Цас зынаргъ дын хъуамæ уа, кæм райгуырдтæ æмæ схъомыл дæ, уыцы къуым, цæмæй йыл цæрæнбонтæм афтæ иузæрдыг æмæ æнувыд уай!.. Цæмæй дæ царды цы æвæджиагдæр нысæнттæ ис, уыдоны сæйрагдæртæй иу уа, дæ фыццаг къахдзæфтæ цы хурæфсæст зæххыл акодтай, уыцы зæххы хъæбулы уарзтæй рæвдауын, йæ хъармæй йын æндæрты дæр тавын…

Джусойты Нинæйы йæ хъысмæт Къахетгомæй стыр Ирыстонмæ раджы рахаста, хæрз æвзонгæй фæстæмæ цæргæ Дзæуджыхъæуы кæны, фæлæ йын уæддæр, йæ рагбонты авдæны зарæгау, адджын æмæ æнæкæрон зынаргъ у Къахетгом. Чизоны уымæн, йæ фыд Серги йыл ноджы æнувыддæр кæй уыд… Фыццаг уый райдыдта Къахетгомы адæмы истори уырзæй æвзарын, йæ цинтæ, йæ хъыгтæ йын иу рæттæм æмбырд кæнын æмæ сæ фидæны фæлтæртæн истори фыссын. Ахæм фыды фарсмæ цы хъæбул рæза æмæ хъомыл кæна, уый суинаг уды куыднæ хъуамæ райгуыра йæ фыды фарн…

Фæлæ нæ – Хуыцауы бын алкæмæн дæр йæхи ныхыфыст ис. Уымæй куы уаид, уæд ма Сергийы фæрнджын хæдзары схъомыл æндæр кæстæртæ дæр. Бирæ æндæр кæстæртæ схъомыл æнæхъæн Къахетгомы дæр, фæлæ уыдонæй æрмæстдæр Нинæ сæвæрдта йæ разы райгуырæн къуымы фарны уд бауадзыны, чи йæ нæ зыдта æмæ зоны, уыдонæн дæр æй бауарзын кæныны хæс.

Йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ йæ бонзонгæ цард мыхуыры хъуыддагæн чи снывонд кодта, уыцы чызг æрмæст Къахет æмæ Къахетæй рацæугæ адæмыл нæ фыста – уæрæх уыд æмæ у, йæ цæстныдзæвæн кæй онг æххæссы, уыцы тыгъдад. Ирыстон æмæ ирон адæмы хæрзæбоныл чи архайдта, йæ раттæг адæмы фæрныгадæн чи райгуырд, ахæм адæймæгтæй бирæтыл сфæлдыста очерктæ, сфæлдыстадон портреттæ, Ирыстонæн ахæм цин, ахæм рыст нæй, уый кæуыл нæ бацин кодта, уый кæуыл нæ фæрыст. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр, куыд фæзæгъынц, Къахет æмæ къахетаг адæм сты йæ журналистон архайды сæйраг «объекттæ».

Йæ æцæг, йæ историон райгуырæн бæстæйæ иппæрд чи уа, уыцы райгуырæн къуым хъулон уарзтæй уарзинаг кæй хъуамæ уа, уый дæр дызæрдыггаг нæу, хъуамæ уый дæр уа рæгъмæ рахæссинаг, фæлæ та ам дæр уыцы абарст Нинæйæ раздæр никæмæ хауы. Уымæй арфдæр ничи ныккаст, кæддæр Ирыстонæй хуыздæр цардагур Къахетмæ чи фæлыгъд, фæлæ тæдзынæгæй цыхцырæджы бынмæ чи бахауд, уыцы сайдвæстаг адæмы хъысмæтмæ. Нинæ бирæ уацты равдыста, ныры Къахетгом кæддæры цъыфдзаст æмæ зæрæстон зæххытыл ирон адæмы фæрцы кæй ссис цæрынæн бæзгæ бæстæ, ирон адæм дзы кæй бауагътой царды уд. Сæ чъиухид, сæ удуæлдай фæллойæ. Æмæ кæд уыцы райгуырæн къуым географион æгъдауæй Ирыстоны зæххыл нæй, кæйдæр, æцæгæлон бæстæйы территорийыл ис, уæддæр дзы ирон уидæгтæ æгæр арф ацыдысты – афтæ арф æмæ йыл нæхицæй æддæмæ тыхæй куы хæцæм, уæддæр нын нал бантысдзæн йæ адард кæнын, уæддæр уыдзæн нæ историйы иу хай, нæ Фыдыбыстæйы иу хъаймаг хай. Фæнда нæ æви нæ, Къахет дæр нын Ирыстон у æмæ Ирыстонау уарзинаг у, уымæн æмæ уыцы Къахет ирон адæмы хуыздæр хъæбултæй бирæты авдæн у. Уыцы авдæны цы бирæнымæц ахуыргонд адæм, фысджытæ, нывгæнджытæ, аивады архайджытæ, спорты дæснытæ, дохтыртæ æмæ æндæр дæсныйадтыл хæст зындгонд ирæттæ  схъомыл, уыдон нæ нацийы фарны иу хай сты æмæ нын хъуамæ сæ райгуырæн, сæ раттæг къуым дæр зынаргъ уа нæхи, нæ историон Райгуырæн бæстæ Ирыстонау.

