Куыд зонæм, афтæмæй диаспорæтæн сæ бон у ахъаз суой, цы бæстæйы ном хæссынц, уый æргъæдтæ бахъахъхъæнын æмæ сæ  парахат кæнынæн.

Уый, æмæ æндæр фарстыты фæдыл Бельгийы архайæг Æхсæнадæмон æнæкоммерцион ассоциаци «Renaissance Sandidzan»-ы къухдариуæггæнæг Пухаты Радионимæ раныхас кодта  журналист Гаглойты Жаннæ.

– Бæлвырд куыд у, афтæмæй, ирон диаспорæтæ архайынц æппæт дунейы алы бæстæты, куыд æввахс  æмæ дард фæсарæнты, Арабаг Эмиратты, афтæ ма уæвынад кæнынц,  афтæ хуыйнæг Уæрæсейы Федерацийы Æмбæстагон æхсæнадты.  Дæ хъуыдымæ гæсгæ цавæр фарстатæ у сæ бон скъуыддзаг кæнын диаспорæтæн? Радзур ма нын бæстондæрæй  дæ хорзæхæй, Бельги æмæ Голландийы бæстæты уæвæг ирон диаспорæты архайды тыххæй.

– Раст у, ирон диаспорæтæ архайынц дунейы бирæ бæстæты. Диаспорæ арæзт нæ цæуы иу адæймаджы фæндонмæ гæсгæ. Диаспорæйы сырæзт, сæйраджыдæр, баст у, æмзæххонтимæ ахастытæ фидар кæнын, национ æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæнын  æмæ сæ дунейы æндæр æхсæндтæн зонгæ кæнынимæ. Хъыгагæн, фылæр хатт диаспорæйы фæзынд баст вæййы цавæрдæр проблемæтæ скъуыддзаг кæнынимæ, æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый раст нæу. Мæнмæ гæсгæ  фылдæр ахсджиаг фарстатæ аскъуыддзаг кæнын уаид нæ бон,  мах-иу раздæрæй хуыздæр уавæрты  куы æрбаиу уаиккам, уæд.

2008 азы Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутæ систы нæ диаспорæйы сырæзты сæйраг нысан. Уæд мах æвиппайды æрбамбырд стæм организаци «Renaissanсe Sandidzan»-ы сконды æмæ сарæзтам нæ диаспорæ. Августы хæстон бонты рæстæджы нæ диаспорæ архайдта, Ирыстоны æрцæугæ цаутæ рæстагæй равдисыныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн æххæстбæрцæй нæ бон не сси ныгуылæйнаг æнæбындур пропагандæйыл фæтыхуæвын, æгæрыстæмæй, уыцы уæззау бонты цæугæ цаутæ Дунейы æхсæнадæн  иуварсонæй æвдисыны хъуыддаг Уæрæсейæн дæр не сси йæ бон æххæстбæрцæй фæивын. Фæлæ мах фидарæй архайдтам, дунейы æхсæнады рæстдзинадимæ зонгæ кæныныл.

Нæ организаци иу æмæ дыууæ хатты нæ фыста Европарламент æмæ Еврокъамисмæ, Гуырдзыстоны ахæстæтты æнæза-къонæй цы хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ бадт, уыдоны ссæрибар кæныны æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæлвырд кæныны  тыххæй. Ацы фарстыты фæдыл мах истам ахæм дзуаппытæ, ома, нæ фарстатæм хъусдард уыдзæн. Фæстæдæр куыд фехъуыстам, афтæмæй, Гуырдзыстоны ахæстæттæй сæрибар æрцыдысты цалдæр ирыстойнаг æмбæстаджы. Мæнмæ гæсгæ, кæд бирæ нæ, уæддæр мах диаспорæйы архайдтытæ дæр ахъаз фесты ацы хъуыддагæн.

Диаспорæты уавæртыл куы дзурæм, уæд мæ бон у зæгъын, уыдонæн сæ бон кæй у бирæ вазыгджын проблемæтæ скъуыддзаг кæнын. Уымæн ма æвдисæн сты, мах цы культурон мадзæлттæ уадзæм, уыдон дæр. Уыдон ‘руаджы европæйаг æхсæнады зонгæ кæнæм ирон культурæимæ, здахæм сын сæ хъуыды Ирыстонмæ.

