Нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæмæ æрбацыд бирæ адæм.  Ам уагъд æрцыд тымбыл фынг Хетæгкаты Къостайы этнографион очерк «Особа»-йæ. РХИ-йы культурæйы министрад æмæ библиотекæйы къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта 15-æм май ирон æвзаджы бон æмæ Къостайы азы сæраппонд иумæ тымбыл фынг ауадзын.

Мадзалмæ æрбацыдысты профессор Плиты Гацыр, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, РХИ-йы Парламенты национ политикæ, культурæ,  ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри,  ХИПУ-йы лектортæ Дзабиты Зарбег æмæ Плиты Серго,  РХИ-йы культурæйы министрады библиотекæты куысты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ,  горæт Цхинвалы скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, нæ горæты библиотекæты директортæ æмæ кусджытæ, сæрмагондæй мадзалмæ æрбацыдысты Дзауы скъола-интернаты ирон æвзаджы ахуыргæнæг Гасситы Ильмæ æмæ Дзауы районы администрацийы ахуыры хайы методист Бестауты Джульеттæ, нæ горæты 6-æм æмæ 2-æм астæуккаг скъолаты ахуыргæни-нæгтæ.

Мадзалы райдианы библиотекæйы директор Тъотъоты Ленæ раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн ацы дыууæ нысаниуæгджын цауы тыххæй  æмæ сын бузныг загъта рæстæг кæй ссардтой æмæ ахæм ахсджиаг мадзалмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Загъта, зæгъгæ, уадз, ахуыргæнинæгтæ дæр байхъусой тымбыл фынджы темæмæ æмæ ахæм мадзæлтты руаджы зонгæ кæной сæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ традицитимæ.

Уый фæстæ Къостайы «Особа»-йы тыххæй æрдзырдта Дриаты Нателæ. Уый загъта, зæгъгæ, æрвылаз дæр дыууæ Ирыстоны банысан кæнынц Къостайы райгуырæн бон æмæ фылдæр фæдзурынц йе ‘мдзæвгæтыл. Фæлæ, зæгъ,  цæмæдæр гæсгæ нæ фæдзурын генийы прозæйы тыххæй. Загъта, зæгъгæ, Хетæгкаты Къостайы  «Особа» у диссаджы этнографион очерк æмæ йыл хъæуы дзурын.

 Уый фæстæ ныхасы бар радтой  профессор Плиты Гацырæн. «Æз цы бирæ азты дæргъы кусын, уыцы рæстæджы ацы очеркыл  арæх нæ фæдзурынц.  Фæлæ дæ Ирыстоны истори, культурæ, Къостайы сфæл-дыстад  зонын  куы фæнда, уæд хъуамæ райдайай ацы очеркæй. Къоста йæ очеркы дзуры Нары комыл, фæлæ дзы алчидæр фендзæн йæхи комы цард. «Особа»-йы тынг бирæ æрмæг ис, тынг вазыгджын темæ у æмæ мын æхсызгон у абон æй рæгъмæ кæй рахастой, уый», – банысан кодта Плиты Гацыр.

Хъазиты Мелитон дæр лæмбынæг æрдзырдта очеркыл. «Къоста йæ «Особа»-йы цы характертæ æвдисы, уыдон раст сты. Бирæтæ афтæ æнхъæлынц, зæгъгæ, особа гуырдзиаг дзырд у, фæлæ уый афтæ  нæу.  Ацы  дзырд  рацыд  “обау”-æй. Къоста йæ хуымæтæджы нæ ныффыста, мыййаг, алцы-дæр дзы ис – культурæ, тохы хабæрттæ, æгъдæуттæ. Ирон уды-хъæд дзы равдыста. Нæ фыдбоны сыхæгты тынг фæндыд ирон адæ-мы фынджы æгъдæуттæ бафæз-мын, æгæрыстæмæй-иу мæйгæйт-ты дæр иуæй-иу адæймæгты фæахуыр кодтой кувын сахуыр кæныныл, фæлæ уæддæр сæ къухты нæ бафтыд æмæ сын никуы дæр бафтдзæн. Нæ кæстæртæ та ма хъуамæ рох кæной ирон æгъдæуттæ. «Особа» чи нæ бакæса, уый ирон адæймаг нæу. Абон дæр нæм нæ сыхаг адæмтæ тæхуды кæнынц Къоста нын кæй уыд, уый тыххæй», – загъта Хъазиты Мелитон.

Дзабиты Зарбег йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, «Особа»-йыл тынг бирæ дзурæн ис, уымæн æмæ дзы ис хъæздыг æрмæг. Цæй тыххæй дзы нæй бафæрсæн, уæдæ мыгæггты, уæлæдарæсы, хæлцы, хосгæрдæнтыл, кæфтытыл, зарджытыл, аргъæуттыл, бинонты æмæ æхсæнадон цардыл, туджджынты бафидауын кæныны тых-хæй æмæ бирæ æндæртыл. Абон, зæгъ, иуæй-иутæ ницæмæ уал дарынц ирон фынджы рæсугъд æгъдæуттæ æмæ ахæмты ныхмæ та хъæуы исты мадзæлттæ исын, семæ æмбарынгæнæн куыст кæ-нын, уæлдайдæр та æвзонг адæймæгтимæ».

Гæбæраты Юри дæр банысан кодта Къостайы «Особа»-йы ахсджиагдзинад. «Ацы очерк тынг ахсджиаг у æмæ хорз у, абон ацы темæйыл кæй дзурæм, уый. Фæлæ йæ  бирæтæ нæ бакастысты, æгæрыстæмæй йæ бæрзонд  бынæтты кусджытæй дæр бирæтæ нæ зонынц. Кæддæр æй иу бæрзонд бынаты кусæг  та Асоба схуыдта. Алы ирон лæг дæр хæсджын у, цæмæй бакæса æмæ зона ацы этнографион очеркы тыххæй, уымæн æмæ дзы æвдыст цæуы Ирыстоны цард. Очерк кæсгæйæ, цæстыты раз слæууынц нæ фыдæлты цæрдтытæ, сæ диссаджы рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитæ», – банысан кодта Гæбæраты Юри.

Тымбыл фынджы раныхас кодтой æмæ очеркы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой нæ горæты централон библиотекæйы методист Гуыззыдтаты Этери, нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ рæзгæ фæлтæры хайадистæй ахæм тымбыл фынгтæ, æндæр мадзæлттæ арæхдæр уадзын кæй хъæуы, науæд æцæгæйдæр рох кæнынц нæ фыдæлты традицитæ æмæ сæ сомбоны бынтондæр нал зондзысты фидæны фæлтæртæ.

Мадзалы кæрон 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæйы къухдариуæгадæй бакастысты скъуыддзæгтæ «Алгъуызы кадæг»-æй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ  Тъотъоты Ленæ ахуыргæнинæгтæн кæй балæвар кодта Хъазиты Мелитоны чингуытæ, суазæг сæ кодтой адджинæгтæй дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.