Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, номдзыд хореограф æмæ кафæг, рухстауæг Дзаттиаты Уагкайы райгуырдыл сæххæст уыдаид 100 азы.
Йæ царды йæ хицæуттæ æмæ Хуыцæуттæ уыдысты: ирон æфсарм, æгъдау, уаг æмæ намыс, ирон кафт, фыдæлты зарæг æмæ фарн.

Ирон кафт йæ уды йæ сабийы бонтæй рæсугъдæй кæмæн цард æмæ йæ рæзтыл, уд æмæ зæрдæйы хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, йæ царды фæстаг бонтæм лæггадгæнæг чи уыд, уыцы номдзыд ирон кафджытæй иу, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Дзаттиаты Уагкайы райгуырдыл ацы аз æххæст кæны 100 азы.
Бæргæ, йæхæдæг ма куы фæцардаид йæ цытджын бæрæгбонмæ, уæд нын цас цин æмæ рухс æнкъарæнтæ æрхастаид йæ цæсты рухс, йæ ныхас, уæздан фезмæлд æмæ уагæй! Фæлæ, нал ис, ныр къорд азы не ‘хсæн Уагка. Цæры нæ зæрдæты, нæ мысинæгты, нæ удты йæ рухс фæлгонц. Йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон уæлтæмæнæй уый, æхсай азы дæргъы, цалынмæ йæ бон уыд, йæ хъарутæ йæ амыдтой, уæдмæ цырагъдарæй фæлæууыд, куыд кафæг, кафтæвæрæг, хореограф, ахуыргæнæг, ирон аивады ирон кафт æмæ йæ бирæвæрсыг мидис адæмæн зонын æмæ уарзын кæныны хъуыддаджы.
Номдзыд кафæг Дзаттиаты Иликъы фырт (Васили) Уагка райгуырд 1924-æм азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны Сыбайы хъæуы. Кафты аивады фарны рухс ын йæ рæзгæ уды бауагъта йæ мадыæфсымæр Цхуырбаты Филус. Уый йæ рæстæджы уыд зындгонд кафæг, æмæ-иу æй суанг йæ курдиат равдисынмæ Хуссар Ирыстоны æндæр хъæутæм æмæ суанг Калакмæ дæр-иу фæхуыдтой. Чысыл Уагка дæр, куы фембаргæ, уæд-иу æй ахæм адæмон хуындтытæм æмæ бæрæгбæттæм Филус арæх кодта. Чысыл лæппуйы курдиат-иу дисы бафтыдта адæмы. Фидæны дзы хорз кафæг кæй рауайдзæн Уагкайæ, уый уайтагъддæр бæрæг уыд.
Йæ азтæ куыд фылдæр кодтой суинаг номдзыд ирон хореографæн, афтæ кафты аивадмæ йæ зæрдæ æмæ уд фылдæр лæвæрдта. Йæ сусæгдзинæдтæ йын фылдæр æмæ хуыздæр базоныныл иудадзыг архайдта. Æгъдауджын, уæздан Уагка-иу йæ курдиат, лæппуйæн куыд æмбæлы, афтæ аивæй æмæ бæрцæй æвдыста. Йæ уæгъд рæстæг-иу дзæгъæлы никуы сæфта. Хæдзары куыстыты-иу йæ ныййарджытæн куы аххуыс кодта, уæд-иу, уый фæстæ та ацыд хъæуы быдырмæ æмæ-иу уым кафты фезмæлдтытæ æмæ хуызтæ куыд дæсныдæр акæна, ууыл йæхи фæлтæрдта.


Дзаттиаты Уагка йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй скъоладзауы кары куы уыд, уæд æй кафгæйæ систой Гуырдзыстоны киностудийы оператортæ сæрмагонд киножурналы равдисыны тыххæй. Уыцы киножурналы радон рауагъд Уагкайы кафтимæ куы сцæттæ, уæд æй равдыстой Сыбайы хъæуы дæр. Цæрджытæ йæ куы федтой, уæд цыма Уагка кафгæ нæ, фæлæ стыр тохы лæгдзинад равдыста, афтæ йæ ныййарджытæн, йæхицæн арфæтæ кодтой. Дзаттиаты Иликъойы хæдзамæ лæвæрттæ æмæ хуынтимæ цыдысты.