 – 2008 азы августы хæстон цауты фæстæ сымах Брюсселы Европарламенты агъуысты размæ ауагътат æнæразыйы акци. Цасбæрцæй сси уæ бон информацион æрхъула атоныны фарст аскъуыддзаг кæнын. Куыд ис спайдакæнæн диаспорæйы хъомысæй политикон процессты?

– Æвæццæгæн, Европæйы уагъдцæуæг æнæразыйы акцитæй фыццаг уыд мах акци, кæцы уагъд æрцыд Гаагайы. Уæд ма Хуссар Ирыстоны цыдысты хæстон архæйдтытæ. Уый фæстæ ма ноджы дæр æнæразыйы акцитæ уыд Брюсселы, Страсбургы æмæ уым мах Гуырдзыстоны къухдариуæгадæй домдтам сæ архайдтыты фæдыл бæрндзинадмæ. Ныртæккæ тынг зын у зæгъын, нæ бон сси информацион æрхъула атонын, æви нæ, фæлæ фидарæй зæгъын мæ бон у, нæ архайд кæй нæ баззад æнæхъусдард дунейы журналистты ‘рдыгæй. Уæд Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй цы информаци лæвæрд цыд, уыдонæй къаддæр информаци нæ лæвæрдтам мах дæр Голландийы массон-иформацион фæрæзты. Алыгъуызон массон медиа центрты æрвылбон дæр мах лæвæрдтам дæсгай фынддæсгай интервютæ. Хъыгагæн, 12 августы æппæт Европæ æрцыд иумиаг хъуыдымæ, ома, æппæт дæр у Уæрæсейы аххос. Фæлæ уый нæ бандæвта мах активон куыстыл, дарддæр кодтам  информацион фæрæзтæм рæстдзинад фæхæццæ кæныны куыст.

Уыцы æввахс бонты Брюсселмæ æрластам Хуссар Ирыстоны пырх æмæ сыгъд горæты нывты равдыст æмæ ассоциаци «Возрождение» цы брошюрæтæ смыхуыр кодта – «Пять дней одного августа», уыдон. Равдыст бирæбæрцæй бандæвта æрба-цæуджытыл. Æгæрыстæмæй ма иуæй-иутæ æркуырдтой равдысты нывтæй дæр. Зæгъæм, иу бинонтæн сæ зæрдæмæ тынг фæцыд ныв, пырх рудзынджы тæрæзыл куклæйы скъуыдтæ кæм уыд, уый. Уыдон уыдысты сывæллæтты сæрмагонд клиникæйы къухдариуæггæнджытæ. Æз сын ныфс бавæрдтон, кæй сын æрæрвитдзынæн фæстæмæ уыцы ныв. Фæстæдæр, Ирыстоны æз базонгæ дæн уыцы нывы автор Пæррæстаты Ланæимæ.

Политикон процесстыл æндæвдады тыххæй мæ фæнды зæгъын, махæн не ‘хсæнад Бельги æмæ Голландийы нырма афтæ бирæ рæстæг нæ архайы, куыд, зæгъæм Туркы ирон æхсæнад. Уыдон æнусы дæргъы сты бынæттон цæрджытæ æмæ сæ уавæртæ дæр сты фылдæр. Уыдонæн сæ бон сси дунейы раззагондæр позицитæм рахизын, ис сын тынг хорз ном алыгъуызон фадгуыты, афтæ политикон хъуыддæгты дæр. Афтæмæй Туркы ирон диаспорæйы архайд махæн ныртæккæ у дæнцæг. Мæнмæ гæсгæ, фæстæдæр европæйаг ирон сывæллæттæн уыдзæн фылдæр уавæртæ, ирон диаспорæйы æмæ Ирыстоны  интерестыл гъæдджындæрæй кусынæн. Банысан кæнын ма мæ фæнды, æмæ ныртæккæ уыцы ирон сывæллæттæн сæ фылдæр сты Европæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ.

– РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадимæ уын цавæр æмархайдтытæ ис? Æрæджы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр уыд кусæгон балцы Италийы. Балцы рæстæджы уый фембæлд Италийы алыгъуызон политикон æмæ æхсæнадон архайджытимæ. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы фембæлдтытæ куыд бандавдзысты Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фарстыл?

– РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадимæ махæн ис æнгом ахастытæ. Министрад диаспорæты архайдмæ дары йæ хъус, уыцы нымæцы мах æмæхсæнадмæ дæр. Уый, мæнмæ гæсгæ у тынг раст.

