Суанг рагзамантæй фæстæмæ ирон адæммæ фынгæвæрд æгъдауы сæйраг бындуртæй иу кæй уыд, уый тыххæй бирæ историон æмæ аивадон æрмæджытæ баззад. Ныры дугмæ абаргæйæ, ирон фынджы сæйраг нысаниуæг бахæрын æмæ баназын нæ уыд, фæлæ уæздандзинад æмæ рæсугъддзинад. Къоста дæр ма йæ куы загъта: «Уазæгæн йæ фæллад сæфта, зианджынæн – йæ хъыг».

Рагон тымбыл æртæкъахыг фынг ирон фарныл хæст адæмæн нысан кодта Зæхх æмæ Хурау æмдымбыл, дунейау æгæрон, мидисæй та – дзыллæйы удхъомыс æмæ хидвæллæйтты уаз-бæркад. Цины, райгонды бæркæдтæ æвæрынæн нæ фæрнджын фыдæлтæ арæзтой тымбыл æртæкъахыг фынгтæ иугуыр хъæдæрмæгæй, зианы-хъыджы хæлайраг-рухсаггаг хæрдзтæн та –  цыппæркъахыг фæлахс фынгтæ. Æртæкъахыг фынг амыдта адæймаджы царды æртæ сæйрагдæр хорзæхмæ-тыхмæ. Уыдонæй иу уыди Хурты Хурзæрин, иннæ – Хуыцау, æртыккаг – Зæхх. Дунейы сконды æртæ сæйрагдæр хорзæхы номыл конд цыдысты ирон фынджы бæркæдтæ æртыгæйттæй: æртæ кæрдзыны, æртæ уæливыхы, æртæ нуазæны, æртæ æртæдзыхоны, æртæ хайы, æртæ физонæджы. Уыцы уагыл тымбыл фынгтыл кувинæгтæ æвæрд цыдысты æртыгæйттæй, æмæ цины фынгæвæрдæн хистæриуæг кодтой æртæ хистæры, æртæ кæстæры – кæстæриуæг. Уыйадыл цины фынджы ныхмæ сæрырдыгæй бадти æппæты хистæр, кæронæй та – æппæты кæстæр.

Адæймаг куы амæлы, уæд йæ хуры хай дæр аныгуылы, йæ арты хай дæр ахуыссы, æмæ йын хæлары-рухсаджы хæрдзтæ æрæвæрынц цыппæрдигъон цыппæркъахыг фæлахс фынгтыл. Уыцы хуызы рухсаджы хæрдзтæ вæййынц дыгæйттæй-къæйттæй æвæрд Хуыцауы æмæ Зæххы хайы номыл хæрнæджы фынгыл. Уыйадыл хæрнæджы-зианы фынгæн вæййы дыууæ хистæры сæрæй бадынæн, дыууæ кæстæры – кæронæй бадынæн, æмæ æппæты хистæр дæр фынгæн бады галиуварсæй.

Æппæт куыстæгты æмæ фæллæйтты фарнамонд цыди бæркады хъомысæй ирон фынгтæм. Фынгæвæрды кад æмæ рады фисынтыл амад цыдысты ирон дзыллæйы фæзминаг миниуджытæ сылгоймагæй нæлгоймагмæ, стырæй чысылмæ. Кары монц, хистæрæггаг æмæ кæстæрæггаджы уаг, фæлтæрты бастдзинад, сылгоймагæй нæлгоймаджы астæу æфсармы арæнтæ æнгом лæууыдысты æнусты дæргъы ирон фынгæвæрды æгъдауы алыварс. Фынгæй куыстмæ, куыстæй – фынгмæ нывæзтысты ирон фарны хæрзтæ-бæркæдтæ иугæндзоны райгондæй. Ирон фæрныг æхсæнады иумæйаг хъæлæсæй зарыди нæрæмон Къоста дæр цины æмæ масты зарджытæ. Æртæкъахыг фынджы бæркадæн цас аргъ кодта, уый хæрз цыбырæй загъта, æмæ бæркæдтæ та хъомысджын уыдысты хорз æфсинты æрмтты, зæрдæты хъармæй:

 

Хорз æфсин цынæ хæринаг

Авæрдзæн лæгæн йæ разы! –

Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй

Бирæ кад дæттын фæразы.

 

Нæ фыдæлтæ хорз æфсиныл нымадтой хæрзæгъдау, хæрзæфсарм сылгоймаджы, йæ кадавар хойрагæй уазæгæн стыр лæггад кæнын чи фæрæзта, ахæмы. Фæрнджын хæдзары æфсин цæхх æмæ кæрдзын лæвæрдта зæрдиагæй, удхъомысы хæрзтæй узæлыд бинонтыл, хъæубæстыл, уазæгыл…

