Куыд зонæм, афтæмæй нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли хæс радта æх-хæсткæнынадон хицауады æппæт æмвæзадты чиновниктæн, цæмæй регулярон æгъдауæй уадзой цæугæ рабадтытæ æмæ скъуыддзаг кæной районты цæрджыты проблемæтæ, цы федтой æмæ бынæттон цæрджытæй цы фехъуыстой, уыдоныл бындуриуæг кæнгæйæ.

Ивгъуыд къуыри Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик уыдис йе ‘мбæлццæттимæ Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы. Ныр та Хъæууон хæдзарады министр министрады æндæр бæрнон кусджытимæ Пухаты Лев фæуазæг Дзаумæ.

Ам сыл фембæлдысты Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырыз-мæг, районы фермерон хæдзарадты сæргълæуджытæ, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадон архайд чи кæнынц, уыцы æмбæстæгтæ.

Фембæлды рæстæджы Хъæууон хæдзарады министр æрдзырдта, ныртæккæ республикæйы хъæууон хæдзарад, æмткæй сисгæйæ, цы уавæры ис, ууыл. «Нæ хъæуты сæйраг проблемæ у донхæры хъуагдзинад. Зæгъæм, Ленингоры район кæддæриддæр хъуыстгонд уыд йæ æфтиагджын зæххытæй. Халсаргуысты уыдонæн нæ уыд æмбал. Ныртæккæ уыдон донхæры хъуагдзинад кæй æййафынц, уымæ гæсгæ халсары куыст уадиссаг нал кæныныц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æвзæрæрдæм æндавы æмткæй республикæйы экономикæйыл», – дзырдта Пухаты Лев.

Министр куыд загъта, афтæмæй Дзауы районы приоритетон у фосдарды куыст, раджы рæс-тæджы ставдкъах æмæ лыстæгкъах фосдарды куыст кодта сæрмагондæй Дзауы район: «Мæнмæ афтæ кæсы, ныртæккæ дæр уыцы фæдыздæхтмæ хъæуы раздæхын», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Дзауы районы фермерон хæдзарадты ис 405 сæры ставдкъах фос, хицæн адæймæгты къухы та – 4112 стуры.

Дзауы районы фермерон хæдзарадты сæргълæуджытæ æрдзырдтой, сæ куысты мидæг цы зындзинæдтыл æмбæлынц æмæ хицауадæй цы æххуысмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы фарстатыл.

Цъоны хъæуы цæрæг Джиоты Анатоли фехъусын кодта бирæ азты, кæй кæны фосдарды куыст. Ныртæккæ та, зæгъ, у зымæгмæ холлæгтæ цæттæ кæныны рæстæг. Цæмæй уыцы куыстытæ бакæнæм, уый тыххæй та хъæуы техникæ. Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг ныфс бавæрдта Джиоты Анатолийæн, кæй йæм фæкæсдзысты æмæ йын кæй баххуыс кæндзысты. Тъонтобеты хъæуы фермер Коцты Александр дары 80 стуры, уыдонæн се ‘мбис у хъалмыхъхъаг мыггаджы стуртæ. «Афæдз 400 мин сомы бæрц ацæуы, цæмæй уыдонæн зымæгмæ æрцæттæ кæнон холлаг. Уæлдай проблемон та нын у доны ифтонгад. Цæмæй дон рауадзон, уый тыххæй та мæ хъæуы техникæ. Хицауады æххуысæй, цалдæр азы размæ цы фермæ арæзт æрцыд, уый ныридæгæн цадæггай хæлы, цы бирæнымæц техникон згъуыдтимæ арæзт æрцыд, уый аххосæй. Йæ алфæмблай нæй, фос дон кæм баназой, ахæм бынат. Уымæ гæсгæ фосæн дон дарын афон куы вæййы, уæд сæ бахъæуы цалдæр километр дæрддзæфмæ аскъæрын», – хъаст кодта фермер.

Районы администрацийы сæргълæууæг ныфс бавæрдта Коцты Александрæн, тагъд рæстæджы йын æххуыс кæй æрцæудзæнис, йæ фермæмæ йын дон кæй рауадздзысты.

Хъæууон хæдзарады министримæ фембæлынмæ æрбацыдысты районы хъæууон администрациты сæргълæуджытæ  æмæ уыдон дæр дзырдтой сæ проблемæтыл. «Хъæуты африкæйаг емынæйæ цы хуытæ амардысты, уыдон адгуытæ æмæ цæугæдæттæм цæмæй æппæрст ма цæуой, уый тыххæй хъæутæм æввахс хъæуы сæрмагонд уæрмытæ скъахын», – дзырдта Пухаты Лев. Ацы фарст сахуыр кæнын, хæсгонд æрцыд Дзауы районы администрацийы ветеринарон хайады сæргълæууæгæн.

Хъæууон хæдзарады министримæ ма уыдысты йæ хæдивджытæ æмæ дзырдтой хъæууон хæдзарады рæзтæн цы фæндæгтæ уынынц, уыдоныл. «Банысан æрцыд, зæгъгæ, ныртæккæ бюджеты уадиссаг кæй ницы фæрæзтæ ис, уымæ гæсгæ, алы фермерон хæдзарад дæр, сæйраджыдæр, йæхи тыхтыл хъуамæ æууæнда, фæрæзтæ куы фæзына, уæд та æххуыс цæудзæнис, активондæр куыст цы фермерон хæдзарадтæ кæной, уыдонæн.

Фембæлды дзырд цыд, æрæджы нæ республикæйы Инвестицион программæйы фæлгæтты цы дзидзакуысткæнæн завод арæзт æрцыд, «Растдон», зæгъгæ, уый куыстыл дæр. Куыд зонæм, афтæмæй уыдон нæ исынц зæронд стуры фыд. Ома, дам, нæ бренд ма фесафæм, уый æфсонæн. Уый хъæууон цæрæджы пайдайæн кæй нæу, ууыл катай кодтой фембæлды рæстæджы.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг фæндон бахаста, цæмæй Дзауы районæн йæхи мидæг арæзт æрцæуа минифосæргæвдæн. Уымæн æмæ хъæууон цæрæгæн йæ хъуг цалынмæ йæ дарæг уа, уæдмæ йæ дзидзакуыстгæнæн заводмæ нæ ратдзæнис.

Ацы æмæ æндæр фарстатыл лæмбынæгæй дзургæйæ, агуырдæуыд фæндæгтæ фермерон хæдарадты кризисон уавæрæй рахизыны фæдыл.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæгæн хæсгонд æрцыд, цæмæй йæ специалисттимæ иумæ мониторинг ауадзой районы уæвæг зæххыты фæдыл, картоф садзынæн хуыздæр уавæртæ цы бынæтты ис, уыдон сбæлвырд кæныны фæдыл.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.