(Профессор Васили Любины райгуырдыл сæххæст 100 азы)

Ацы бонты йæ сæдæ азы юбилей банысан кодта, археологийы къабазы дунеон зонадмæ стыр бавæрд чи бахаста, уыцы зындгонд уæрæсейаг ахуыргонд Васили Любин. Хъысмæт æй цы даргъ зонадон фæндагыл рацæуын кодта, ууыл уый, зæгъæн ис, йæ фыццаг къахдзæфтæ акодта Хуссар Ирыстоны зæххыл. Одессæйы паддзахадон университеты историон факультет каст фæуыны фæстæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Любины бахъуыд йæ тугæйдзаг фæндагыл кæронмæ фæцæуын. Йæ риуыл цы ордентæ æмæ майдантæ конд æрцыд, уыдон та дзурæг уыдысты йæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл.

Хæсты фæстæ æрыгон лæппуйы йæ хъысмæт æркодта Хуссар Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта, Цхинвалы фæллойадон колонийы цы скъола уыдис, уым ахуыргæнæгæй. Æмæ йæ чи зоны, цас дзы фæкуыстаид, куыд рауадаид йæ царды фæндаг, йæ царды иу хуымæтæджы цау куынæ æрцыдаид, уæд. Иу ахæмы уый ссардта æнахуыр дур. Йæ формæ йæм цымыдисон фæкаст æмæ йæ фенын кодта бынæттон музейы кусджытæн. Уыцы предмет разынд рагон æрхуы фæрæт. Уæдæй фæстæмæ йæ археологи æнахуыр тыхæй йæхимæ æрбалвæста. Иу ахæмы та уый байхъуыста Эрмитажы кусæг, фæстæдæр зыдгонд историк Евгения Пчелинайы докладмæ Цхинвалы. Уый уæд уыдис Хуссар Ирыстоны археологион экспедицийы. Любин базон-гæ йемæ æмæ хайад исын райдыдта экспедицийы сконды къахæн куыстыты. Уæд къахæн куыстытæ кодтой Знауыры районы æмæ Хъемултамæ хæстæг бынæтты. Евгения Пчелина фæхатыд лæппуйы цымыдис æмæ æвзыгъддзинад археологимæ æмæ йын бацамыдта, цæмæй йæ ахуыр аспирантурæйы адарддæр кодтаид. Æмæ, Ирыстонмæ уарзондзинад йæ зæрдæйы арф нывæр-гæйæ, ацыд Пчелинайы амынд фæндагыл. Аздæхт фæстæмæ Ирыстонæй, аз-дæхт, цæмæй йæм фæстæмæ æрыздæха цæттæ ахуыргондæй æмæ æгас ду-нейæн равдиса, йæ хъæбысы æмбæхст чи сты æмæ рагзаманты адæймаджы цардыл дзурæг чи сты, уыцы æвæрæнтæ. Æмæ ныр, кæд цæрынмæ нæ  йæ куысты бынат дард Ленинграды уыд – уæддæр 35 азы дæргъы цыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ кодта ахадæн иртасæн куысты. Археологион экспедициты сæргъ лæууыд йæхæдæг. Иртасæн объекттæ та,  сæйраджыдæр, уыдысты Къуыдары лæгæттæ. Ам кусгæйæ цы æрмæг æрæмбырд  кодта æмæ уыдоны фæдыл цы зонадон куыстытæ ныффыста, уыдоны руаджы йæ ном айхъуыст дунеон зонады æмæхсæнадыл. Ам, Къуыдары лæгæтты, уый ссардта рагон адæймаджы лæууæн бынæттæ. Æдæппæт дзы ссардæуыд 7 мин предметы бæрц  кусæн мигæнæнтæ, фаунæ æмæ флорæйы баззайæццæгтæ… Уыдонæй бирæтæ сæ бынат ссардтой Санкт-Петербурджы Эрмитажы музейы æмæ сæ абон дæр хонынц Любины коллекци.

Ахуыргонд ам ссардта ахæм артефакттæ, кæцытæ фæивтой дунеон зонады цæстæнгас рагзаманты зæххыл адæ-мы змæл, мæ æмæ сбæлвырд кодта, Африкæйæ Европæмæ фæндаг кæй цыдис Кавказыл. Йæ разамындæй археологион экспедициты рæстæджы цы артефакттæ ссардæуыд, уыдонæй бирæтыл цæуы 2 милуан азы бæрц.

Васили Любинæн йæ кандидатон диссертаци дæр баст у Хуссар Ирыстонимæ æмæ хуыйны «Каменный век Южной Осетии». Æдæппæт йæ зонадон куыстытæ сты 300 бæрц. Йæ цардæй 60 азы бæрц арвыста экспедициты. Уый æрмæст Хуссар Ирыстоны не ‘мбырд кодта археологион æрмæджытæ, фæлæ Цæгат Кавказы, Сомихстоны, Туркменистаны, Ныгуылæн Африкæйы æмæ æндæр рæтты. Дыууæ азы размæ дæр ма кæд ыл азтæ, сæ уæз æруагътой, уæддæр  хайад иста экспедициты æмæ нымад цæуы дунейы иууыл кардзыддæр археолог-практикыл. Æмæ кæд экспедициты хайад нал исы, уæддæр дарддæр кæны йæ зонадон куыст. Профессор, историон зонæдты доктор, Васили Любин ныртæккæ дæр кусы Уæрæсейы Зонæдты академийы материалон культурæйы историйы институты полеолиты хайады сæйраг зонадон кусæг-консультантæй.

Бирæ кæй цæры, уымæн ын, йæхæ-дæг куыд зæгъы, афтæмæй ахъаз кæнынц, æнæниздзинадæн хуыздæр пайда чи хæссынц, ахæм хæринæгтæй кæй пайда кæны, иумиагæй сисгæйæ, æнæниз цардуаг кæй кæны, уый. Мах ма йæм бафтаудзыстæм, Ирыстоны бæрзонд бынаты бирæ азты дæргъы сыгъдæг уæлдæфмæ дунеон зонады хæрзиуæгæн кæй куыста, уый дæр.

Васили Любин Хуссар Ирыстонмæ археологион экспедициты цыд суанг 1988 азмæ, стæй йын Уæрæсе æмæ махмæ æрцæугæ цауты фæстиуæгæн дæр нал уыд æрцæуыны фадат. Фæстаг хатт ма æрцыд 1998 азы, Къуыдары æртыккæгæм лæгæты зæххы бынагдæр фæлтæрæй систой хуызæгтæ лабораторион иртасæнтæ саразыны тыххæй.

Ахуыргонд æппæт йæ царды азты дæргъы уарзты æнкъарæнтæ хæссы Ирыстонмæ æмæ йæ адæммæ. Стыр аргъ кодта æмæ йæ хæларыл нымадта Гасситы Знауыры. Æмæ йæ Хуссар Ирыстоны дæр нæ рох кæнынц. Йæ райгуырдыл 90 азы куы сæххæст, уæд хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй, радтой йын горæт Къуайсайы цытджын æмбæстаджы кадджын ном. Æрæджы та йæ райгуырдыл 100 азы сæххæсты цытæн республикæйы президенты барамындæй хорзæхджын æрцыд Кады орденæй.

Йæ 100 азы юбилейы цытæн ын раарфæ кодта УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев…

Ацы бонты, 15-16 январы та Санкт-Петербурджы йæ юбилейы цытæн уагъд æрцыд дунеон конференци Кавказы рагзаман ахуыр кæныны темæйы фæдыл.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.