Цалдæр боны размæ интернеты фæзынд ахæм видеоæрмæг, цыран нæ ирон хæстон лæппутæ Донбассы зæххæй зæрдиаг арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ кæнынц Гæбæраты Альзирæ æмæ Хуыбежты Радикæн, сæ æдасдзинады тыххæй сын квадракоптер æмæ ма æндæр хъæугæ дзаумæттæ кæй самал кодтой æмæ уайтагъд сæ къухтæм кæй бахаудысты, уый тыххæй. Видеоæрмæджы бæрæг у, лæп-путæн стыр æхсызгон кæй уыд сæ райгуырæн бæстæйæ рохуаты кæй не сты, æмæ сын сæ ныфсыл уæлдай ныфс кæй уадзынц се ‘мзæххонтæ, уый. Патриот лæппутæ Ирыстоны адæмы раз дзырд дæттынц, зæгъгæ, æппæт дæр араздзысты, цæмæй макуы фæхудинаг кæной ирон адæм æмæ Ирыстоны. Æмæ уый, æцæгæйдæр, афтæ у. Арæх æрыхъуысынц се сгуыхтдзинæдты хабæрттæ Донбассы зæххæй.

Февралы мæйы райдианы Гæбæраты Альзирæ сфæнд кодта ирон хæстонтæн истæмæй балæггад кæнын сфæлдыстадон коллектив «Звездный Юг»-ы æххуысæй. Бацæттæ кодтой æмæ радтой хæрзаудæн концерт «Внуки легендарных дедов» Цхинвалы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй ныффыста ног зарæг «Вперед, Россия, вперед, с тобой осетинский народ», зæгъгæ, ахæм номимæ, кæцыйæн премьерæ уыдис ацы хæрзаудæн концерты. Цы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд кодтой, уыдонмæ ма нæ горæты цæрæг Хуыбежты Радик дæр бафтыдта йæхи æхцайы фæрæзтæ æмæ дзы нысанмæздæхтæй спайда кодтой – хæстон лæппутæн балхæдтой квадракоптер æмæ æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ.

Эстрадон къорд «Звездный Юг»-ы къухдариуæггæнæг Гæбæраты чызг дыууын азæй фылдæр ис сфæлдыстадон тыгъдады, фыссы æмдзæвгæтæ æмæ музыкæ эстрадон зарджытæм æмæ афтæмæй цалдæр фæлтæрæн Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты ссис популярон. Уый йæ куыст афтæ уарзы æмæ æппæт зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, кæддæриддæр тыхтæ æмæ амæлттæ ссары, цæмæй йæ зæрдæйы цы æнкъарæнтæ райгуыры, уыдон адæмы рæгъмæ рахæссынæн. Æдæппæтæй Альзирæйы сфæлдыстадон къæбицы ис 80 музыкалон композицийæ фылдæр, фæлæ, хъыгагæн, иууыл нæма рацыдысты. Цы зарджытæ йын бантыст рауадзын, уыдон та, æцæгæйдæр, систы популярон. Хуссарирыстойнаг адæмæй Уæрæсейы кæнæ фæсарæнты чи цæрынц, уыдонæн та сты уæлдай уарзондæр, уымæн æмæ зарджытæ сты къуыдайраг ныхасы здæхтыл. Æмæ афтæмæй фæсивæды зæрдæмæ цæуынц ноджы тынгдæр.

Гæбæраты Альзирæ сылгоймаг уæвгæйæ цы стыр хæрзиуæгон хъуыддаг сарæзта, уый у раппæлинаг æмæ æндæртæн та бафæзминаг. Альзирæ никуы ахъуыды кодтаид æмæ кæддæр хæстмæ Украинæйы зæхмæ гуманитарон æххуысы тыххæй хæрзаудæн концерттæ цæттæ кæндзæн, стæй хæстон лæппуты фарсмæ балæууыны тыххæй зарджытæ фысдзæн, ууыл. Фæлæ хуымæтæг æмæ уæздан сылгоймагыл дæр рæстæджы зындзинæдтæ бандæвтой æмæ йæ курдиаты руаджы куыд йæ бон уыд, афтæ балæггад кодта хæстонтæн. Абон мах фæнды Гæбæраты Альзирæйæн 8-æм марты бæрæгбоны сæраппонд раарфæ кæнын. Фыццаджыдæр ын нæ зæрдæтæ зæгъынц фидар æнæниздзинад æмæ йын Хуыцау цы диссаджы удыхъæд æмæ курдиат балæвар кодта, уымæй дарддæр дæр адæмы зæрдæтæ цы рухс кæна. Цы фæндтæ æмæ цы бæллицтæ йæм ис, уыдон ын сæххæст уæнт йæхи фæндиаг!

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.