28 июны Мæскуыйы уагъд æрцыд Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады Æхсæнхицауадон къамисы 16-æм рабадт. (МПК-ÆПК).

РХИ-йы Хицауады Сæрдар, ÆПК-йы хуссарирыстойнаг хайы æмсæрдар Хъуылымбегты Доменти Цхинвалмæ æрæздæхгæйæ йæ хъуыдытæ загъта рабадты фæс-тиуджыты тыххæй.

«Фæнды мæ банысан кæнын, Уæрæсейы фæрцы æххæст чи цæуы, Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг уыцы инвестпрограммæ абоны онг дæр кæй у нæ экономикæйы рæзты сæйраг апп, æмæ йæхимæ здахы канд нæ республикæйы къухдариуæггæнджыты нæ, фæлæ Уæрсейы Федерацийы цæстæнгас дæр, — банысан кодта уый. — ÆПК-йы алы иумæйаг фембæлд дæр у программæйыл лæмбынæг анализ, конст-ркутивон диалогы фадат, арæзтады рæстæджы цы фарстытæ æвзæры, æппæт уыдон сæраппонд рационалондæр фæндæттæ рахæссыны нысанæн коллегиалонæй æруынаффæ кæныны фадат».

Хъуылымбегты Доментийы ныхæстæм гæсгæ, ÆПК-йы рабадты, фыццаджыдæр, уынаффæ цыд Хуссар Ирыстоны бюджетон фады-гæн æрмæджы финансон æххуыс бакæныны æмæ 2015 азы, стæй ацы азы Инвестпрограммæйы æххæст кæныны фæстиуджыты фæдыл. Банысангонд æрцыд, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы финансон æххуысы æппæт параметртæ дæр хъахъхъæд æрцыдысты æмæ финанскæнынад цæуы нывæзтмæ гæсгæ.

Рабадты рæстæджы лæмбынæг хъусдард аздæхтæуыд республикæйы бюджетон фадыджы рæзтмæ, ома, йæ лæггæдты гъæд фæбæрзонддæр кæныны фарстмæ. Сæрмагондæй та националон экономикæйы ахæм ахсджиаг фадгуыты модернизацийы фарстыты фæдыл, куыд ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыг.

«…Дзырд „модернизаци“ ацы ран нысан кæны, ацы фадгуыты тыххæй цы фæрæзтæ цæуынц хицæнгонд, уыдон, фадат куыд ис, афтæ хæдзардзиндæрæй хардз кæнын, цæмæй ахуырадон æмæ хос кæныны, иумæйагæй та бюджетон фадыджы лæггæдты гъæд фæбæрзонддæр кæнæм», — бæлвырдæй загъта Хицауады Сæрдар, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, модернизацийы тыххæй нæ нывæзтытæ æрæмныхгонд сты уæрæсейаг коллегæтимæ.

Уымæй дарддæр ма уый фехъусын кодта, зæгъгæ, рабадты рæстæджы къух æрфыстæуыд Стандартизаци æмæ метрологийы Федералон агентад æмæ РХИ-йы стандартизаци æмæ метрологийы комитеты æхсæн æмгуыстады меморандумыл.

«Сусæггаг нæу, нæ паддзахадон уагдæттæ нырма рæзыны этапыл кæй сты, æмæ сæ бахъæуы методологион æмæ æндæр æххуыс дæр. Раст, уый сæраппонд мах аразæм æмгуыстады ахастытæ, йæ раззагон фæлтæрддзинад нæ куысты ахъаз кæмæн у, Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон хицауады уыцы органтимæ. Æхцондзинадимæ мæ банысан кæнын фæнды, нæ уæрæсейаг коллегæтæ цæттæ кæй сты махæн не ’нцой балæууынмæ, паддзахадон архайды æппæт фадгуыты немæ æмгуыст кæнынмæ. Уымæн æвдисæн сты, уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг паддзахадон уагдæттæ æмæ организациты æхсæн цы бирæнымæц бындурон сразыдзинæдтæ райстæуыд, уыдон».

Хъуылымбегты Доменти загъта райгонды ныхæстæ уæрæсейаг коллегæты, сæрмагондæй ÆПК-йы уæнгты, УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг, ÆПК-йы уæрæсейаг хайы æмсæрдар Александр Хлопонины сæргълæудæй, афтæ ма УФ-йы Президенты Администрацийы æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-ы министрады минæ-вæрттæй.

«Фадатæй пайдагæнгæйæ мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын нæ уæрæсейаг коллегæтæн нæ экономикæйы рæзты сæраппонд се ’ххуысы, нæ проблемæтæм сæ хъусдарды, республикæ цæмæй тагъддæр сæндидза, уымæ сæ тырнындзинады тыххæй», — загъта Хъуылымбегты Доменти, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Хицауад ссардтой Уæрæсейы стыр æууæнк, æмæ сæ хъуамæ фыдæнхъæл ма фæкæнæм.

«Финансон æххуыс нын лæвæрд цæуы æнæсцухæй, иу фæдыздæхты дæр нæ фæкъаддæр ис, æмæ ма саразын цы хъæуы, уый у, æппæт фадæттæй дæр нæ республикæйы хæрзиуæгæн спайда кæнын», — кæронбæттæны загъта Хицауады Сæрдар.

РХИ-йы Хицауады официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.