Нæ фыдæлты æгъдæуттæй бирæ хорз хъуыддæгтæ райдыдтам рох кæнын. Ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр æндæр адæмтæй хицæн кодтой се ‘фсармæй. Уый сæйрагдæр бынат ахста куыд бинонты астæу, афтæ алы ран дæр. Хæдзары бинонтæ хъуыстой хистæрмæ, æмæ кæстæрæн уый уыдис æнæмæнг æххæсткæнинаг, закъоны хуызы. Хистæр загъта йæ ныхас, уæд ууыл дыууæ ничи дзырдта, ома, кæстæрæн хистæры ныхас уыдис бæрзонд æвæрд.

Бинонты ‘хсæн уый куыд æнæмæнг хъуыддаг уыдис, афтæ уыдис уынджы, æхсæнадон бынæтты дæр. Кæмфæнды ма уыдаид, хистæр кæстæрты цур æвзæр дзыхæй нæ дзырдта, афтæ амыдтой кæстæртæн дæр, цæмæй кæрæдзиимæ ахæм дзыхæй ма дзурой. Уæлдай æфсармы бынаты сын хистæртæ уыдысты, тынг сæ аргъуц кодтой, нæ зивæг кодтой, цума-иу сын куы фæкодтой, уæд.

Иудзырдæй, адæм стырæй, чысылæй кæрæдзи тынгдæр æмбæрстой æмæ уарзтой. Хион-хионмæ, сыхаг сыхагмæ цыд стыр æхсызгонæй, стыр цинимæ, æмгар æмгармæ дæр каст тынг хорз цæстæй.

Ныры дуджы, хъыгагæн, бирæ-бæрцæй афтæ нал у, цард фæивта æмæ адæмæн дæр сæ цардуаг, сæ уагахаст фæивта. Уыдæттæ бандæвтой не ‘гъдæуттыл дæр. Кæрæдзийæн тынг нал аргъ кæнынц, кæрæдзийæ тынг нал æфсæрмы кæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый алкæмæ нæ хауы, фæлæ ахæмтæ тынг бирæ систы. Афтæмæй та уыдон фылдæр нæ, фæлæ хъуамæ къаддæр кæной. Хъыгагæн, ахæмтæ бирæ ис фæсивæды ‘хсæн æмæ уый та дзурæг у, се ‘хсæн æмбæлон хъомыладон куыст кæй нæ цæуы, ууыл.

Мах, хистæртæ, уыдонæн арæх нæ фæдзурæм хæрзæгъдауы фарстатыл. Ныры рæстæджы кæстæртæн сæ иууыл уарзондæр хиирхæфсæнтæ систы мобилон телефонтæ æмæ сæ нал февдæлы æндæр хъуыддæгтæм. Ирон адæмы астæу æфсармдзинад къаддæрæй-къаддæр кæны æмæ нæ уыцы уавæр хорз хъуыддагмæ нæ кæны. Æгæрыстæмæй хатт рауайы афтæ, æмæ æгъдауджын, æфсармыл хæст «æцæгæлон» разыны æндæрты ‘хсæн.

Æфсарм, æфсæрмы кæнын алы рæстæджы дæр хъæуы, уымæй адæмы ‘хсæн ахастытæ хуыздæр, рæсугъддæр кæнынц. Уый кæддæриддæр уыд нæ адæмы царды æм-бæлццон æмæ нæ фидæнмæ дæр хъуамæ йемæ цæуæм. Уый у нæ иумæйаг хæс.

Лалыты Ленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.