Куыстæгтæ æмæ кусæнгæрзтæ, фæллæйттæ æмæ бæркæдтæ зæрдыл даргæйæ ирон фынгæвæрд, иуæй, хуы-мæтæг уыди, иннæмæй – вазыгджын. Хуымæтæг хаста ирон фынгæвæрд хæринæгты æмæ нуазинæгты бæрцæй, хуызæй, царды уавæртæ æмæ фадæттæ бæстон хынцгæйæ, бынат æмæ афон нымайгæйæ. Вазыгджын æмæ хъомысджын та уыди æгъдауæй æмæ нымдæй фарны сæйрагдæр домæнтæ æрвылбон æххæст кæнгæйæ. Цыфæнды уавæрты æвæрд куы цыдаиккой тымбыл фынгыл ирон кадавар хæринæгтæ, уæддæр æфсисыхъомысы равгимæ семæ хастой хæдзарвæндаджы фæтк æмæ уаг, нымд æмæ æфсарм, æмæ сын уыдоны аккаг кад кæнын хъуыди фынгисæггаг къæбæры онг. Иугъæдоны хъусдардæй хуымæтæджы фынгæвæрды дæр бæстон нымад цыдысты рог æмæ уæззау хæринæгтæ аходæныл, сихорыл, æхсæвæрыл. Алы хуызты хæринæгтæ алкæд фынгыл иумæты не ‘вæрдтой куыдфæндыйæ. Æмткæй хæринæгтæй иуы дæр æвзæрыл нæ нымадтой фыдæлтæ, фæлæ æппæт хуызты æмтъерыйæ хæрын нысан кодта æгады гакк. Фыдæлтæ хæрд æмæ нозты хуызтæн зыдтой бæрц, афон æмæ бынат, стæй иумæты хæргæйæ æмæ нуазгæйæ кæцытæ хуыздæр фидыдтой æмæ тадысты буарæн, уый дæр æмбæрстой. Уыйадыл дихгонд цыдысты бæрæг фæткыл цины æмæ зианы фынгæвæрды хæрдзтæ, бæркæдтæ куыд хойрагæй, афтæ нозтæй дæр. Зæгъæм, æппæт урсаджы хæринæгтæ (æхсыр, мисын, сылы, хуырх, царв, нæлхæ, дзыкка, уæлкъæйдзыкка, уæливых) нæ тадысты иумæ хæргæйæ фыдызгъæлы фыхтимæ. Уæдæ нæдæр цины, нæдæр зианы фынгтыл æвæрдтой æмхæццæйæ судзагхæлттæ, басгæрдджытæ æмæ дыргътæ.

Ирон адæммæ цы нозты хуызтæ уыд, уыдонæй цины фынгтыл æвæрдтой бæгæны, арахъ, дон, фæлæ дон бæгæныимæ нæ фидыдта, бæгæны – арахъимæ. Бæгæны æмæ арахъ иумæ нуазгæйæ арахъы тых сæфти. Арахъы тых сæфта суар дæр, æмæ-иу  чындзæхсæвы, куывды заман бадты хистæр уырдыглæуджытæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бадзырдта, бæгæны æмæ суар мауал дæттут чындзхонтæн, куывддонтæн, карз нозты тых сæттынц, æмæ нæм уыйбæрц арахъ нæй, зæгъгæ…

Абоны ирон фынгæвæрды фæтк æмæ æгъдау сты бынтон æндæргъуызон. Нал дæр аходæнæн ис бæрæг афон, нал дæр сихорæн æмæ æхсæвæрæн куыд бинонты, афтæ хъæубæсты æмæ комбæсты ‘хсæн дæр. Бинонтæ куыдкуыстхъомдæрæй алы бынæтты æмæ алы афæтты куыд кусынц, сæ фынгæвæрд дæр баст у уыцы уавæртимæ. Уыйадыл налдæр нозты хуызтæ цæуынц æвзæрст фынгæвæрды, налдæр – хæринæгты. Æддейæ бакæсгæйæ цины æмæ зианы фынгæвæрдтæ кæрæдзийæ ницæмæй хицæн кæнынц, уыйбæрц хæринаг æмæ нуазинаг æрæвæрынц арвистонæй.

Нæ уæздан фыдæлтæ ирон фæтк æмæ уагыл зианы фынгтыл æвæрдтой  цæхх æмæ дон, кусарты сæр æмæ бæрзæй, фыдызгъæл – къуыдырфыхæй, хойрагæн – донгонд кæрдзынтæ, луаситæ, хæлары нозтæн – къуымæл гæзæмæ фылдæрæй, арахъ та – къаддæрæй. Уыцы уагыл марды-зианы фынгыл кодтой цыппар, æхсæз рæгъы бæгæныйæ æмæ къуымæлæй, кæнæ – арахъæй. Æртæ хуызы нозтæн иумæты баназын уыди дыккаг мардæрцыд фыдохы фынгыл.

