Ирон театрты историйыл дзырд куы цæуа, уæд нæ ахиздзынæ зынгæ англисаг поэт, драматург æмæ актер Вильям Шекспиры иувæрсты.

Советон дуджы се ‘ргом тынг здæхтой фæсарæйнаг къласикты пьесæтæ æвæрынмæ. Стыр æргом здæхт цыд В.Шекспиры сфæлдыстадмæ. Ирон сценæтæ бирæ тых бахардз кодтой æмæ кæнынц В. Шекспиры уацмыстæ рæгъмæ хæссыныл.

1940 азтæй фæстæмæ В.Шекспиры пьесæтæ нæ хизынц ирон театрты сценæтæй. Ирон фысджытæ, уæлдайдæр та Плиты Грис, сæ тыхтæ радтой В. Шекспиры æнæмæлгæ  уыцмыстæ ирон æвзагмæ стæлмац кæнынмæ.

Фыссæджы сфæлдыстады хорз миниуджытыл дзурæг у иу ахсджиаг хъуыддаг: йæ уацмыстæ алы дугимæ кæнынц æмдзу, нæ мæлынц.  Уымæн у дуне сæрыстыр В. Шекспирæй, йæ уацмыстæ XV æнусæй абонмæ цæрынц, кæнынц тыхджынæй-тыхджындæр, нæ зæронд кæны сæ тематикæ.

Афтæ мæм кæсы æмæ, зæххы къорийыл театртæ кæмæн ис, уыцы адæмтæй алкæцыдæр йе сценæмæ рахуыдта В.Шекспиры.

Иры дзыллæ, нæ чиныгкæсджытæ, раджы базонгæ сты В.Шекспиры ном æмæ йæ диссаджы уацмыстимæ. Нæ театрдзаутæ сценæйыл В.Шекспиры фыццаг хатт федтой 1940-1941 азты театралон рæстæджы.

Æвзонг уыд уæд нæ театр, цыдис ыл 9 азы, фæлæ уæддæр йæ ныфс бахаста номдзыд фыссæджы драмæтæ рæгъмæ рахæссын.

Уымæй дæр райдыдтой, В. Шекспиры ном гас дунейыл кæмæй ныхъхъæр, уыцы «Отелло»-йæ.

Хуссар Иры театры сценæйыл «Отелло» фæзынд 1940-41 театралон сезоны. Йе ‘вæрæг уыд режиссер Л.Вивьен, сæйраг ролы та дзы хъазыд курдиатджын актер Жажиты Андрей. Касиойы ролы – Цхуырбаты Борис, Ягойы ролы – Гæззаты Степан, Эмилияйы ролы – Цæбиты Варя. «Гамлет»-ы Розен Кранцы ролы – Еналдыты Вахтанг, ингæн къахæгы ролы Челдыты Андрей. «Сæрдыгон æхсæвы фын»-ы Лизандры ролы – Бекъойты Гоги, Гермияйы ролы – Гасситы Рая, Феяйы ролы – Гояты Натела.

Хуссаримæ иу рæстæджы «Отелло» æвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны дæр. Уый уыд 1940 азы 26 декабры. Сæйраг ролы хъазыд, уæды дуджы нырма æвзонг актер, Тæбæхсуаты Бало.

Литературон критик Вл. Ардонский стыр цинимæ фыста: «Голос отца мировой драматургии прозвучал со сцены Осетинского театра. Под седыми вершинами Кавказских гор венецианский мавр заговорил на осетинском языке».

В.Шекспирæн йæ царды бонты бантыст ныффыссын 37 пьесæйы, дыууæ та поэмæтæ, æмдзæвгæты-чи банымайдзæн. Ирон сценæтæ ацы пьесæтæй дзæвгар рахастой рæгъмæ, сæ ахсджиагдæртæ æрцыдысты тæлмац ирон æвзагмæ.

Ирон сценæмæкæсджытæн байгом æндæр дуне, Шекспиры пьесæты сценæйыл куы уыдтой, уæд.

Нырма уал зæгъын хъæуы, уый æмæ Шекспиры кой сæйраджыдæр дунейыл ныхъхъæр йæ пьесæ «Отелло»-йæ, пьесæйы сæйраг фæлгондз Отеллойæ. Махмæ афтæ кæсы, цыма дунейы драматургийы Отеллойы фæлгондзæй тыхджындæр фæлгондз нæй. Уый афтæ куынæ уаит, уæд ыл дунейы театртæ сæ тыхтæ не ‘взариккой ахæм хъуыдыимæ: Чи хуыздæр æххæст кæны Отеллойы роль? Тæбæхсауты Бало фыццаг бынаты кæй лæууы, уымæй мах сæрыстыр стæм абоны бон дæр.