Æмæ æцæгæй дæр Уагка аивады рухсæй кафты руаджы уыд адæмы зæрдæты царды хуры хъарм æмæ уарзт фылдæргæнæг. Сæ ныфсыл – ныфс, сæ тыхыл – тых, сæ хорзыл – хорз æфтауæг, зæрдæ æмæ зонды мæгуырдзинады цæлхдуртæ сæттæг хъæбатыр æмæ æхсарджын хæстон. Йæ царды йæ хицæуттæ æмæ Хуыцæуттæ уыдысты: ирон æфсарм, æгъдау, уаг æмæ намыс, ирон кафт, фыдæлты зарæг æмæ фарн.
Ивгъуыд æнусы æртынæм азты Хуссар Ирыстоны Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль саразыны уынаффæ куы рахастой облæсты разамынад, уæд уыцы арфæйаг хъуыддаг бабар кодтой зындгонд композитортæ Галаты Барис, Кокойты Тæтæрхъан æмæ дæсны хореограф Бирæгъты Зауырбегæн.
Уагкайы мысинæгтæй куыд зонæм, афтæмæй композитор Кокойты Тæтæрхъан Сыбамæ æрцыд, цæмæй дзы ссара, æмæ фидæны ансамблæн бацæттæ кæна, кафынмæ æмæ зарынмæ хорз чи арæхсы, ахæм фæсивæд. Чидæр ын радзырдта Уагкайы тыххæй. Номдзыд композитор æй ссардта. Иумæ бирæ фæныхас кодтой. Тæтæрхъан ын уалынмæ йæхæдæг хъисынфæндырæй æрцагъта æмæ Уагка кæрдæгыл кафын райдыдта ирон кафты цагъды зæлтæм. Йæ цагъды мелоди тымбыл кафты зæлтæм куы рахызт, уæд та лæппу йæ кафт ноджы фæтыхджындæр æмæ фæаивдæр кодта. Йæ цагъд куы фæсабыр кодта Тæтæрхъан æмæ йæ куы бамбæрста, Уагка æцæг курдиаты хицау у, уый, уæд Уагкаимæ бацыд Дзаттиаты Иликъомæ æмæ йын загъта йæ фæндон, цæмæй йæ ауадза йемæ Цхинвалмæ паддзахадон кафт æмæ зарды ансамблы кафынмæ. Фыд æмæ мад нæ разы кодтой Тæтæрхъаны фæндыл. Фæлæ уæддæр-уæддæр сæ Уагкайы мады æфсымæр Филус “æрсаста”.
Афтæмæй Уагка Тæтæрхъаны руаджы бахауд, паддзахадон ансамблæн кафджытæ æмæ зарæггæнджыты кæм æвзæрстой, Цхинвалы Ирон драмон театры уыцы бæстыхаймæ. Къамисы та уæд Уагка бахъуыды кодта номдзыд нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы, Галаты Барисы æмæ Бирæгъты Зауырбеджы. Тынг хорз цæстæй ракастыты се ‘ппæт дæр Дзаттиаты суинаг курдиатджын кæстæрмæ. Дисы сæ бафтыдта йæ кафт, йæ уæздандзинад æмæ сæрæндзинадæй. Йе сфæлдыстадон гæнæнтæ ацы аивадон къорды цæмæй фылдæр æмæ хуыздæр уой, ууыл Уагка архайдта иудадзыгдæр, уæдæ йыл хи фыртау аудыдтой Галаты Барис, Кокойты Тæтæрхъан æмæ Бирæгъты Зауырбег.


