Уæлвæткон уавæрты министрады дæлбар агурæн-ир-вæзынгæнæг службæ  у ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг. Ацы службæ фыццаджы-фыццаг балæууы æнамонд цауы бахауæг адæймаджы уæл-хъус – зынгсирвæзт уа æви срæмыгъд, тыхдымгæйы фæстиуæг æви тыхджын къæвдатæ, кæнæ митуарды фæстиуджытæ иуварс кæныны рæстæджы. Уыдоны архайды руаджы иуварс цæуынц пырхæнтæ, фæдагон-транспортон цаутæ æмæ донивылдтыты фæстиуджытæ.

Хуссар Ирыстоны агурæн-ирвæзынгæнæг службæйы профессионалон бæрæгбон нысан цæуы йæ сырæзты бонæй 1995 азы 27 декабрæй фæстæмæ. Хуссар Ирыстоны та йæ сырæзтыл цы аз æххæст кæны фараст азы. Отряды сконды ис сапертæ, донбындзæуджытæ, кинологтæ, альпинисттæ. Уыдон се ‘ппæт дæр, адæмæн бахъуыды рæстæджы, алы уавæрты дæр кæнынц профессионалон æххуыс.

Республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады агурæн-ирвæзынгæнæг службæйы сæргълæууæг, майор Чехойты Аланы арæхстджын разамынадæй отряды цы 30 лæппуйы ис, уыдон рæстæгæй-рæстæгмæ сæ цæттæдзинады æмвæзад бæрзонддæр кæнынц уæрæсейаг æмæ абхазаг цæттæгæнæн центрты. Альпинисттæ цæттæгæнæн курсытæ рацыдысты Уæрæсейы Красная полянайы, донбындзæуджытæ – Байкалы, кинологтæ та – Ставрополь æмæ Цъæйы.

Ацы службæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ алы ирвæзынгæнæн операци дæр баст у æндæр æмæ æндæр куысты спецификæ æмæ уавæртимæ. Куыст у бæрнон, уымæ гæсгæ дзы рахицæнгæнæн нæй кæцыдæр бæрæг  хъуыддаг.

Иумæйагæй сисгæйæ, афæдзы дæргъы, астæуккаг нымадæй, æххуысагур æрбахатынц 400 хатты. Ацы аз декабры 25-æм бонмæ хынцыд æрцыд 439 куырдиаты. Ацы службæйы куыстмæ æмбæстæгтæн ис æмбаргæ ахаст æмæ йын йæ куыстæн дæр кæнынц æмбæлон аргъ.

БÆРÆГБОНОН АРФÆТÆ

Ирвæзынгæнджыты бон Уæлвæткон уавæрты министрады агурæн-ирвæзынгæнæг къордæн сæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд уыд цытджын рæнхълæуд. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы, министр Тадтаты Аланы æмæ æмткæй министрады номæй ирвæзынгæнджытæн бæрæгбонон арфæ ракодта Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Бестауты Ацæмæз. Уый ирвæзынгæнæг службæйæн скодта стыр аргъ. Уадз, зæгъгæ, уæ Дунескæнæг хъахъхъæнæт тæссагдзинæдтæ æмæ æнамонд хъуыддæгтæй. Уымæн æмæ уæ куыст комкоммæдæр баст у уæ цардæн тæссагдзинæдтыл. Йæ цæст бауарзта се ‘ппæтæн дæр, цæмæй-иу алы хатт дæр æнæниз æмæ æвыдæй здæхой алы ирвæзынгæнæн операцийæ дæр.

Уый фæстæ ирвæзынгæнджытæ Уæлвæткон уавæрты министрады номæй хорзæхджын æрцыдысты «За спасение жизни», «За отличие в ликвидации чрезвычайных ситуаций»-йы майдантæй, Грамотæтæй, арфæйы фыстæджытæй æмæ æхцайы премитæй. Уымæй дарддæр ма радон сæрмагонд нæмттæ лæвæрд æрцыд цалдæр службæгæнæгæн.

Хуссар Ирыстоны ирвæзынгæнджытæн æмæ сæ бинонтæн Уæрæсейы Арæнгæрон службæйы номæй арфæ ракодта сæ минæвар. Бузныг сын загъта Хуссар Ирыстоны хæххон-альпинистон уавæрты цæттæ кæныны хъуыддаджы се ‘ххуысы тыххæй. Мах, зæгъгæ, хъæуы специалисттæ, цалынмæ сымах хæццæ кæнат, уæдмæ фыццаг æххуыс чи бакæна, ахæмтæ.

Арæнгæрон управленийы минæвар сæ сæргълæууæджы номæй, службæгæнджыты бацæттæ кæныны хъуыддаджы активон хайад чи райста, уыдон схорзæхджын кодта арфæйы фыстæджытæй.

Агурæн-ирвæзынгæнæг отряды службæгæнджытæн ма бæрæгбонон арфæтæ ракодтой Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Цоциты Азæмæт æмæ отряды сæргълæууæг  Чехойты Алан.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.