Хæст… Фыдыбæстæйон хæст… Ацы дзырдтæн сæ иу скойæ дæр адæймаджы уæнгты сæвзæры цавæрдæр æнахуыр тасы æнкъарæнтæ, цæстытыл ауайынц æххормаг æмæ цæссыгкалгæ згъоргæ адæмы тыхст нывтæ. Хæст иу хатт йæхи цæстæй чи федта, уыдон уыцы нывтæ банкъардтой сæхи удæй, федтой сæ сæхи цæстæй æмæ сын, æвæццæгæн, уæлдай зындæр у сæ æрымысын дæр.

Махæй алчи дæр зоны, цавæр нысаниуæг ис ацы цыбыр дзырдæн дзыхæй дзургæйæ нæ, фæлæ сæрмагондæй йæхи цæстæй фенгæйæ. Хæст хæст у, уый кæддæриддæр хæссы тугкалд, мæлæт, зындзинæдтæ. Фыдыбæстæйон хæсты судзгæ æвзæгтæ анхъæвзтой æппæт дунейыл, нæ баззад Ирыстон дæр æвыдæй… алы хъæумæ, алы ирон хæдзарыл дæр хæст йæ фæд кæм нæ ныууагъта. Абон махæн, ахæм дудгæбонтæ чи бавзæрста хæсты быдыры æмæ знаджы ныхмæ удуæлдай тох чи фæкодта сæрибардзинады сæраппонд, уыдоны фæдонтæн, бар нæй, цæмæй ферох кæнæм уыдонæй сæ иуы ном дæр. Уыдон махæн æрхастой амодджын цард æмæ сабырад æмæ кæмфæнды дæр æмæ кæдфæнды дæр сæ ном хаст цæрдзæн æнустæм.

Уæлдай кады аккаг та сты, уыцы дудгæбойнаг хæсты цы сылгоймæгтæ тох кодтой, уыдоны нæмттæ. Сылгоймаджы æрдз сфæлдыста цард рæсугъдгæнæгæй, хъæбултæ парахатгæнæгæй æмæ бинонты артдзæст хъахъхъæнæгæй, фæлæ, хъыгагæн, æрвылхатт афтæ нæ рауайы. Ахæм рæсугъд амонд не ’рхауд 1941-1945 азтæм йе ’взонгад кæмæн æрхауд, уыцы сылгоймæгтæм дæр. Уыдонæй чи баззад йæ уарзонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, чи — сидзæргæсæй, æмæ чи та ссис æппæт дунейы нæлгоймæгты æмрæнхъ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг.

Абон мæн фæнды иу ахæм ирон чызджы кой ракæнын, кæцы рацыд Фыдыбæстæйон хæсты фæндæгтыл райдайæнæй суанг йæ фæудмæ æмæ ссис бирæ хорзæхтæ æмæ майданты хицау. Нæ уыд йæ хъысмæт хуымæтæг аивконд уæнгты хицау æмæ цæсгомæвæрдæй рæсугъд ирон чызг Кудухты Нинæйæн. Нинæ райгуырд 1919 азы Бендеры хъæуы. Йæ фыды фыд Максим цардис ацы хъæуы, фæлæ иуафон сфæнд кодта хуыздæр цардагур Гурмæ алидзын. Ам схъомыл кодта цыппар лæппуйы æмæ иу чызджы. Максимæн йе ’мкъай раджы фæзиан, фæлæ уый йæ хъæбулты схъомыл кодта сæрæгасæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ зындзинæдтæ æййæфтой сидзæр сабитæ, фæлæ уæддæр уыдон сæ сæрæндзинады руаджы сæхицæн къæбæры фаг амæлттæ кодтой. Мæгуыр бинонтæн нæ уыд ахуырад райсыны уавæртæ дæр, фæлæ та ам дæр разындысты фæразон æмæ сæхи хъаруйæ сахуыр кодтой кæсын æмæ фыссын. Хистæр фырт Лексо ацыд Бакомæ æмæ уым ссис хæлцадон дуканиты гæс. Лексойы иунæг хо Нинæ цард Махисы хъæуы, хъомыл кодта æхсæз сывæллоны, куыста колхозы æмæ бирæазты дæргъы уыд хъæуы депутат. Нинæйы кæстæр æфсымæр Сослан дæр кæд ахуырад нæ райста иннæ æфсымæртау, уæддæр бацыд Гуры районы фæскомцæдисонты комитетмæ æмæ уыд секретарь. Бинонты кæстæр æфсымæр Тома та уыд 1914 азы хæсты хайадисæг æмæ фесæфт æбæрæгæй.