Тынг хорз цæстæй каст ансамблы разамынд æмæ кафджытæм Хуссар Ирыстоны облæсты æххæстгæнæг комитеты уæды сæрдар Таутиаты Барис дæр. Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды ансамбль “Симд” (Фыдæлты рагон кафты ном ын радта йæ раздæры аивадон разамонджытæй иу, зындгонд композитор, Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимны музыкæйы автор Æлборты Феликс) арæзт æрцыд 1936-æм азы. Уыцы аз Уагка ацы аивадон къорды иннæ кафджытимæ архайдта Калачы ирон аивад æмæ литературæйы декадæйы. Æмæ Уагка кæд нырма ансамблы кæстæр кафджыты къорды кафыд, уæддæр декадæйы йæхи тынг хорз равдыста. Джиоты Фросяимæ акафыдысты “Къах-къухтыл кафт” æмæ дзы бацахстой фыццаг бынат. Уый уыд йæ фыццаг уæлахиз профессионалон кафты аивады. Уыцы рæстæг ма йемæ ансамблы кафыдысты курдиатджын фæсивæд Еналдыты Уахтанг, Абайты Чермен, Санахъоты Чермен, Плиты Виктор, Гæбæраты Хъасбол, Дзуццаты Ахмæт, Хъæцлæуты Пъауле, Тедеты Феня, Гасситы Сослан, Дыгъуызты Афанас…
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстоны кафты æмæ зарды ансамбы артисттæй æмæ музыканттæй тохы цæхæрмæ кæй нæ акодтой, уыдонимæ уыд Уагка дæр, фæсфронты дæр нæ адæм хъæуы, уыцы уагæвæрдимæ, уыдон та госпитальты æмæ облæсты хъæуты цы цæрджытæ уыд, уыдонæн концерттæ æвдыстой цæф æфсæддонтæн, адæмæн сæ аивадæй сæ зæрдæты уæлахизы ныфс уагътой. Тохарыд азты Уагка фæсфронты йæ хъазуатон культурон архайды тыххæй райста майдан “За доблестный труд в годы Великой Отечественной войны” 1944 азæй суанг 1946 азмæ Уагка уыд ансамблы кæстæр хореографион къорды архайджыты аивадон разамонæг. Ам дæр йæхи равдыста курдиатджын æмæ арæхстджын разамонæгæй, цæстуарзон ахуыргæнæгæй.

Кафты аивадмæ æгæрон уарзт, профессионалон стыр æмæ алывæрсыг зонындзинæдтæ, æгъдау æмæ мидкультурæ, сфæлдыстадон цæстæнгас, химæ æмæ иннæ кафджытæм сфæлдыстады уагыл домаг цæстæй кæсыны уаг – ацы æмæ æндæр фæзминаг миниуджыты руаджы Дзаттиаты Уагка йæхи хорзæй базонын æмæ бауарзын кодта паддзахадон ансамбль “Симд”-ы уæды рæстæджы разамындæн. Æмæ йæ æнæдызæрдыгæй 1946-æм азы снысан кодтой сæйраг балетмейстерæй. Уыцы рæстæгмæ дзы уыд хистæр, астæуккаг æмæ кæстæр кары хорз кафаг лæппутæ æмæ чызджытæ. Семæ сфæлдыстадон куыст кæнынæй Уагка никуы фæллад. Ансамблы йæ фæрцы фæзынд ног хореографион композицитæ “Симд” (цалдæр хуызы), “Къах-къухтыл кафт”, “Гогызы кафт” “Хъаматимæ кафт”, “Цуанæтты кафт”, Цæгат Кавказ æмæ нæ бæстæйы адæмтæн сæ хуыздæр кæфтытæ. Уæдæ сæ архайд республикон, æппæтцæдисон æмæ суанг дунеон конкурсты дæр раппæлинаг æмæ уæлахизджынæй хæрзиуæгджын уыд. Ансамбль иудадзыгдæр цыд сфæлдыстадон балцыты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хъæутæм, нæ бæстæйы стырдæр горæттæм, хæстæг æмæ дард фæсарæнты аивадуарзджыты дæр-иу бабуц кодтой сæ кафт æмæ зардæй.
