Уæздан адæймаг æдзæрæг быдыры кæнæ тархъæды сырдты астæу куы уа, уæддæр ын фыдæлтæй цы уаг æмæ æгъдау баззадысты, уыдон домæнтæ æххæст кæны йæ Хуыцауы хай æмæ йæ фыдæлты фарны раз, йæ уд æмæ йæ цæсгомы сыгъдæгдзинадæй.

Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ дзырдтой: “Уаг æмæ æфсарм кæм сты, æгъдау дæр уым ис, æгъдау кæм ис, кад дæр уым ис”.

Адæймаг кæм фæнды ма уа, гъе уазæгуаты, æхсæнадон бынæтты, балцы, уынджы, хи дарыны уагæвæрдтыл фыццаджы дæр сахуыр вæййы йæ хæдзары – йæ бинонты  ̀хсæн, йæ мад, йæ фыд æмæ йæ хистæртыл. Адæмы  ̀хсæн йæхи дарын чи нæ зоны уымæн уæздан рахонæн нæй, цыфæнды ахуыргонд куы уа, уæддæр. Кæм бадай, кæм улæфай уым хъуамæ æгъдау зонай. Ӕгъдау хъæуы зæдтæ дзуæртты бын, дæ ныхас, дæ хæрд, дæ нуæзт, де ̀гъдау хъуамæ алы хатт дæр уой нывыл. Уыдон сты сæйраг æууалтæ адæймаджы æрвылбонон царды. Уæлдай æгъдау æмæ æфсарм та нæ равдисын хъæуы фыдæлтæй нын цы кувæндæттæ баззад уыдон раз. уыцы кувæндæттæн уыдис фидар фæтк, уагæвæрд æмæ æгъдау.

Хуыцау æмæ йæ зæдтæм, дзуæрттæм æмæ дауджытæм кувгæйæ нæм фыдæлтæй фæстæмæ  нæфæтчиагыл нымад цы баззад, уыдон хъуамæ æххæст кæнæм. Алы адæймаг дæр уыцы рæсугъд бон сæрмагондæй архайдта, цæмæй Хуыцауы, зæдты, дауджыты раз йæ уд, йæ ахаст, йæ фезмæлд, уыдаид сыгъдæг.

Уæдæ цы нæ фæтчыд?

– Нæфæтчиагыл нымад сты дины гъдауæй чи не мбæлы, Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ æмæ  дунейы фарны ныхмæ чи у ахæм архайд æмæ ныхас. Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм былысчъилæй кувын, æвзæр хъуыддаг саразынæн сæм æххуысмæ сидын, кæнæ сæ æвзæр зæгъын, ралгъитын.

Нæ фыдæлтæ кувæндæттæм цыдысты курæг Хуыцау æмæ дзуарæй сæ царды сæ ахсджиагдæр цы хъуыд, уый. Кæнæ та цы тæригъæдтæ ракотта царды, уый йын ныххатыр кæной.

Абон  адæмæн сæ фылдæры зондахаст цæхгæр аивта æвзæрырдæм. Ничиуал тæрсы  Хуыцау æмæ йæ зæдты фыдæхæй.

– Кувæндоны, дзуары бын, кувинæгты цур кæнæ фæлдисинæгты раз мæнгард ныхас æмæ фæлитой митæ кæнын, искæуыл хъæр кæнын, æвзидын æм, къухæм сисын, мигæнæнæй фехсын.

Нæ фыдæлтæ æд хæцæнгарз кувæндæттæм нæ цыдысты. Хæцæнгарз-иу кæмæ уыд, уый-иу æй кувæндоны æдде бафснайдта.

– Дзуары бынæй, кувæн бынатæй, кæцыфæнды диныл хæст адæмы кæд у, уæддæр дзы исты радавын, дзаума, мысайнаг, зайæгой, мæр, дур кæнæ æндæр исты рахæссын кувæггаг кæнæ фæдзæхсæнæй дарддæр. Дзуары бын цы кувæнгæрзтæ, дзаумæттæ æмæ æндæр исты мигæнæнтæ ис, уыдон асæттын, басудзын, ныппырх кæнын.

Нæ фыдæлтæ-иу кувæндонæй æдтæмæ куы цыдысты, уæд-иу сæхимæ лæмбынæг æркастысты, кæд мыййаг сæ дарæсыл кæрдæг кæнæ сыфтæр нæ ныххæцыд, зæгъгæ. Абон та кувæндæттæй мысайнæгтæ æмæ æндæр дзаумæттæ давынц.

– Давæггаг, рынчын,  давæггаг холлагæй хаст кæнæ давæггаг æхцайæ æлхæд æмæ гæртамæй райст фосы фыд æмæ æндæр ахæм æнаккаг хæринæгтæй Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувын, мардæн хæлар кæнын.

– Цалынмæ кувинаг куывд æрцæуа, фæлдисинаг – фæлдыст, уæдмæ дзы аходын (хæрын, нуазын) нæ фæтчы.

– Цины хъуыддаджы куывд цы хæринæгтæ æмæ нозт æрцыдысты, уыдон мардæн фæлдисын кæнæ фæлдыст цы хæринæгтæ æрцыдысты уыдонæй кувын.

–  Ӕнæхсад къухтæй кувинагмæ кæнæ фæлдисинагмæ æвналын æмæ сæ  ракувын.

– Нывонд фосы æлгъитын, нæмын, баивын, уæй йæ акæнын, кæнæ йæ давæггагæй хæссын, æлгъаг æмæ йæ давæггаг фосимæ дарын, давæггаг æхцайæ мысайнаг скæнын, мысайнаг æхца æндæр хъуыддагæн сфæлхас кæнын, баивын æй, кæнæ йæ фæкъаддæр кæнын, æндæр зæдæн-дуагæн æй сæвæрын

Нæ фыдæлтæ кæмæн куывтой, æмæ мах кæмæ кувдзыстæм, уыдон нын æцæг ахъаз бакæнæт. Нæфæтчиаг хъуыддæгтæй та нæ Хуыцау бахизæт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.