Асджиаг у экономикон, политикон, культурон ахастытæ Европæйы регионтимæ бæстон кæнын мах æддагполитикон ве-домствæйы руаджы, уымæн æмæ Европæйы сæйраг хицауиуæгад ис Брюсселы æндæвдады бын, Брюссель та йæхи рады ис АИШ-ы æндæвдады бын. Уымæ гæсгæ, уыдонмæ хæдбардзинад банымайынмæ æнхъæлмæ кæсын у æнæхъуаджы. Фæлæ ма ис æндæр регионтæ, сæрмагонд ахастытæ кæимæ хъæуы æрбæстон кæнын, æмæ уыцы уавæртæй та хъæуы спайда кæнын. Ныртæккæ Димитр Никъалайы фырты архайд нымад у тынг хорз хъуыддагыл. Уыцы фембæлдтытæй æввахс рæстæджы фæстиуджытæм æнхъæлмæ кæсын зын у, фæлæ уыдонæй пайда кæнын хъæуы нысанмæздæхтæй.  Кæд æмæ фæстæдæр политикон уавæр фæива, уæд махæн уыдзæн фидар бындур, æмæ уый руаджы махæн нæ бон уыдзæн дарддæр нæ куыст гъæдджындæрæй кæнын. Хæдбардзинад банымайынмæ æнхъæлмæ кæсын у æнæхъуаджы рæстæгсафæн ми.

Банысан кæнын ма мæ фæнды, Италимæ Медойты Димитры балцимæ  баст уыд нæ æмæхсæнад Пезаройы цы равдыст ауагъта, уый дæр. Уымæй фылдæр хъусдард здæхт уыд мадзалмæ.  Мæнмæ гæсгæ, министры ацы балц уыд æнтыстджын, ацы фадыджы архайдтытæ хъæуы тынг кæнын.

– Сымах стыр хъусдард здахут фæсарæнты ирон культурæимæ зонгæ кæныны фарстмæ, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæгадты хайадистæй ауадзут  æрвылазон мадзæлттæ «Ирон культурæйы бонтæ Европæйы». Ахæм уæрæх æмвæзадыл   мадзæлттæ ауадзыны рæстæджы цавæр ныхкъуырдтыл фембæлут?

– Зæгъын хъæуы уый,  æмæ мах куы фæхъавæм  ахæм мадзал ауадзынмæ, уæд кæддæриддæр, хуссайраг сыхæгты ‘рдыгæй фембæлæм цæлхдуртыл.  Гуырдзыстоны минæварадтæ æмæ консульстваты æндæвдадæй фæхъавынц, нæ партнертимæ нын не ‘мгуыстад бакъуылымпы кæнынмæ. Уыд, горæтты администрацитæм  хъаугъайы фыстæджытæ фыссыны цаутæ дæр. Нæ партнертæй иуæй-иутыл бандæвтой нæ ныхмæлæуджыты ахæм ахастытæ æмæ æрурæдтой махимæ æмгуыстад. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый нæ бандæвта нæ архайдыл æвзæрæдæм, уыйхыгъд мах æмбарæм, кæй стæм раст фæндагыл æмæ нæм ис дарддæр нæ архайдмæ разæнгарддзинад.

Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады минæвæрттæ нын нæ мадзæлттæм кæй æрбацæуынц, уый дæр нымайын стыр æнтыстыл, уымæн æмæ уыцы мадзæлттæн ис бирæнысанон идеятæ. Ирыстон æмæ ирон культурæ æхсæнадæн зонгæ кæнынæй дарддæр ма  равдыстытæ цы бæстæты уагъд æрцæуынц, уыцы бæс-тæты ирон диаспорæтæн сæвзæры æмахастытæ, бастдзинад. «Ирон культурæйы бонтæ Европæйы» у тынг хорз уавæр, Ирыстоны къухдариуæгадимæ æддагполитикон фæдыздæхты нæ тыхтæ æрбаиу кæнынæн. Максималон æнæформалон уавæрты арæх ауадзæм тымбыл фынгтæ, цыран вæййы хæларадон ахастыты  æргом дискусситæ ног фæндтæ райхалыны фæдыл. Фадæттæ ис тынг бирæ,  уымæ гæсгæ хъæуы бакусын  нæ фидæны ног æмæ ног фæндтыл.