– Ирон кафты уд æмæ зæрдæ куыд аив сты, уый сценæмæкæсæг кафæгæн йæ цæстæнгасæй æмæ цæсгомы хуызæй дæр хъуамæ æмбара æмæ æнкъара. Ирон кафт нæй æххæстæй рахæссæн, сценæмæ, адæмы размæ хæрзарæзт æмæ хæрзаивæй куы нæ рацæуай, уæд. Цухъхъа скодтай, уæд хъуама дæ худ, хъама, зæнгæйттæ æмæ хæдбынтæ куыд хъуама уой æнæаив, кæнæ разгæмттæ скодтай, уæд дыл хъуамæ уа рон, худ, кæлмæрзæн æмæ риуæгънæджытæ. Æнæ уыдонæй сценæмæ цæуæн нæй,- дзырдта-иу арæх Уагка. – Ирон кафты цагъд фидауы аив зардæй æмæ хъырнынæй, къæрцгæнæн, хъандзал æмæ хъисын фæндыры зæлтæй, далафæндыры цагъдæй.


Ацы музыкалон уадынгæрзтæй фидыдта алкæддæр ансамбль “Симд”-ы аив оркестр, кафт æмæ зард. Йæ бындурæвæрджытæ Галаты Барис, Бирæгъты Зауырбег, Кокойты Тæтæрхъан, уыдон дзы цы фарны æгъдæуттæ ныффидар кодтой æмæ ныууагътой, уыдон Дзаттиаты Уагка хаста йæ разамонæджы куысты. Зыдта æмæ арæхст йæхи уды æмæ курдиаты хорзæхтæ бафтауын. Йæ курдиат æмæ æвæрд кæфтыты тыххæй фыстой нæ бæстæ æмæ облæсты центрон газетты. Мæнæ куыд фыста номдзыд хореограф, Советон Цæдисы адæмон артист Иликъо Сухишвили Уагкайы æвæрд «Симд»-ы тыххæй 1957-æм азы газет “Заря Востока”-йы: «Танец “Симд”, показанный Василием Джатиевым, можно назвать основой всех основ осетинской народной хореографии. Показанный гостями из Южной Осетии танец “Симд”, превзошел все дотоле нами увиденное. Как зачарованный зрительный зал следил за исключительно красивым плавным движением танцующих, замечательным композиционным построением отдельных групп, которые так красиво, легко и изящно сменяют одна другую”. Ацы зæрдиаг ныхæстæ уыдысты Уагкайы стыр сфæлдыстадон сгуыхтдзинад, арæхстдзинад æмæ курдиат æвдисæг, ансамблы уæды кафджыты стыр æмæ ирд уæлахиз.
Дæсны кафæг æмæ курдиатджын хореограф алкæддæр йæ архайды хъахъхъæдта ирон фыдæлтыккон кæфтыты фыццагон хуыз, сæ хъуыды æмæ кафыны уа-джы миниуджытæ. Аив сæ кодта, уæлдай фезмæлд æмæ къухистытæй музыкалон мелодикон хуызмæ сын ивддзинад никуы хаста. Мæнæ æз фыдæлтæй дæсныдæр дæн, зæгъгæ, уыцы «зондæй» хызта йæхи кæддæриддæр.
Алкæддæр-иу хорзæй мысыд ансамблы фæндырдзæгъдджытæй Мамиты Замирæт, Цхуырбаты Барис æмæ Цæукъаты Хуымейы.
Дæсны æмæ арæхстджын кафæг æмæ курдиатджын хореограф Дзаттиаты Уагка Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль “Симд”-ы кад æмæ радæй фæкуыста 1964-æм азмæ. Уыцы аз та йын бабар кодтой Цхинвалы Культурæйы хæдзары фольклорон ансамбль “Фарн” саразын. Архайдтой дзы куыд хистæртæ, афтæ фæсивæд дæр. Уыдысты алы дæсныйæдтыл хæст, фæлæ уарзтой æмæ архайдтой ирон аивад, кафт æмæ зард.