Раздæр нæм цины бонты фынгæвæрдтæ уыдысты алыхуызты: чындзхаст æмæ чызгæрвыстæн – иу хуызы, лæппуйы куывдæн – иннæ хуызы, бæрæгбæттæ цал уыдысты, уал хуызы – фынгæвæрдтæ дæр, стæй афæдзы афонтæм кæсгæйæ кодтой дзаджджинаджы хуызтæ æмæ кусарты кæндтæ дæр. Зæгъæм, Уастырджийы бонты æргæвстой нæлсæгътæ, нæлфыстæ, Фосы Фæлвæрайы бон та – уæрыччытæ. Афæдзы цыппар афоны цы хицæн бæрæгбæттæ уыди, уыдоны номыл – кусæртытæ, кувинæгтæ æмæ кувыны хуызтæ. Зымæджы карзы фæлмæн цыхтæй уæливыхтæ ничи бацагуырдтаид бадты адæмæй, нæдæр цæхæраджынты кой уыди. Уæдæ уалдзæгæй фæззæгмæ судзагхæлттæ, басгæрдæджытæ, алыхуызы халсартæ æмæ гагадыргътæ – бирæ, фæлæ сæ кувинаджы номыл фынгмæ ничи хаста. Къахæджы æмæ маргъы фыдызгъæлтæ хæрзад куыннæ сты, фæлæ сæ кувинаджы хæрзтимæ фынгыл не ‘вæрдтой.

Ныры заманы цины фынгæвæрдтæ вæййынц фаззæттау æмхуызæттæ куыд кондæй, афтæ мидисæй дæр. Цыдæриддæр ис урсаджы, сойаджы, халсары, дыргъы, судзагхалы, басгæрдæджы æмæ адджинæгты хуызтæй, уыдон баиу вæййынц дæсгай ахуырст æлхæнгæ дæттимæ, карз нозты хуызтимæ, æмæ – «цæл æрцыди, цин æрцыди!..». Хæр æмæ нуаз, куыд дæ зæрдæ зæгъы, афтæ. Ныры фынгæвæрды «æгъдауыл» чи нæ разы кæны, уыдонæн хорзæй ницы вæййы ахæм арвистон бадты, фæлæ æнæнымадæй хæрын æмæ нуазыныл чи фæцалх, уыдонæн – уæлон дзæнæт…

Нæ фыдæлтæн æппæт сойаджы æмæ урсаджы хæринæгтæ карз нозты хуызтимæ нæ тадысты. Дыууæ фых хæринагæн иу хом хæринаджы хуыдтой изгарды хос, æмæ сæ æмхуызонæй иумæты нæ хордтой, уæд ныры дæсгай фых æмæ хом хæринæгтæ, нуази-нæгтæ куыд тайынц адæмæн бæрц нæ зонгæйæ, бынат æмæ афон нæ хатгæйæ?! «Тайынц» зæгъын тæригъæд ныхас у. Фырхæрд æмæ фырнозты фæстиуджытæн банымайæн дæр нæй, ныры царды уагмæ рæстаудынæй куы æркæсæм, уæд. Нæ фæрнджын фыдæлтæн нымадæй бæрцыл хæрын æмæ нуазын уыди иумæйагæй кадыл дзурæг. Фырхæрд –  фыдниз, фырнозт – æгадгæнæн, зæгъгæ, амыдтой, æмæ дыууæ хуызы низæй дæр сæхи хызтой. Ныры ирæтты фынгæвæрды цы хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ вæййы, уыдоны уæлдæйттæ иууыл иумæ æфсæйнаг мигæнæны ныккал, зæгъгæ, уæд æнгом сæрæхгæдæй атонид, уыйас хæлæн тых сæ равзæрид æнхъызтæй. Гъемæ, арвистонæй хæргæйæ, нуазгæ-йæ ныры бæркæдтæ адæймаджы буарæн цас зианхæссæг сты, уый зын бамбарæн нæу, уымæн æмæ дзæвгар низтæ расайынц куыдфæстагмæ. Уыдоны астæу иу низ у бæрæг арæхдæрæй дзыллон ног миниуæгыл дзурæг: «Никуы ницæмæй хъæрзыдта, афтæмæй бафынæй æмæ нал райхъал!» Æмæ уыцы уавæрæн дæр æфсæнттæ æмæ аххосæгтæ ссарынц мæнг дингæнджытæ, гуыбындзæлæй æгъдауæвæрджытæ: «Хуыцау цы стæрхон кæна, уый», «Æндæр фылдæр цæрæнбонтæ йын не саккаг кодта Сфæлдисæг», «Амондджын мардæй амарди, рыст цы у, уый нæ базыдта», «Иугæр лæгæн йæ царды бонтæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц, уæд – æваст мæлæт!», «Æнæнизæй, æнæ уæлдай хъизæмæрттæй сыджыты хайыл бафтынæй хуыздæр ма цы уа!» Æмæ цынæ хуызы райгонды ныхас фехъусæн вæййы судзаг марды хисты дæр адджынæн хæргæйæ, нуазгæйæ…

Абоны «ног ирæттæн» сæ фынгæвæрды уæлдай хæрдзтæ вæййынц фыдæлты арæзт æгъдæуттыл баст, уыдон дæр афтæ кодтой æмæ амыдтой, зæгъгæ. Уыйадыл мысæггаг цаутæй фехæлдтой фыдæлты фæрнджын æгъдæутты, æмæ ирон фынгæвæрды рæсугъд æмæ цыбыр æгъдæуттæ фесты бирæ хæрд æмæ нозты бын. Ома, æгъдауæн нæ, фæлæ – æфсисæн æмæ хи æвдисынæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.