Хуссарирыстойнаг æмбæстаджы РХИ-йы хъахъхъæнынады министрады кусджытæ кæй фæнадтой, уыцы инциденты фæдыл, республикæйы президенты уынаффæмæ гæсгæ сæ бынæттæй сæрибар æрцыдысты РХИ-йы хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимир æмæ сæрмагонд скондимæ куысты фæдыл хъахъхъæнынады министры хæдивæг Æлборты Игорь.

Уый размæ, 2022 азы 4-æм августы республикон бирæпрофилон медицинон центры территорийыл хъахъхъæнынады министрады кусджытæ камуфляжон формæйы æмæ маскæты фæнадтой хус-сарирыстойнаг æмбæстаг Джыгкайты Азæмæты, кæцыйы уый фæстæ аластой æбæрæг ранмæ службæйон автотранспортыл.

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ  ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Пухаты Владимиры тыххæй

  1. Пухаты Владимир Эдуарды фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæст кæнынæй.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

г.Цхинвал

2022 азы 12 август

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Æлборты Игоры тыххæй

  1. Æлборты Игорь Александры фырт сæрибар æрцæуæд сæрмагонд скондимæ куысты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министры хæдивæджы – сæрмагонд сконды куысты фæдыл хайады хистæры бынатæй.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

г.Цхинвал

2022 азы 12 август

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.