Нæ театры сценæйыл æвæрд æрцыдысты «Отелло», «Гамлет», «Сæрдыгон æхсæвы фын», «12-æм æхсæв», «Король Лир». Ныртæккæ нæ театр кусы «Виндзойраг фæлитой»-йыл.

Цæстæвæрæн фæцис Абайты Маирбег дæр «Гамлет»-ы Гамлеты ролы хъазгæйæ. Æниу æппæлынæй дарддæр, ницы зæгъæн ис иннæ актертæй дæр – В. Шекспиры сфæлдыстады зиууæттæй.

Шекспиры темæ уæрæхдæр бынат æрцахста Цæгат Ирыстоны драмтеатры сценæйыл. Фондз азы дæр ыл нæма æххæст кодта, «Отелло» куы сæвæрдтой, уæд. Раст зæгъы Бæдзаты Агуыдз: «Ирон театр, нырма йæ зæнджы стæг æргьиу куы уыд, йæ астæуы магъз куынæма бахсыст, уæд бавнæлдта В. Шекспиры уацмыстæ æвæрынмæ».

Уый Хуссар Иры театрмæ дæр хауы. Æмæ зæгъæм: В. Шекспир ирон сценæмæ æрбахызт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæдагъонмæ. Дзæуджыхъæуы драмтеатры сценæйыл кæрæдзи фæдыл гуырдысты В.Шекспиры пьесæтæ.

В. Шекспиры сфæлдыстады ахадындзинады тыххæй сæйраджыдæр зæгъын хъæуы уый, æмæ ирон сценæ В. Шекспиры рахаста рæгъмæ æмæ йæ нæ адæмæн сæйраджыдæр базонгæ кодта Тæбæхсауты Бало. В. Шекспиры кой нæм куы æрхауы, уæд цардæгас уæйыджы хуызæн нæ разы сысты Бало. Балойы ном бæрзонд систой йæ саразгæ фæлгæндзтæ: Отелло, король Лир æмæ Макбет.

Плиты Жаннæ уыдон тыххæй афтæ зæгъы: «Тхапсаев сыграл три Шекспировских роли. Исполнительный уровень их равноценен. Но творческие результаты, которых он добился в каждой из них, не равнозначны между собой».

Уæлдæр æрцыд загъд, Отелло бирæ нациты сценæтæй рарттывта, бирæ нациты минæвæрттæ йæ æвдыстой. Уый дын Отелло Остужева, Хорава, Папазян, Раджи Пульви, Кулмамедов, Рыскулов, Цыдынжапова, Гомбосурен. Театралон аивады ацы актертыл бирæ ныхас фæцыдис, бирæ сæ фæрабар-бабар кодтой кæрæдзиуыл, фæлæ-иу фæстагмæ æрцыдысты иу хъуыдымæ: Балойæн дзы æмбал нæй. Уæндонæй йæ зæгъы Т.Чеботаревская: «Дело не в том, что играет Тхапсаев, а в том, как он это делает. Тхапсаев вносит в исполнение огромную правду чувств, удивительную простоту, которые сочетаются с размахом и глубиной поистине трагедийного характера. Сложнейшие актерские задачи он выполняет без малейшего напряжения, легко поднимаясь от сцены лирически-шутливой до сцены трагической, всегда оставаясь органичным, передавая кипение страстей все с той же правдивостью и простотой».

Кæуылты сты йæ хъуыдытæ зынгæ театралон критик, Зингерман В. Тæбæхсауты Балойы тыххæй. Зæгъы йæ æргом: Кулмамедовы Отелло нæ хъуыды кæны бæстон царды ахсджиаг рахæцæнтыл, Остужевы Отелломæ кæсгæйæ, нæ нал фæуырны царды ма баззайдзыстæм стыр хъуыдытимæ, Хоравайы Отелломæ кæсгæйæ мах зæрдæрыстæй кæсæм æрцæуæг трагедион хабæрттæм. Фæлæ: «Отелло Тхапсаева-простой человек с тонкой возвышенной душой и той внутренней культурой, которая столь часто отличает умудренных жизненными испытаниями людей. Он покоряющее человечен и трогательно скромен…

Он играет не трагедию выдающегося человека, а трагедию человечности, носителем которой оказывается простая честная душа. Он воспевает не простоту величия, а величие простоты».

