Цард ӕрхъуыдыджын адӕймӕгтӕй цӕуы размӕ, уыдон ын сӕ чысыл фезмӕлдӕй дӕр ныфс ӕмӕ хъару дӕттынц ӕмӕ сӕ фӕрцы бонӕй бонмӕ хуыздӕр ӕмӕ фылдӕр кӕнынц йӕ авналӕнтӕ. Ахӕм адӕймӕгтӕ ӕрмӕст сӕхи тыххӕй нӕ фыдӕбон кӕнынц, фӕлӕ ӕндӕрты тыхстдзинад дӕр арф исынц сӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сын чысыл уӕддӕр сӕ рис фӕрог кӕной.

Йӕ чысыл Ирыстоны ӕгӕрон уарзтӕй чи уарзы, уыдонӕй у Мамытаты Геннади дӕр. Уый кæд нӕ горӕты цæры, фылдӕр йӕ рӕстӕг ам ӕрвиты, уӕддӕр ын тынг зынаргъ ӕмӕ адджын у йӕ райгуырӕн хъӕу Сатихъар, стӕй Ирыстоны алы хъӕу дӕр. Зӕрдиагӕй йӕ фӕнды Хуссар Ирыстоны алы ранмӕ дӕр бакъахдзӕф кӕнын, йӕ зӕрдӕйы хъармӕй сын сӕ цæрджыты батавын, бахъӕлдзӕг кӕнын, сӕ циныл сын бацин кӕнын ӕмӕ сын сӕ зындзинӕдтӕ та фӕрог кӕнын.

Мамытайы фыртмӕ иу азы размӕ сӕвзӕрд диссаджы фӕнд ӕмӕ йын ӕрӕнцой нал уыд, цалынмӕ йе ‘ххӕст кӕнынмӕ не ‘рывнӕлдта, уӕдмӕ. Уымӕн йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц, зарын, кафын ӕмӕ ирон уадынгӕрзтыл цӕгъдынмӕ ӕвзыгъд чи сты, уыцы лӕппутӕ ӕмӕ йын йӕ ном дӕр афтӕ схуыдтой «Аивадон балц», зӕгъгӕ. Уыдон та сты Ходты Эльбрус, Гӕбӕраты Афанас, Дудайты Сӕрмӕт, Коцты Гриша. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон ны-мӕц , иу кӕнӕ иннӕ балцы рӕстӕджы ивдзӕн кӕнӕ фылдӕр кӕндзӕн, сӕ уавӕртӕ ӕмӕ фадӕттӕм гӕсгӕ. Мамытайы фырт ӕмӕ йемӕ балцы цӕуӕг ӕмбӕлттӕн сӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй зилой ӕмӕ сӕ аивадимæ зонгæ кæной, хицӕн хъӕуты ма цы иугай адӕймӕгтӕ цӕры ӕмӕ фӕллой кӕны, йӕ фыдыуӕзӕг адджын ӕмӕ зынаргъ кӕмӕн у, уыдон зӕрдӕтӕ. Уымӕй дарддӕр ма цӕудзысты ӕмӕ зонгӕ кӕндзысты, бынтон чи федзӕрӕг, уыцы хъӕутӕм дӕр. Цӕвиттон, уыдысты цалдӕр бынаты, уыцы нымӕцы, ӕдзӕрӕг хъӕу Гуынугъы дӕр. Ӕрхызтысты йӕм Ерманыл ӕмӕ сӕ балц ахаста цалдӕр боны. Федтой йын йӕ диссаджы рӕсугъд хӕхтӕ, ӕхсӕрдзӕнтӕ, æгæрыстæмæй, арсы йӕ лӕппынтимӕ дæр. Ӕнцон нӕ уыд сӕ дардбалц, фӕллайгӕ дӕр куыннӕ бакодтой, уыд дзы тынг тӕссаг бынӕттӕ, фӕлӕ ӕвзонг лӕппутӕ уыдӕттӕ мурмӕ дӕр не ‘рдардтой, уый нӕ, фӕлӕ сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, алӕмӕттаг хӕххон ӕрдзы уындӕй сӕ мондӕгтӕ кӕй систой, уый тыххӕй.

Геннади бæллиц у, цӕмӕй Ирыстоны къуымтӕй зӕла ирон зарӕг. Тагъд рӕстӕджы сӕ зӕрды ис Зикъарайы хохмӕ схизын. Сисдзысты, сӕ балцы рӕстӕджы цы феной, стӕй цытæ бавзарой, ӕппӕт уыдон. Бынатмӕ куы схӕццӕ уой, уӕд та сӕххӕст кӕндзысты уарзон зарӕг.

Уӕлдӕр ма йӕ загътон, фылдӕр цӕудзысты, банымӕг кӕнынмӕ чи хъавы, уыцы хъӕутӕм. Уый тынгдӕр уымӕн, цӕмӕй уымы цӕрӕг адӕмы зӕрдӕтӕ ба-хъӕл-дзӕг уой, ӕууӕндой хуыздӕр фидӕныл. Мамытаты Геннади ӕмӕ йе ‘мбӕлттӕ сӕ балцы рӕстӕджы цы исой, уыдонӕй цӕттӕ кӕндзысты кинонывтӕ ӕмӕ сӕм алкӕмӕн дӕр йӕ бон бакӕсӕн уыдзӕн Интернеты фӕрстыл.

Мамытаты лӕппу нӕ уарзы йӕ хицӕй ӕппӕлын, хи стауын. Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр иу ӕппӕлӕн ныхас нӕ загътон, фыссын ӕмӕ газеткӕсджыты рӕгъмӕ хӕссын, цы арфӕйаг хъуыддаг тауы йе ‘мбӕлттимӕ, ӕрмӕст уыдон. Ӕппӕлгӕ та дзы кӕндзысты ӕмӕ йын бузныг зӕгъдзысты, цы хъӕуты уыдзысты, стӕй сӕм Интернеты чи кӕса, уыдон се ‘ппӕт дӕр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.