Æмæ нæ уыцы фæрнджын бæстæимæ Нинæ ноджы æввахсдæр зонгæ кæны йæ ног чиныг «Къахетаг Ирыстон»-ы, кæцы рухсмæ фæзынд ацы бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты хъæппæрисæй.

Уый автор-чиныгаразæгæн у йæ бирæазон журналистон куысты фæллой. Чиныджы цы алыгъуызон хъæздыг æрмæг ис, уыдонимæ гæнæн ис базонгæ уыдаиккам хицæнтæй дæр, фæлæ уæддæр чиныг æндæр цыдæр у, æнæхъуаджы йæ нæ хонæм царды айдæн. Чиныг хорз арæзт куы уа, бæстон куысты фæстиуæгæй куы райгуыра, уæд йæхæдæг удæгас цард, удæгас истори у. Афтæ зæгъæн, æнæдызæрдыгæй, ис Джусойты Нинæйы ног чиныгæй. Уый арæхстджынæй нывнæлдта Къахетаг Ирыстоны историйы æрфытæм, йæ фæзынды гуырæнтæм æмæ дзы цыдæриддæр цымыдисаг, дзыхыакæнинагæй ссардта, уыдон нын уырзæвзæрстæй равæрдта нæ разы. Лæмбынæг нæ зонгæ кæны Къахеты рагистори æмæ йæм ирæттæ цæрынмæ цы уавæрты æрхаудтой, уыдæттимæ, йæ рагон царды хабæрттимæ, цы диссаджы адæм дзы цард, уыдоны сгуыхтдзинæдтæ æмæ лæгдзинады хабæрттимæ, комбæсты размæцыдимæ, уыцы комбæстæ Ирыстонæн цы разагъды адæм балæвар кодта, уыцы адæмы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

Чиныджы тираж йæ кæсджытæм æххæстæй нæма фæхæццæ, афтæмæй ныридæгæн дæр фехъусæн ис ахæм дисы ныхæстæн: «а-а-а, уый дæр къахетаг уыд?»,  «мæнæ диссаг, уый дæр Къахетæй рацæугæ у?..» – æмæ афтæ дарддæр. Уый та ууыл дзурæг у, автор-аразæгæн йæ хъиамæт æнæхъуаджы кæй нæ фæцис, йæ куыст нысанмæздæхт кæй рауад, кæй йын бантыст, йæ разы кæй сæвæрдта, уыцы хæс æнтыстджынæй сæххæст кæнын.

Чиныджы æрмæджытæ ис, куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр, фæлæ уымæй йæ ахсджиагдзинад æмæ ахадындзинад уæлдæры йедтæмæ дæлдæр нæ кæнынц. Уæлдай цымыдисон уый у, æмæ уыцы æрмæджытæй алкæцыйы бакæсгæйæ дæр чиныгкæсæг æнæахъуыдыгæнгæ нæ фæуыдзæн, – уырыссагау фыст сæ чи æрцыд, уыдон уырыссагау фыст æнæмæнг кæй хъуамæ уыдаиккой, иронау фыст чи у, уыдон та – иронау…

Æниу ирон адæммæ цы æнусон миниуæг ис – хуры цæсты дæр сау стъæлфытæ агурын – уый уæддæр æмæ уæддæр йæ кæнон бакæндзæн. Куыдфæндыйæ дæр разындзæн афтæ зæгъджытæ: «уый æмæ дзы уый кой нæй», «уыцы æмæ дзы уыцы хабæрттæ нæ разындысты», «уыцы æмæ уыцы хъæуæй ничи бахауд чиныгмæ» æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ ахæмтæн рагацау хъæуы зæгъын: Табуафси – ай мæнæ бæстæ уæлгоммæ у, ныр алы фадæттæ дæр ис æмæ йæ сымах фæхуыздæр кæнут…

Гъемæ йæ кæд исчи фæхуыздæр кæна, уæд æхсызгоны йедтæмæ хъыг никæмæн уыдзæн. Нинæ та сарæзта стыр арфæйаг хъуыддаг æмæ йын уый тыххæй хъæуы бузныг зæгъын, зæрдæбын æмæ цæстуарзонæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.