуындар», газет-тæ «Хурзæрин», «Большевикон аивад», «Ленинон», «Æрыгон большевик», «Мах фæлтæр», «Пионеры хъæлæс», «Сабчъота Осети»… Æппæт рауагъдтæ дæр уыдысты иу бæстыхайы — 13 Коммунары уынджы 13-æм хæдзары. Сталины репресситы рæстæджы уыдонæй бирæтæ æхгæд æрцыдысты. Хуссар Ирыстоны ма цыд æрмæстдæр журнал «Фидиуæг» æмæ дыууæ официалон газеты — «Коммунист» æмæ «Сабчота Осети» ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл. Уымæй дарддæр ма мыхуыр цыдысты æртæ районон газеты: «Ленинон», «Дзау» æмæ «Социалистон фосдард». 1983 азы уырыссаг æвзагыл цæуын райдыдта ирон газет «Советон Ирыстон»-ы («Коммунист»-ы бæсты) дубляж. 1993 азы хицæнæй цæуын райдыдтой ирон газет «Хурзæ-рин» æмæ уырыссаг æвзагыл та — «Южная Осетия».

 

КÆД ÆМÆ КУЫД РАЙГУЫРДЫСТЫ «ХУРЗÆРИН» ÆМÆ «ЮЖНАЯ ОСЕТИЯ»

Советон Цæдис куы хæлд æмæ йæ фыдбылызы уылæнтæ Хуссар Ирыстонмæ дæр куы æрбахæццæ сты æмæ адæмы иу хайæн дзырд «советон» сæ цæсты сындз куы ссис, уæд бар-æнæбары ивындзинæдтæ цыд Хуссар Ирыстоны æхсæнадон-политикон царды дæр. Цæвиттон, зындгонд куыд у, афтæмæй раздæры областон газет «Хурзæрин» фæстæдæр цæуын райдыдта ног номимæ, ома, Хуссар Ирыстоны, æмткæй Советон Цæдисы советон хицауад кæронмæ куы фæуæлахиз, уæд газет «Хурзæрин»-æн дæр лæвæрд æрцыд ног ном, нырма «Коммунист», æмæ уый фæстæ та — «Советон Ирыстон». Газет куыд йæ фыццаг номимæ, афтæ йæ ног нæмттимæ дæр дæсгай азты дæргъы кад æмæ радæй æххæст кодта йæ разы лæууæг хæстæ, парти æмæ дзы хицауад цы домдта, уый æххæст кодта рæстæгыл.

Фæлæ ма йæ уæлдæр куыд банысан кодтон, афтæмæй бæстæйы куыдфæстагмæ сындæггай хæлын райдыдтой социализмы бындуртæ, советон цардæвæрд. Уыцы стыр фыдбылызы тыхтæ уайтагъд фæхæццæ сты Хуссар Ирмæ дæр. Æмæ адæмон хæдзарады иннæ къабазты æмрæнхъ, кæй зæгъын æй хъæуы, бандæвтой дзыллон информацийы фæрæзты куыст æмæ дарддæры архайдыл дæр. Æхсæнады цы ног тыхтæ фæзынд, уыдон домдтой газет «Советон Ирыстон»-ы ном фæивын дæр. Уымæн æмæ, дам, дзырд «советон» нал фидауы царды. Æмæ уымæ гæсгæ æцæгæйдæр бар-æнæбары хъуыд газеты ном фæивын. Æмæ уæд ног номы бирæ варианттыл рахъуыды-бахъуыдыты фæстæ, нæ азфысджытæй иу — Мæргъиты Алекси (ныртæккæ дзæнæттаг) æмæ æхсæнады æндæр активистты иу къордимæ бауынаффæйы фæстæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, газет «Советон Ирыстон»-æн, дуджы домæнтæн дзуапп чи ратдзæн, ахæм ном — «Хуссар Ирыстон» радтыны тыххæй. Уыцы хъуыдыимæ сразы сты редколлегийы уæнгтæ дæр. Æмæ 1991 азы дыккаг æмбисы æмбырды уыцы номы тыххæй цы суагъæ арæзт æрцыд, ууыл сразы хицауад дæр. Фæлæ уæддæр, газетæн ном «Хуссар Ирыстон» дæтгæйæ, цы аргументтыл æнцойчындæуыд? — бацымыдис кæндзысты газеткæсджытæ. Цæвиттон, зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы рæстæджы знæт Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ йæхи номæй нал дзырдта, фæлæ йæ схуыдта «Самачабло». Уымæн æмæ, дам, ном Хуссар Ирыстон у большевикты æрæмысгæ термин, æмæ, дам, уæдæ кæд абон большевиктæ нал сты, уæд «Хуссар Ирыстон» дæр нал ис!

