24-æм июны уагъд æрцыдис 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы радон рабадт. Уагъта йæ Хицауады Сæрдар Хъуылым-бегты Доменти. Рабадты хайад истой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты, подрядон организациты, контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Ныр дæр та штабы рабадты уынаффæ цыдис, Инвестпрограммæмæ хаст цы объекттæ æрцыдысты, уыдоныл цахæм куыст цæуы, цахæм проблемæтæ æвзæры сæ разы, куыд иуварс æрцæуынц, афтæ ма ивгъуыд рабадты цы хæстæ бакодта Хицауады Сæрдар, уыдон куыд æххæст цæуынц, уыцы фарстытыл.

Рабадты райдианы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти банысан кодта Инвестпрограммæмæ хаст объекттæ рæстæгыл реализаци кæныны ахсджиагдзинад, æмæ арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытæм æрсидт, цæмæй куыстыты темптæ фæтагъддæр кæной, æххæст цæуой гъæдджынæй æмæ оперативонæй.

«Махæн бар нæй Инвестпрограммæмæ сæххæст кæныны хъуыддаджы фæстæмæ алæууынæн. Цы хæс райстам нæхимæ, уый хъуамæ æххæст æрцæуа, уымæ гæсгæ нын бар нæй иу сахат дæр куыстытæ фæстиат кæнынæн. Ахæм хъуыдыимæ хъуамæ архайой ацы куыстыты хайадисджытæ, æмæ уæд нæ фæндтæ æххæст æрцæудзысты», — загъта йæ раныхасы Хицауады Сæрдар.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ æрдзырдтой боны фæткы цы фарстытæ уыдис, уыдоныл, афтæ ма сын йæ размæ рабадты цы хæстæ лæвæрд æрцыдысты, уыдон куыд æххæст цæуынц, уыдæттыл.

Республикæйы Арæзтады, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуардæн хæсгонд уыд, цæмæй бакуыстаид подрядон организациты минæвæрттимæ Инвестицион программæйы объекттæн бынаты рауадзгæ арæзтадон æрмæджытæ æлхæныны фæдыл.

«Рауадзгæ продукцийы номенклатурæйы фæдыл нæм сæ уадзæг куыстуæттæ кæй æрбавдыстой, уыцы æрмæджытæм гæсгæ мах фыстæджытæ арвыстам подрядон организацитæм ахæм рекомендацитимæ, цæмæй æрмæстдæр пайда кæной бынæттон арæзтадон æрмæджытæй», — банысан кодта Зæгъойты Эдуард.

Хъуылымбегты Доменти бахæс кодта, цæмæй лæмбынæгдæр сæ хъус дарой, бынæттон куыстуæттæ цы арæзтадон æрмæджытæ уадзынц, уыдоны сертификаци кæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ хъуамæ æппæт подрядон организацитæм бавдисой сæ рауадзгæ продукцийы номхыгъд.

«Организацитæ хъуамæ сæ куысты максималонæй пайда кæной бынæттон продукцийæ. Уыимæ хъуамæ уа гъæдджын», — загъта уый.

Республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы къухдариуæггæнæг Зассеты Сергей радзырдта Мæскуыйы æмæ 8 июны уынгты арæзтцæуæг доны хаххы тыххæй. Уый хъуамæ уа афтæ арæзт, æмæ фаг кæна республикон соматикон рынчындонæн дæр. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй йæ фыццаг фæстиуджытæ разындзысты Дзадтиайы уынджы коммуникациты фæдыл куыст куы фæуа, уæд.

Хицауады Сæрдар Зассеты Сергейæн бахæс кодта, цæмæй ацы фарстмæ æркæсой бæрндзинады цæстæй, æмæ иуварс æрцæуа рынчындон, æмæ йæ алыварс районты нуазыны донæй ифтонг кæныны æнусон проблемæ. Афтæ ма донæй ифтонг цæуой, ам цы медицинон уагдæттæ арæзт цæуынц, уыдон дæр.

Зæгъойты Эдуард ма радзырдта, республи-кæйы территорийыл цы объекттæ арæзт цæ-уынц, уыдонæй алкæй тыххæй дæр.

«Ныртæккæ хæрзарæзт цæуынц Хетæгкаты Къостайы, Цхинвалы, Кобылы фырты, Интернационалон, Горькийы æмæ Гаглойы фырты уынгтæ. Остъайы фырты уынг та цæттæ у асфальт кæнынмæ», — загъта уый.

Республикон соматикон рынчындоны территорийыл цы медицинон уагдæттæ арæзт цæуынц, уыдоны тыххæй дзургæйæ министр банысан кодта, зæгъгæ, уыдоны кусы фаг техникæ, æмæ куыстытæ æххæст цæуынц графикмæ гæсгæ.

Гом акционерон æхсæнад «СМТ-ЮГ»-ы сæйраг инженер Таймураз Кантеев куыд фехъусын кодта, афтæмæй сывæллæтты бирæпрофилон рынчындоны æппæт куыстытæ дæр цæуынц штатон режимы. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыдон райстой бæстыхайы дизайны тыххæй уынаффæ Кавказы фæдыл министрадæй, кæцымæ гæсгæ урс хуызæй хъуамæ рахизой хуызджын фæлыстмæ. Куыстытæ цæуынц университеты комплексы дæр, кæцыйы арæзтад хъуамæ фæуа 2017 азы декабрмæ. Ныртæккæ ам бетон цæуынц каркастæ. ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим бахатыд, цæмæй, гæнæн уæвгæйæ, фæтагъддæр кæной арæзтадон куыстытыл, æмæ комплекс эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа уæлдæр ахуыргæ-нæндоны юбилеймæ.

Хъуылымбегты Доменти бахынцыдта университеты разамынады хъæппæрис æмæ баныфсæвæрдта ацы азæн финансон фæрæзтæ фæфылдæр кæныны фадатмæ æркæсын.

Рабадты ма уынаффæ цыдис æндæр актуалон фарстытыл дæр. Уыдоны нымæцы уыдысты паддзахадон драмон театры, бирæпрофилон колледжы æрмадзты, горæты базары арæзтадтæ.

Иуæй-иу объектты куыстытæ графикæй фæстейæ зайынц, сæ фылдæры куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Хицæн объектты та — графикæй тагъддæр.

Рабадты кæрон Хицауады Сæрдар æрсидт подрядон организациты минæвæрттæм, цæмæй бæрнондæр цæстæй кæсой, цы куыстытæ æххæст кæнынц, уыдонмæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, объектты финанскæнынады проблемæтæ нæй.

«Мæн ноджыдæр фæнды банысан кæнын æмæ бузныг зæгъын, уыцы организацитæн, кæцытæ бæрнонæй æмæ намысджынæй æххæст кæнынц арæзтадон куыстытæ, цухдзинæдтæ кæй куысты ис, уыдон та хъуамæ бахынцой нæ домæнтæ», — банысан кодта уый.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.