Фæстаг 2-3 азы бирæ арæзт кæй цæуы, рæсугъдæй-рæсугъддæр кæй кæны нæ горæт, уымæн цæрджытæ сæхæдæг сты æвдисæн. Фæлæ нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид хынцы, канд уынгтæ, административон æмæ цæрæн хæдзæрттæ аразын фаг кæй нæу. Хъæуы ма, нæ горæты адæм, стæй фæсивæд дæр сæ улæфт культурон æгъдауæй кæм суадзой, ахæм бынæттæ аразын дæр. Уымæ гæсгæ скульптор Бекъойты Аланæн бахæс кодта, цæмæй ахæм фенддаг бынæттæ сараза нæ горæты иууыл фылдæр адæм кæм змæлы, ахæм рæтты. Скульптор ахæм бынатæн райдианы равзæрста нæ горæты Театралон фæзуат æмæ уым Къостайы цырты цур аллеяйы арæзт æрцыд “Фатимæ”-йы фонтан. Фонтан арæзт æрцыд Текстилы районы дæр. Ныр та æндæр фонтан «Уарзæгой удтæ», – зæгъгæ, сырæзт Мамсырайы фырты уынджы. Ам скульптор нæ горæты цæрджыты æмæ уазджыты размæ рахас-та дыууæ уарзæгой уды скульптурæ. Уыдон сæхи бааууон кодтой аууондарæны бын, фонтаны дон та аууондарæныл згъоры æмæ кæлы чысыл бассеинмæ. Дыууæ æвзонг удæн æхцон у ахæм «къæвдайы» бын ныхас кæнын. Сæ хорз зæрдæйы равг, цыма, æнхъæвзы, йæ иувæрсты чи цæуынц, кæнæ сæ цуры чи æрлæууы, уыдонмæ дæр. Ам «Уарзæгой удты» фарсмæ ма сæ къамтæ фæисынц бирæ æвзонг адæймæгтæ дæр. Скульптор куыд зæгъы, афтæмæй ма ахæм фонтан, æндæрхуызон стилыл арæзт æрцæудзæн «Свет» магазины цур цæрæн корпусты раз дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ бæллиц у, цæмæй фылдæр архитектурон æмæ фенддаг бынæттæ арæзт æрцæуа нæ горæты æмæ уымæй та бирæ фæаивдæр уыдзæнис нæ горæт.

Фонтан «Уарзæгой удтæ» официалон æгъдауæй æрбайгом 14-æм июлы. Йæ байгом кæныны церемонимæ æрбацы-дысты Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, горæты администрацийы сæргъ-лæууæг Æлборты Алан, æндæр бæрнон кусджытæ æмæ уырдæм æввахс цæрæг цæрджытæ. Ирон æгъдаумæ гæсгæ сыл цæрджытæ сæмбæлдысты æртæ кæрдзын æмæ бæгæныйы кæхцимæ æмæ бахатыдысты Президентмæ, цæмæй сын раарфæ кæна.  – Хуыцау нын ноджыдæр радтæт æнтыстытæ, азæй-аз фидардæр куыд кæнæм, нæ цард рæсугъдæй-рæсугъддæр куыд кæна æмæ амондджын, æнæниз куыд уæм, – загъта Президент. Уый арфæ ракодта скульпторæн дæр æмæ йын йæ цæст бауарзта йе сфæлдыстадон куысты ноджы стырдæр æнтысты-тæ йæ адæмы хæрзиуæгæн æмæ кувæггаг авæрдта Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрикмæ. Уый дæр зæрдæбын арфæтæ ракодта нæ адæмæн, банысан кодта, зæгъгæ, амондджын уæд уыдзыстæм, нæ цард бæстон æмæ рæсугъд куы уа æмæ нын уыцы хъуыд-даджы та стырдæр æнтыстытæ куыд уа, Хуыцау нын уыцы амонд радтæт, зæгъгæ.

Фонтан гом кæныны церемонийы рæстæджы ма æрбацыдысты Белгородæй цытджын уазджытæ. Уыдон уыдысты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ, зонадон кусджытæ. Прези-дентимæ ныхас кæнгæйæ, уыдон загътой, кæй сæ цымыдис кæны Хуссар Ирыстоны æрдз, йæ географион равæрд, йæ историон цыртдзæвæнтæ. Президент Тыбылты Леонид сыл сæмбæлд хъарм зæрдæйæ æмæ загъта, зæгъгæ, Ирыстоны æппæт рæсугъддзинæдтæн афтæ тагъдыл фенæн нæй, æмæ сын цыбыртæй радзырдта Хуссар Ирыстоны цымыдисон бынæтты тыххæй. Уазджытæн æхсызгон уыд Президенты ахæм хъарм ахаст æмæ йын загътой бузныджы ныхæстæ. Уый фæстæ уазджыты бакодтой 5-æм скъолайы кæрты цы уæлмæрд сырæзт, уырдæм. Президент Тыбылты Леонид та йæ ныхас адарддæр кодта цæрæн массивы цæрджы-тимæ. Уыдон дзырдтой, æнæзакъонæй арæзт чи цæуынц, ахæм арæзтæдты тыххæй. Уыдон фыдуынд кæнынц горæтæн йæ иумиаг хуыз. Президент æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг дæр цæрджыты домæнтæ бахынцгæйæ, ныфс бавæрдтой, кæй æркæсдзысты ацы фарстмæ.

Президент ма бацыд æмæ бабæрæг кодта, цæрæн массивы цы библиотекæ ис, уый. Уый бацымыдис кодта чингуыты фондмæ, чиныг-кæсджыты нымæцмæ æмæ цæуыл тыхсынц, сæ разы цы проблемæтæ æвзæры, уыдонмæ. Библиотекæйы сæргълæууæг Ирина Проко-пенко йын загъта, зæгъгæ, сæ уавæртæ иууыл хæрзтæй не сты. Библиотекæ домы капиталон цалцæг, нæй сæм хъæрмад æмæ тыхсынц ахæм уавæрты. Тыбылты Леонид сын ныфс бавæрдта, кæй сын бахындзысты сæ домæн-тæ.

Президент ма бацыд æмæ бабæрæг кодта цæрæн массивы 80 аздзыд зæронд усыл æнамонд цау кæм æрцыд, уыцы фатермæ. Газы срæмыгъды аххосæй зæронд ус бахауд рынчындонмæ, фатер та у пырх.

Президентæн адæмимæ иудзинад кæй ис, уый та ноджыдæр сбæлвырд адæмимæ йæ фембæлды рæстæджы.

Бестауты валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.