Афтæмæй фашистон Гуырдзыстоны хицауады уыцы рæдыд хъуыдытæ æмæ къахдзæфтæн, рæстæгыл хъуыд аккаг дзуапп радтын. Æмæ, уæд редакцийы кусджытæ дæр фидарæй загътой ахæм хуымæтæджы æцæгдзинад, ома, кæд советон цардæвæрд фехæлд, нал ис Советон Хицауад, уæддæр уымæ нæ кæс-гæйæ, Хуссар Ирыстон уыд, ис æмæ дарддæр дæр уыдзæн! Æмæ уал, зæгъ, уæдæ нæ сæйраг национ газет дæр хъуамæ хæсса уыцы рæсугъд æмæ кадджын ном «Хуссар Ирыстон». Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстиуæгæн газет «Хуссар Ирыстон»-æн йæ уырыссаг дубляжы дæр схуыдтой «Южная Осетия».

Истори — историйы сыфтæм

Уый уал фыццаг аргумент. Дыккаг аргумент та уый уыд, æмæ уыцы рæстæджы Цæгат Ирыстоны уырыссаг æвзагыл уагъдцæуæг газет «Социалистическая Осетия»-йы ном дæр ивд æрцыд «Северная Осетия»-мæ. Æмæ уæдæ кæд Цæгат ис, уæд Хуссар дæр хъуамæ уа, ома, кæд Цæгат Ирыстон йæ бынаты баззад, уæд Хуссар Ирыстон цы фæцис?

Æртыккаг аргумент та уый уыд, æмæ уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны уырыссаг æвзагыл цы газет цыд, уый — «Заря Востока» йæ номæй бæрæг нæ уыд, кæй газет уыд, уый. Æмæ уый тыххæй Гуырдзыстоны хицауад йæ газеты схуыдта «Свободная Грузия», ома, дзы фæзынд термин «Грузия».

Цыппæрæм аргумент та уый уыд, æмæ Гуырдзыстоны хицауад раивта гуырдзиаг æвзагыл сæм цы газет уыд, уый — «Къомунистъи»-йы ном дæр. Схуыдта йæ «Сакартвелос республика», ома, дзырд «Сакартвелойæ» фæбæлвырддæр кодта, газет Гуырдзыстоны кæй у, уый. Уæдæ уæлдæр цы аргументтæ ранымадтам, æрмæст уыдон нæ, фæлæ ноджыдæр бирæ æфсæнттæ æрхæссæн уыдис, газеты «Хуссар Ирыстон» кæй схуыдтой, уымæн, фæлæ уал уыцы факттæ дæр фаг уыдысты йæ бындурæн.

О, фæлæ ирон газет уыцы ном — «Хуссар Ирыстон» бирæ нæ фæхаста. 1992 азты редакцийы разамынад ивд æрцыд ногæй, уыимæ — газеты ном дæр. Æмæ ног разамынад йемæ æрбахаста ногдзинад дæр: газет «Хуссар Ирыстон»-æн лæвæрд æрцыд, йæ райгуырдæй йыл цы ном сæвæрдтой, уый — «Хурзæрин». Æмæ уæдæй фæстæмæ газет цæуы ацы номимæ. Фæлæ уый хыгъд йæ ном нæ фæивта йæ уырыссаг дубляж, уый нæ, фæлæ ма стыр æхсызгонæн ссис сæрмагонд газет дæр. Æмæ абоны онг дыууæ газеты дæр сæрыстырæй хæссынц уыцы рæсугъд нæмттæ — «Хурзæрин» æмæ «Южная Осетия»!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.