Номæй-номмæ сæ ранымайæм: Лалыты Зинæ, Битеты Сæлимæт, Цоциты Зарæ, Нартыхъты Иринæ, Гасситы Ингæ, Дзаттиаты Руслан, Плиты Валери, Сланты Ботаз, Тедеты Сослан, Абайты Нодар, Дзабиты Роланд, Хъоцыты Гиви, Пæррæстаты Михал… Æдæппæтæй авд æмæ ссæдз кафæджы. Семæ Уагка æвæрдта æмæ кафыд, куыд солист, афтæ рагон ирон кæфтытæ, уыд сæ репертуары этнографион хореографион-вокалон сценикон спектакль “Сыбайаг хъазт”. Ансамбль “Фарн” йе сфæлдыстад æвдыста хæрзиуæгджын æмæ уæлахиздзауæй. Æппæтцæдисон æмæ Æппæтуæрæсейон конкурсты. Цалдæргай хæттыты уыд сфæлдыстадон балцы Дзæуджыхъæу, Мæскуы, Ленинград æмæ Абхазы, Стъарапъол æмæ Хъæрæсе-Черкесийы. Цæгат Ирыстоны паддзахадон телеуынынады аивадон равдыстыты сæрмагонд цикл “Аивад куы уарзай”-йы-иу рауагъд арæзт æрцыд ацы аивадон къорды архайды тыххæй. Цы рагон кæфтытæ дзы уыд сæ репертуары, уыдон дæр дзы парахатæй æвдыст æрцыдысты. Абон дæр ансамбль “Фарн”-ы тыххæй равдыст æфснайд у Паддзахадон телерадиокомпани “Алани”-йы архивы. Кæд ацы ансамбль ныр нал ис, уæддæр йæ ахадындзинад стыр уыд æмæ у национ культурæйы адæмон кафты æгъдæуттæ бахъахъхъæныны хъуыддажы. Уый тыххæй та Дзаттиаты Уагкайæн мæрдтæм æмбæлы бузныг зæгъын, йæ ном ын алкæддæр стыр кад æмæ радимæ мысын!
Рацарæзты дуджы номдзыд кафæг йæ рухсадон-аивадон архайд æнтыстджынæй адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны. Уыд Хетæгкаты Къостайы номыл культурæйы хæдзары фольклорон-этнографион ансамбль “Хъуыбады”-йы архайæг, Горæтгæрон районы Чермены хъæуы Культурæйы хæдзары адæмон кафты ансамблы разамонæг. Ирон аивад æмæ фыдæлтыккон кæфтыты тыххæй фыста мидисджын æмæ хъуыдыджын уацтæ газет “Рæстдзинад”-мæ. Уыд паддзахадон радио æмæ телеуынынад “Алани”-йы радиобакастыты æмæ равдыс-тыты, сфæлдыстадон изæрты, фембæлдтыты æмæ дзыллон бæрæгбæтты иудадзыгон архайæг.
Кæд Дзаттиаты Уагкайыл азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр йæ кары бацæугæйæ дæр уыд цардбæллон æмæ æвзонг лæппуйау сæрæн. Йæ царды сæйрагдæр нысан æмæ хæс – ирон кафтæн æмæ аивадæн лæггад – сæххæст кодта иттæг æнтыстджын æмæ арæхстджынæй. Фæлæ ма йæ уæддæр фæндыд, номдзыд кафæг УФ-йы сгуыхт артист Цæболты Къостаимæ фольклорон кафт æмæ зарды ансамбль саразын, фæлæ Къостайы адзал ын йæ фæнд фæсыкк кодта. Йæ ныфс æмæ хъару цалынмæ уыд, уæдмæ Дзаттиаты Уагка Иры зæххыл фæцыд Ирон кафты цырагъдар æмæ фыдæлты куль-турæйы артдзæстыл аудæгæй. Ахæм фарны лæгты нæмттæ æмæ сфæлдыстад та фæлтæртæн нымаинаг æмæ мысинаг хъуама уой!

ГАСАНТЫ Валери

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.