Максимы иннæ фырт Алекси йæ лæджы кармæ куы бацыд, уæд йæ цард баиу кодта Ленингоры районы Цъолды хъæуккаг чызг Гусойты Екатеринæимæ. Алекси æмæ Екатеринæйæн райгуырд фараст хъæбулы. Зæнæджы хистæр Нинæйы райгуырдыл æмкъæйттæ æмæ хиуæттæ фæцин кодтой, куыд æмбæлы афтæ. Нинæйыл æртæ азы куы ацыд, уæд Алексийы хистæр æфсымæр Лексо йе ‘мкъаимæ æрцыдысты уазæгуаты сæ хæстæджытæм Бакойæ. Нинæ афтæ рæсугъд чызг уыд, æмæ æнæзæнæг æмкъæйттæн сæ зæрдæтæ бакъуырдта иу хъуыды. Кæд сæ ныфс нæ уыд, уæддæр сфæнд кодтой сæ хъуыды Нинæйы мад æмæ фыдæн раргом кæнын æмæ Лексо ракуырдта йе ʻфсымæры хъæбулы йæхицæн хъæбулæн…

Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг зын уыд Алекси æмæ Екатеринæйæн сæ хъæбулимæ хицæн кæнын, уæлдайдæр та ныййарæг мады зæрдæйæн, фæлæ Алекси йе ’фсымæрæн «нæ» зæгъын нæ бафæрæзта. Афтæмæй Нинæ æртæ аздзыдæй фæхицæн ис йæ ныййарæг мад æмæ фыдæй æмæ дарддæр йæ царды бонтæ æрвыста Бакойы йæ фыды æфсымæры хæдзары.

Нинæ астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд медицинон ахуыргæнæндонмæ æмæ ма уыд фæскомцæдисонты комитеты секретарь дæр. Уæд райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Фæскомцæдисонты комитет ауагъта æмбырд æмæ æрсидтысты фæсивæдмæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Уыцы æмбырды Нинæ дæр иста хайад æмæ йæхицæн хæсыл банымæдта хæстмæ ацæуын. Уыдысты иуæндæс чызджы æмæ уыдонæй фарастæй æнæ рахъуыды-бахъуыдыйæ райдыдтой сæхи цæттæ кæнын. Нинæ уыцы бон алвыдта, йæ сины сæрты онг цы сатæг сау дзыккутæ хаста, уыдон æмæ изæры хæдзармæ æрбацыд афтæмæй. Йæ хъомылгæнæг мад æмæ фыдæн ма цы æмбарын хъуыд, Нинæ цы сфæнд кодта, уый, бæргæ ма йын загътой, цæмæй ма ацæуа, фæлæ Нинæ йæ фæнд нал аивта. Загъта хæрзбон йæ хиуæттæн æмæ ацыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ Къудухты чызг.

