Экономикон рæзты министрады уагъд æрцыд инвестицион проекттæ æвзарыны фæдыл Инвестицион къамисы  радон рабадт, кæцытæ  реализаци цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл.

Къамисы рабадты æруынаффæ кодтой арæнгонд бæрндзинадимæ æхсæнад «Сæндуцæн Иронсæн»-ы инвестпроектæн паддзахадон æххуыс бакæныны фарстыл, заводы инфраструктурæйы объекттæ паддзахадон бюджеты æхцайы фæрæзтæй арæзтадæн æххуыс бакæныны хуызы.  Сæйраджыдæр, ныхас цыд, Нарты уынгæй  бацæуæн автомобилон фæндаджы реконструкцийыл, афтæ ма электрон дæлстанцы тыххæй, цæмæй завод æнæрынцойæ ифтонг цæуа электроэнергийæ.

«Ныртæккæ фæндаг ис æвзæр уавæры, уымæн æмæ уым бирæ азты дæргъы уагъд нæ цыдысты цалцæггæнæн мадзæлттæ. Ацæуæн хай нæ хъыгдары заводы продукци æдасæй ласынæн, кæцытæ сты  экспорты тыххæй.  Заводмæ æдасæй бацæуынæн æнæмæнгхъæуæг у фæндаджы транспортон-эксплуатацион характеристикæ, сцалцæг кæныны нормативты домæнты онг æй æркæнын, æмæ, заводмæ рухс стабилонæй исын сифтонг кæнын», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Къамисы уæнгтæ, кæцыйы сконды сты Парламенты, Экономикон рæзты министрады, Хъæууон хæдзарады министрады, Хъалонты æмæ æмбырдты фæдыл Комитеты, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл Комитеты минæвæрттæ, базонгæ сты инвестпроекты æмбæлон домæнтæ æмæ уавæрты фæдыл Экономикон рæзты министрады хатдзæгтимæ 2016 азы 16 октябры «Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл цы инвестицион проекттæ реализаци цæуынц, уыдонæн паддзахадон æххуыс бакæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты мадзæлтты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады №39 Уынаффæмæ гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.