РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагъта рауæрæхгонд кусæгон æмбырд фиддонон æмæ æнæфиддонон фæрæзтæй паддзахадон бюджеты æфтиагджын хай фæфылдæр кæныны фарстыты фæдыл.

Æмбырды куысты хайад райстой Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Тъехты Алан, Экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильям, Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат, Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты сæрдар Къацты Владимир, æндæр профилон структурæты, афтæ ма республикæйы паддзахадон унитарон куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ.

Ацы аз Хицауад хъалонты органтæн бакодта хæслæвæрд хисæрмагонд фиддонты æмæ æнæфиддонты æфтиæгтæ 10 проценты фæфылдæр кæныны тыххæй.

Абон цахæм у сæ динамикæ, цахæм проблемæтыл æмбæлынц хъалонтæй æрбацæугæ фæрæзтæ администрир кæныны рæстæджы, куыд æй фæхуыздæр кæнын хъæуы, уый тыххæй дзырд цыд æмбырды.

Къацты Владимир фехъусын кодта абаргæ бæрæггæнæнтæ 2015 æмæ 2016 азтæн. Ацы аз аст мæймæ фиддонтæй æрбацæугæ фæрæзтæ сты 437723, 1 сомы, ивгъуыд азы аналогон рæстæджы та уыдысты 427340,7 сомы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфтиæгты рæзтæн фæахъаз сты къорд мадзæлттæ, уыцы нымæцы хъалонты закъондæттынадмæ ивындзинæдтæ бахæссын дæр, кæцыйы руаджы гæнæн ис æнхъæлмæ кæсæн 2016 азы паддзахадон бюджетмæ хисæрмагонд æфтиæгты 10-11 проценты рæзт.

Уыимæ, номхуындæй, Хъалонты сноггонд кодексы уагæвæрдтæ иуæй-иу куыстуæттæ кæй не ‘ххæст кæнынц, уый у сæйраг ныхдур хуыздæр фæстиуджытæ къухты бафтын кæнынæн. Æниу банысанчындæуыд, зæгъгæ, иумиагæй фиппайдæуы паддзахадон унитарон куыстуæтты фиддонты рæзт.

Уый фæдыл Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон унитарон куыстуæттæ сты ликвидацийы уавæры, æмæ уый хынцын хъæуы, æмæ ма дзы чи баззайа, уыдон хъуамæ фæивой хæдзарад дарыны формæтæ. Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, ацы къабазы уавæр гæнæн ис æмæ фæхуыздæр кæна приватизацийы тыххæй закъон, кæцы ныртæккæ æркæсынмæ ис республикæйы Парламенты.

Уынаффæйы рæстæджы дзырд цыд куыстуæттæ реструктуризацигонд хæстæ æмæ афтæхуыйнæг «куысты мигранттæ» кæй нæ фидынц, уыцы проблемæйыл дæр, кæцытæ алыгъуызон æфсæнттæм гæсгæ сæхи тылиф кæнынц хъалонтæ бафидынæй, кæд æмæ фактмæ гæсгæ куысты архайд æххæст кæнынц, уæддæр.

Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, хъалонты базæ æмæ администрир баххæст кæныны проблемæ алыхатт дæр уыдзæн актуалон æмæ бахæс кодта бæрнон структурæтæн сæ фæндæттæ бакусыны тыххæй.

«Хъалонтæ æмæ фиддонты къабазы цæстдарæн æмæ контролгæнæг органты хъæуы куысты ахæм формæтæ ссарын æмæ басгарæн мадзæлттæ ауадзын, цæмæй архайдтытæн уа максималон эффект. Мах коллегиалон æгъдауæй æруынаффæ кодтам абоны боны фæткы æппæт фарстытыл æмæ æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, махæн ис потенциал хисæрмагонд фиддонты æмæ æнæфиддонты æфтиæгты рæзтæн. Ууыл хъæуы хуыздæр кусын», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.