Кæд йæ рæстæджы быцæуаг фарстытæ фæзынд Лир æмæ Макбеты тыххæй, кæд Балойы азымы бынаты æвæрдтой ацы фæлгæндзты къуыхцыдзинæдты тыххæй, уæддæр æй фæстагмæ бамбæрстой, Тæбæхсауы фырт раст кæй уыд, уый. Бало тынг уарзта В. Шекспиры, уый сфæлдыстадмæ фæндаг ссарын нымадта иууыл зындæр хъуыддагыл: «Шекспир мæнæн у агурæджы фæндагыл æфтауæг, куыст æмæ амонд ссарæджы фæндæгтæ амонæг», – дзырдта-иу Бало.

Æрдзæй уыд фæлмæн æмæ рæсугьд зæрдæйы хицау, йæ мидбылхудт никуы сæфта. Бæрзонд, сæвджын æмæ фæтæнуæхскджын. Йæ ас æмæ йыл йæ уæрх тынг фидыдтой, канд костюмты нæ, фæлæ ирон формæйы дæр.

Ирон адæмæн В. Шекспир у нæ театры цырагъдар. Кæуылты у сæ нымæц, В. Шекспиры пьесæты чи хъазыдысты, уыцы актертæн.

Отеллойы ролы хъазгæ, Балойы федтон Цхинвалы æмæ Дзæуджыхъæуы дæр. Дездемонайы кæм хурх кæны, уым сценæмæкæсджыты змæлд егъау уыд. Ферох сæ театры кæй сты, хъæр кодтой: Ма бакæ, ма бакæ. Яго мæнгард у, Дездемона раст у. Уæд-иу мæ зæрдыл æрбалæууыд америкæйаг æмбисонд. Цас раст у, нæ зонын, фæлæ, дам, америкæйы сценæйы Отелло Дездемонайы куы хурх кодта, уæд æй фехста сценæмæкæсæг салдат. Фехстой, дам, салдаты дæр, баныгæдтой сæ фæрсæй-фæрстæм. Сæ иумæйаг цыртыл, дам, фыст æрцыд: «Отеллойы роль иууыл хуыздæр чи æххæст кæны уымæн æмæ иууыл æнувыддæр сценæмæкæсæгæн».

Алкæмæн йæ амонд йæхи, фæлæ ирон адæмæй Балойы Отеллойы ролы хъазгæ чи федта, уыдонæй иутæ куыдтой, аннæтæ бандзыг сты сæ бынæтты, хъæлæба сарæх залы, бирæтæ-иу лæбурыны къахыл лæуд уыдысты. Уыдæттæ дзурæг сты, Бало-Отеллойы цардудæгасæй кæй рахаста сценæмæкæсджытæм. Бало, канд Ирыстоны нæ, Отеллойы хъазыд Мæскуы æмæ Тбилисы дæр. Стыр аргъ скодтой уыцы сахарты дæр Балойы хъазтæн.

Ирондзинад, ирон театрыл æнувыд чи уыд, уыцы ирæттæ сæ мадæлон æвзагыл кæсынц В. Шекспиры – «Отелло», «Тимон Афинаг», «Цимбелин», «Æфхæрд æфхæрдмæ», «Виндзойраг фæлитойтæ», «Гамлет», «Ромео æмæ Джульеттæ», «Кориолан», «Макбет», «12-æм æхсæв» æмæ æнд.

Канд нæ театры историйы нæ, нæ литературæйы историйы дæр егъау у В. Шекспиры ном. Канд йæ пьесæтæ нæ, тæлмацгонд æрцыдысты йе мдзæвгæтæ дæр. Нæ поэттæ бирæ тых бахардз кодтой В. Шекспиры поэзи стæлмац кæныныл. Уыдоны хсæн йæ фыдæбоны хай фылдæр у, нæ абоны поэзийы зиууон Кокайты Тотрадзæн.

Сæ ахаст кæуылты уыд Шекспирмæ нæ драматургтæ – Брытъиаты Елбыздыхъо, Плиты Грис, Гаглойты Федыр æмæ Володяйæн. Поэзийы фадыджы В. Шекспирмæ йæ къух чи нæ фæкодта, æвæццæгæн нæм ахæм поэт нæ разындзæн.

Æгъдауы нæм баззад фысджытæн, зынгæ адæймæгтæн, сæ нæмттæ æрымысын, æрмæст дæр уæд, кæд æмæ йæ райгуырды аз уа юбилейон. В. Шекспирæн йæ райгуырды 400 азы банысан кодта дунейы адæймагад, уыдонимæ Ирыстон дæр 1964 азы.

