Венгрийы уагъд цæуы ирон нывгæнджыты нывты равдыст, – фехъусын кодта ИА «Рес»-æн йæ организатортæй сæ иу – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг, Уæрæсейы Нывкæнынады академийы премийы лауреат, равдысты хайадисæг Пухаты Вадим.

Йæ ныхæстæм гæсгæ равдыст байгом 28 июны Будапешты Уæрæсейаг зонад æмæ культурæйы центры æмæ цæудзæн 9 июнмæ.

«Равдысты базонгæ уæвæн ис хуызфыссынады аивады зынгæ ирон дæсныты куыстытимæ. Уыдон сты Чилæхсаты Магрез, Кæсойты Лаврент, Къадзты Вадим, Бедойты Шалва, Есенаты Æхсар æмæ æндæртæ», – загъта Пухайы фырт. – Уыдонæй дарддæр ма равдыстмæ хаст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны Аивæд-ты республикон лицейы ахуыр-гæнинæгты куыстытæ дæр.

Пухаты Вадим куыд банысан кодта, афтæмæй равдыстмæ чи бацæуынц, уыдон банысан кæнынц бавдисгæ куыстыты бæрзонд æмвæзад.

Равдыст гом кæныны рæстæджы венгриаг æмæ уырыссаг æвзагыл дзурæг уазджытæй дарддæр ма ам уыдысты яссты диаспорæйы минæвæрттæ, – диаспорæйы сæрдар Ласло Добош æмæ ахуыргонд Бела Ковач», – загъта Пухайы фырт.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Будапешты Уæрæсейаг зонад æмæ культурæйы центр æхсызгонæй рахицæн кодта зал равдыстæн æмæ æппæтфасрон æххуыс бакодта мадзал ауадзынæн. «Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын сæ уазæгуарзондзинад æмæ æппæтфарсон æххуысы тыххæй Уæрæсейаг зонад æмæ культурæйы центры директор æмæ кусджытæн, кæцытæ фыццаг хатт нæ радтой фадат ирон нывгæнджытæн равдыстытæ ауадзынæн», – загъта Пухайы фырт.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ равдысты организатортæ кæй уыдысты курдиатджын ирон нывгæнæг, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы  аивæдты  сгуыхт архайæг, Уæрæсейы Нывкæнынады академийы премийы лауреат Пухаты Вадим æмæ Дунеон æнæкоммерцион Ассоциаци «Renaissanse Sandidzan»-ы къухдариуæггæнæг Пухаты Радион.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.