Абон дæр кæд уæззау рæстæгыл нымад цæуы, уæддæр ныртæккæ цы хъомысджын алыгъуызон техникæ фæзынд адæмон хæдзарады, уыдонæн кусын бирæ æнтысы. Цæвиттон, боны дæргъы мæр афæлдахдзæн дзæвгар гектартæ, æнтысгæйæ æмæ цыбыр æмгъуыдтæм сæххæст кæндзæн, дæргъвæтин рæстæгмæ раздæры хуымгæнæн трактор цы куыстытæ бакодтаид, уыдон. Фæлæ зæгъын хъæуы, ивгъуыд æнусы райдианы хъæууонхæдзарадон техникæ уыд кадавар, æмæ æппæт куыстытæ æххæст кæнын хъуыд галтæ, дзывыр æмæ лæгдыхæй. Лæгдыхæй куыстой, Чъехы къанау кæй хуыдтой, уый аразыныл дæр. Областы уæды разамынд сфæнд кодта, цæмæй хъæууонхæдзарадон алыгъуызон культурæтæй истаиккой хъæздыг тыллæг, фæфылдæр уыдаид зæхкуысты культурæ, экономикон æгъдауæй сфидар уыдаиккой нæ хæдзарадтæ. Кæд Стыр Фыдыбæстæйон хæст йæ тæккæ карзыл уыд, уæддæр ацы ахсджиаг арæзтадмæ здæхтæуыд стыр хъусдард æмæ архайдтой йæ аразыныл.

1942 азы 10 февралы Хуссар Ирыстоны Облæххæстком райста уынаффæ ам арæзтадон куыстытæ адарддæр кæныны тыххæй, цæмæй уыцы аз донхæр æрцыдаиккой 3600 гектары зæххытæ. Уый тыххæй бюджетæй рахицæн æрцыд 850 мин сомы æмæ дзы хайад та райстаиккой колхозонтæ. 1946 азы 15 ноябры 13-æм сессийы уынаффæйæ та куыд бæрæг у, афтæмæй Чъехы донхæргæнæн къанауы кæронмæ арæзтадæн та рахицæн æрцыд 1274 мин сомы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы арæзтад æгæр ныддаргъ, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ йæм уазал цæстæй кастысты, нæ йыл куыстой.

Доны ахадындзинад зыдтой цæрджытæ æмæ куыстой уæхскуæзæй, цæмæй сæххæст уыдаид кæронмæ, областы къухдариуæгад цы ахсджиаг уынаффæ райста, уый. Абон уæды энтузиаст æмбæстæгты фыдæбоныл æрмæст хъуыды куы акæнай, уæд дæр дисы бахауы адæймаг сæ фæразондзинад æмæ быхсындзинадыл. Æрмæстдæр сæ кусæнгæрзтæ уыдысты бел, мæцъис æмæ сæхи цæнгдых, фæлæ фæллад нæ зыдтой, сомбон æхсæнадон æмæ хисæрмагонд хæдзарадты зæххытæ донæй æфсæст кæй уыдзысты, уыцы ныфсæй. Æмæ сæххæст сæ рагон бæллиц Тъбет, Цъунар, Уелит æмæ æндæр хъæуты цæрджытæн, æрхæццæ сæм дон æмæ уый фæстиуæгæн дардыл сæхи айвæзтой дыргъдæттæ, сæндæттæ куыд колхозон, афтæ æмбæстæгты хисæрмагонд зæххы фадгуыты дæр. Уый фæрцы хуыздæрæй хуыздæр кодта цæрджыты фæрныгад дæр. Уыцы хъуыддагæй абон дæр райгонд сты æмбæстæгтæ, æрмæст зæгъын æмбæлы иу згъуыды тыххæй. Ацы системæ хауы Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-мæ, раст зæгъын хъæуы, куыстуаты разамынд æмæ йæ кусджытæ сæ куыстмæ кæсынц бæрндзинады цæстæй, архайынц, цæмæй донæй ифтонг уой, чи дзы пайда кæны, уыдон. Фæлæ ма ам æнæзæгъгæ нæй ноджыдæр иу згъуыды тыххæй: рауадзынц æй, сæрд куы æрбалæууы, уæд æмæ йæ хицæн та акæнынц сентябры мæйы кæрон. Сæ ныхас вæййы, доны сезон фæци, зæгъгæ, цыма радон улæфты ацæуы, уыйау. Уый тыххæй цæрджытæ æвдисынц се ‘нæразы-дзинад æмæ домынц, цæмæй ацы зыгъуым-мæ хъуыддагæн скæной кæрон. Ныртæккæ та хъарм бонтæ райдыдта, дон сæлгæ нæма кæны, уымæ гæсгæ фос дон кæм баназой, уый сын нæй. Зæхкуысты агротехникæ куыд амоны, афтæмæй донхæр хъуамæ мæр æййафа фæззæджы дæр. Иудзырдæй, ацы зыгъуыммæдзинадæн хъæуы кæрон скæнын, æмбæстæгты фæндон мурмæ дарынæн та бар никæмæн ис.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.