Ацы азы Шекспиры амæлæтыл æххæст кæны 400 азы. Шекспиры аз у, нысан æй кæны Ирыстон дæр. Кæд æм «Отелло»-имæ нæ цæуæм, уæддæр нæ театр, театры аивадон къухдариуæггæнæг, режиссер Дзуццаты Тамерлан цæттæ кæны В. Шекспиры пьесæ «Виндзойраг фæлитойтæ» Плиты Грисы тæлмацæй.

Кæддæр, В. Шекспиры райгуырдыл 300 азы куы æххæст кодта, уæд И.С.Тургенев афтæ дзырдта: «Мах, уырыссаг адæм, бæрæг кæнæм В. Шекспиры кадджын юбилей. Ахæм бар нæм хауы… В. Шекспир махæн у нæ хæзнадон».

Ахæм хъуыдыйыл хæст сты, В. Шекспиры чи кæсы, чи уарзы, уыцы нацитæ дæр. Нæ театртæ куырыхон цæстæй кæсынц В. Шекспиры сыгъзæрин бынтæм, сæ репертуарты алыхатт дæр вæййы В. Шекспиры ном. Ууыл та дзурæг сты мæнæ ацы бæрæггæнæнтæ. Хетæгкаты Къ.номыл Хуссар Иры паддзахадон драмтеатры сценæйыл æвæрд æрцыдысты «Гамлет», «Отелло», «Сæрдыгон æхсæвы фын», «Король Лир», «Макбет», «12-æм æхсæв», æмæ «Виндзойраг фæлитойтæ».

Режиссертæ уыдысты: Л. Вивьен, Гæззаты Ст., Азаревич, Мадзаты Мæхæмæт, Дзуццаты Тамерлан, Тæбæхсуаты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны драмтеатры сценæйыл æвæрд æрцыдысты: «Отелло», «Ромео æмæ Джульеттæ», «Макбет», «Король Лир», «12-æм æхсæв», «Кориолан», «Гамлет», Режиссертæ Х. В.Фотиев, Е.Маркова, Брытъиаты З., Хуыгаты Геор.

Нæ театры В. Шекспиры пьесæты хъазыдысты: «Жажиты Андрей, Цхуырбаты Борис, Гæззаты Степан – Цæбиты Нинæ – Абайты Маирбег, Бекъойты Г. Гелдыты Андрей, Еналдыты Вахтанг, Гугкаты Евелинæ, Джусойты Хасан, Зæгъойты Руслан, Тедеты Алихан, Цхуырбаты Светланæ, Къацты Филипп, Таугазты Гаврил, Джыгкайты Иван, Гасситы Рая, Гояты Нателæ, Джиоты Зауыр æмæ æндæртæ.

Цæгат Ирыстоны та – Тæбæхсуагы Бало, Цылыккаты Маирбег, Саламты Къола, Бирæгъты Къоста, Хъалæгаты Федыр, Хъуылаты Верæ, Калоты Борис, Мæхъиты Володя, Хъæрджынты Тамарæ, Тменаты Еленæ, Тъуриты Махарбег, Тæбæхсауты Заирæ, Тлаттаты Бекæлтан æмæ æндæртæ.

Драматург æмæ театр. Уыдон денджызы фæйлауæнтæ сты æмæ уыцы улæнты цыд æппæты фыццаг хъуамæ æмбара драматург, стæй та актер. Актеры уæнгтæ сценæйыл баст куы уой, йæ фезмæлæнтæ йæ бар куы нæ уой, уæд уый сæйраджы дæр драматурджы аххос у.

Театр, сценæ царды айдæн кæй сты, уый тынг рæсугъд загъта йæ рæстæджы дзæнæты бадинаг Бæциагы Агуыдз: «Театр удæгас организмы хуызæн у. Алцæмæй дæр сæрæй къæхты бынмæ – хъуамæ уа æххæст: цæстæй – уынаг, къæрцхъус, нæртон – аив æмæ зондджын ныхасæй, къабазджын – уæнгты кондæй, йæ миддуне, ома йæ зонд æмæ йæ зæрдæсæвджын, йе ‘ттаг бакаст – рæсугъд, цæсты ахадгæ».

Йæ амæлæты 400 азы бон банысан кæнинаг у, канд нæ театртæн нæ, фæлæ æппæг культурон уагдæттæн дæр.

ПЛИТЫ Гацыр,

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон

драмтеатры литературон хайады гæс

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.