14 февралы Гæззаты Вадимы номыл Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы Къорды сырæзтыл сæххæст 29 азы. Иннæ азтау та ныр дæр Къорды территорийыл уагъд æрцыд кадджын мадзал – цытджын церемони. Ардæм фæуазæг сты бæстæйы президент Бибылты Анатоли, Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад, Æдасдзинады Советы секретарь Уалыты Валери, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ, хицауады уæнгтæ, Къорды ветерантæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мерабы номæй ОМОН-ы кусджытæн раарфæ кодта Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан. Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«ОМОН у реалон тых, кæцыйы бон у æмбæлон æхсæнадон фæтк æрæвæрыны тыххæй вазыгджын службæйон-хæстон хæстæ æххæст кæнын, куыд хуымæтæг, афтæ ма экстремалон уавæрты дæр. Ацы Къорды чи куыста, уыдон егъау хайбавæрд бахастой нæ æрыгон Республикæйы арæзтад æмæ размæцыдмæ. Ирыстоны хæдбардзинад æмæ нæ адæмы сæрибарыл тохы тыххæй сæ цард цы лæппутæ радтой, уыдоны хъайтардзинад цæрæнбонтæм баззайдзæнис нæ зæрдæты, уымæн æмæ уыдоны æрымысын махæн у стыр цыт. Абоны бон мах нæ сæртæ ныллæг къул кæнæм сæ хъæбатырдзинад æмæ хъæддыхдзинады тых-хæй. Ныфс мæ ис, æмæ ОМОН-ы кусджытæ дарддæр дæр службæ кæй хæсдзысты цæсгомджынæй æмæ кæй æххæст кæндзысты сæ разылæууæг хæстæ».

Бибылты Анатоли дæр зæрдиаг арфæ ракодта ОМОН-ы кусджытæн сæ профессионалон бæ-рæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы спецкъорд сырæзт нæ райгуырæн бæстæйæн иууыл уæззаудæр рæстæджы.

«Уыцы карз дуджы ОМОН-ы кусджытæ хъахъхъæдтой æхсæнадон фæтк æмæ адæмы æдасдзинад, тох кодтой куыд æддагон знæгтимæ, афтæ мидæггагон деструктивон элементтимæ дæр. Абоны бон дæр Къорд цæсгомджынæй æххæст кæны йæ оперативон-службæйон хæстæ æмæ мæ уый тыххæй стыр бузныг зæгъын фæнды ОМОН-ы ветерантæн, кæцытæ бирæ азты дæргъы æнæзæрдæ-худтæй феслужбæ кодтой æмæ равдыстой лæджыхъæд Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Хъыгагæн, бирæ хъайтар лæппутæ фæхъуыдис ОМОН-ы рæнхъытæй, куыд æддагон знæгтимæ тохты, афтæ бынæттон фыдгæнджыты къухтæй дæр. Уыдон систы ныры фæлтæртæн фæзминаг сæ удыхъæдæй æмæ æхсардзинадæй», – загъта Президент æмæ бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй сын сæ рухс нæмттæ, иу уысм æдзæмæй алæугæйæ, ссарой.

Бæстæйы сæргълæууæг ма банысан кодта, ОМОН-ы кусджытæй бирæтæ хорзæхджын кæй æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй, æгæрыстæмæй ма нæ Республикæйы уæлдæр хорзæх – «Уацамонгæ»-йы орденæй дæр. Уымæй уæлдай ма Президент æрдзырдта не ‘хсæнады ныры æндыгъд уавæры тыххæй дæр.

«Фæзынд нæм ахæм политикон тыхтæ, кæцытæ архайынц, цæмæй милицийы бакæнгæ куыстæн кад ма уа. Цъыф калынц, куыд барад-хъахъхъæнæг органтыл, афтæ ма нæ республикæйы къухдариуæгадыл дæр. Фæлæ уæм æз сидын, – ма хъусут уыцы фыдкойтæм, фæлæ дарддæр цæсгомджынæй хъахъхъæнут æхсæнадон фæтк. Æрмæстдæр сымах хуызæтты фæрцы æдасæй нæ адæм сæхи хатынц», – æрсидт Къорды кусджытæм Бибылты Анатоли.

Сæ арæхстдзинад æмæ иузæрдион лæггады тыххæй цалдæр кусæджы бæстæйы Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта хицауадон хорзæхтæй.

Се службæйон хæстæ иттæг хорз кæй æххæст кæнынц, уый фæдыл Кокойты Тарзан дæр схорзæхджын кодта цалдæр кусæджы ведомствæйон хорзæхтæй.

Кадджын церемонийы фæстæ Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад æмæ Къорды кусджытæ веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой ОМОН-ы фæмардуæвæг кусджыты цыртыты раз Тъбеты хъæуы æмæ ТЭК-ы.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.