Зæгъын хъæуы финансон уавæры тыххæй дæр.  Кæцыфæнды мадзал дæр уагъд æрцæуы сæрмагонд энтузиазмы руаджы, уымæ гæсгæ вæййы фембæлæн финансон проблемæтыл дæр.  Ацы фарсты фæдыл нын фæзынд  Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæггæнджыты ‘рдыгæй æххуыс æмæ уый фæстиуæгæн уавæр фæстаг рæстæджы у хуыздæр. Ахсджиаг у, цæмæй диаспорæты уæнгтæ зоной æмæ æнкъарой кæй сæм ис хъусдард æмæ кæй ис сæ архайдыл цымыдисгæнджытæ. Ныридæгæн цæттæ у фидæн азæн ма-дзæлтты цæттæгæнæн нывæзт. Фидæн азы цы мадзæлттæ ауадзын фæнд кæнæм, уыдон фæдыл ивгъуыд аз баныхас кодтам нæ партнертимæ дæр. Ис нын  Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны Президентты ‘рдыгæй æххуыс, хъæуы ма нæ фæндтæ цæрæццаг скæнын.

– Куыд аргъ кæнут Европæйы уæвæг æндæр диаспорæты архайдæн, цавæр куыст цæуы  уыдон æмæ æндæр бæс-тæты  фæсивæдон организацитимæ ахастытæ райтынг кæныны хъуыддаджы?

– Мæнмæ гæсгæ, æнæмæнг хъуыддаг сты диаспорæтимæ  æмгуыст кæныны стратегион ахастытæ.  Ныронг цы куыст цыд, уый ныртæккæ фаг нал у. Уымæн æмæ цард цæуы размæ, ивынц  реалитæ,  диаспорæты хъомыс фидардæр кæны, æмæ хъæуы размæцыдыл кусын. Æрæджы уагъд цыд ирон адæмы уанел. Уырдæм хаст æрцыдысты  диаспорæтимæ кусыны концепцитæ. Æз уырдæм хуынд уыдтæн, фæлæ бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ, мæ бон не сси уанелы хайад райсын. Стыр  цымыдисимæ мæ хъус дардтон уанелы цыдмæ. Федтон, ирон адæмы Уæлдæр совет куыд архайы диаспорæты минæвæртты йæхимæ здахыныл. Фæлæ ацы фарсты фæдыл ис иу проблемæ.  Диаспорæйы сæргълæууæг снысан кæнын мæнмæ гæсгæ у æнæпайда къахдзæф.

Ныфс мæ ис ирон адæмы  Уæлдæр советы  къухдариуæгадæн бантысдзæн диаспорæтимæ хуыздæр ахастытæ саразын.  Кæд æмæ диаспорæтимæ æмкуысткæнынмæ Ирыстоны  фæзына  иумиаг  хъуыды,  уæд  уымæн уыдзæн хорз фæстиуджытæ  куыд  экономикон, культурон, социалон, афтæ политикон фарсæрдыгæй дæр.  Диаспорæтимæ æмгуыст кæнынæн кæд абон нæ, уæддæр фидæны уыдзæн тынг хорз фæстиуджытæ. Кæд Ирыстон  архайы йæ размæцыдыл, уæд хъуамæ рохуаты ма уа,  фæсарæнты чи ис æмæ йæхи ирон чи хоны,  уыцы ирон адæмы минæвæртты хъомыс дæр.

Уырыссаг æвзаджы организаци «Бельгийская Федерация русскоязычных организаций»-йы сконды ис цыппор уæнджы, уыцы сконды ис не ‘хсæнад дæр. Уыцы организацийы хайадисджытæй мах кæддæриддæр æвæрæм ныфс. Зæгъæм, Брюсселы æнæразыйы акци уадзыны рæстæджы  нæ фарс æрбалæууыдысты æндæр нациты минæвæртты организацитæ, уый та у æнæферохкæнгæ хъуыддаг.

Уæрæсейаг император Александр III сæрыстырæй дзырдта: «Уæрæсейæн ис дыууæ æмцæдисон –  Æфсад æмæ Флот», уыцы хъуыды мæхирдыгонау фæивгæйæ зæгъдзынæн;  Уæрæсейæн ис æртæ æмцæдисоны  – Æфсад, Флот æмæ Æмбæстæгтæ.  Ирыстон у Уæрæсейы хорз хæлар æмæ æмцæдисон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.