Нинæйы хо Еленæ куыд радзырдта, афтæмæй Нинæ йæ хæстон фæндаг райдыдта Турчы зæххæй. Фыццаг сæ акодтой уырдæм æмæ дыууæ къуырийы дæргъы уым райстой хæстон цæттæдзинад. Уый фæстæ Нинæ рацыд хæстæн йæ карздæр бынæттыл, уыд Польшæйы, Румынийы, Венгрийы, Украинæйы, Керчы æмæ ныххæццæ суанг Берлины онг. Бæлвырддæр бæрæггæнæтæ нæ баззад Нинæйы бинонтæм Нинæйы хæстон фæндæгты тыххæй, фæлæ-иу Нинæ арæхдæр цы æрымысыд, уый Керчы зæххыл советон хæстонты æнамонд хъуыддæгтæй иу: дардыл цъыфдзасты уæлцъарыл куыд ленк кодтой æдзард салдатты худтæ, цъыфдзасты дон та сæ тугæй сырх-сырхид адардта. Ирон чызг бирæ федта хæсты уæззау цаутæ, кæддæриддæр лæууыд раззаг хаххыл, уыдта йæхи цæстæй йе æмхæстон æмгæртты цыфыддæр мæлæт, тынг бирæ уыдысты йæ мысинæгтæ дæр, фæлæ Кавказаг адæмæй сæ фылдæр ам, Керчы зæххыл кæй ссардтой сæ адзал, уый йын йæ зæрдæ уæлдай тынгдæр къуырдта æмæ йæ нæ рох кодта.

Нинæ фронтæй йæ буары æрхаста знаджы нæмыджы схъистæ æмæ тынг бирæ хорзæхтæ. Уыдонæй ныртæккæ, хъыгагæн, Нинæйы бинонтæм иу дæр нал баззад, — хæстмæ Ирыстонæй кæй нæ ацыд, уымæ гæсгæ уыцы хорзæхтæ дæр фæстæдæр лæвæрд æрцыдысты Гуры æфсæддон музеймæ æмæ абон сæ хъысмæт у æбæлвырд. Нинæйы хо Еленæйы ныхæстæм гæсгæ ма Нинæйæн уыд, йæ бинонтæм фронтæй цы фыстæджытæ æрвыста, уыдон дæр, фæлæ уыдон та баззадысты Гуры районы сæ раздæры хæдзары.

1941 азæй 1945 азмæ Нинæ цард йе ’мхæстон æмгæртты цардæй, уыд хъайтар сылгоймаг, æмæ цæсгомджынæй тох кодта Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæраппонд. Уымæн æвдисæн уыдысты йæ бирæ хорзæхтæ æмæ лæвæрттæ. 1945 азы Нинæ æрцыд йæ бинонтæм сæрæгасæй, æмæ уый фæстæ, куыд Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, афтæ бацыд æфсæддон штабмæ Æфсæддон Политикон фадыджы секретон хайады кадрты сæргълæууæгæй, цыран службæ кодта 1800 адæймаджы. Уый фæстæ Нинæйæн радтой хæдзар æмæ æрвылаз дæр Стыр Уæлахизы боны цытæн та иста хорзæхтæ æмæ лæвæрттæ.

Нинæ йæ цард баиу кодта Плиты лæппуимæ, фембæлд ыл Æфсæддон штабы кусгæйæ, баззад сын фырт.

Царды сусæгдзинæдтæй махæн тынг бирæ ис æнæмбаргæ, куы адæймаджы иуæрдæм фæкъул кæны, куы та иннæ ’рдæм. Нинæ кæд хæрзчысылæй фæхицæн ис йæ ныййарæг мад æмæ фыдæй, уæд афтæ рауад, æмæ йæ амæлæты фæстæ ныгæд æрцыд сæ фарсмæ, Гуры районы Къуархийы хъæуы.

Нинæ Ирыстонæй нæ ацыд фронтмæ, фæлæ хаста ирон мыггаг, йе уæнгты зылд ирон туг æмæ уыд Ирыстонæн аккаг, чызг, цæмæй абон мах уымæн йæ ном мысæм æмæ æнустæм баззайа цы Ирыстоны райгуырд, уыцы адæмы хæсты хайадисджыты нæмтты ’хсæн.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.