Бонæй-бонмæ рæсугъдæй-рæсугъддæр кæны нæ горæт.  Дарддæр цалцæг цæуынц йæ уынгтæ, арæзт цæуынц цæрæн хæдзæрттæ, социалон нысаниуæджы объекттæ.

Куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый бабæрæг кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Йемæ ма уыдысты РХИ-йы Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард æмæ арæзтадон объектты аразæг бæрнон адæймæгтæ.

Райдианы уал уыдон бабæрæг кодтой нæ горæты Вокзалгæрон рæвдауæндоны арæзтад. Ам арæзтадон куыстытæ æххæст кæны подрядон организаци «Бадо». Ацы рæвдауæндон уыдзæнис, Дменисы хъæуы цы рæвдауæндон арæзт æрцыд, уый халдих. Арæзт цæуы 100 сывæллонæн. Рæвдауæндоны арæзтадыл ныртæккæ кусынц 17 кусæджы. Арæзтадон организацийы сæргълæууæг Уалыты Владислав куыд зæгъы, афтæмæй къуырийы æмгъуыдмæ æвæрд æр-цæудзысты арæзтадон плиткæтæ æмæ стæй æрæвналдзысты систæ амайынмæ.

Хицауады Сæрдар бацымыдис кодта сæ разы исты ныхдуртæ æвзæры, æви нæ, æмæ бафиппайдта, цæмæй фæфылдæр кæной кусджыты нымæц æмæ куыстыты гъæдмæ дæр здахой æмбæлон хъусдард. Пухаты Эрик цымыдис кодта арæзтадон æрмæджыты гъæдмæ дæр æмæ бафæ-дзæхста, цæмæй уазæлттæм ма аххæссой къулсæрдæн куыстытæ.

Уалыты Владислав Хицауады Сæрдарæн ныфс бавæрдта, рæстæгыл баконд кæй æрцæудзысты æппæт куыстытæ дæр æмæ цалынмæ уа-зæлттæ нæ райдайой, уæдмæ рæвдауæндон агъуысты бын кæй фæуыдзæн, æвæрд æрцæудзысты йæ рудзгуытæ, уагъд æм æрцæудзæн хъæр-мад æмæ зымæджы æдасæй бакæндзысты мидæггагон куыстытæ. Ныридæгæн æм уагъд æрцыд дон, электроэнерги æмæ кусджытæ арæзтадон куыстытæ кæнынц æдыхстæй.

Хицауады Сæрдар ма бахæс кодта, цæмæй сын бастдзинад уа ахуырады министрадимæ æмæ æппæт дæр арæзт цæуа сæ домæнтæм гæсгæ. «Уыдоны домæнтæм гæсгæ æлхæд хъуамæ æрцæуой рæвдауæндонæн хъæуæг дзаумæттæ дæр, уымæн æмæ уыдон хуыздæр зонынц сабиты домæнтæ», – загъта Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар уырдыгæй ацыдис æмæ бабæрæг кодта медико-социалон центры арæзтад. Ам арæзтадон куыстытæ райдыдтой 2017 азы майы мæйæ. Уый арæзт æрцыд дыууæ бæстыхайæ – цæрæн æмæ административон. Йæ фæзуат у 2100 квадратон метры. Иууыл иумæ дзы уыдзæнис 35 сынтæджы. Хатæнтæ сты 1 æмæ 2 бынатон. Алы хатæны дæр дзы арæзт æрцыд хинайæнтæ æмæ къахбынæттæ. Ам арæзтадон куыстытæ кæны хуссарирыстойнаг компани «Мегаполис Т».

Хицауады Сæрдар азылдис хатæнтыл æмæ дзы цы цухдзинæдтæ ба-фиппайдта, уыдоны тыххæй бафæдзæхста, цæмæй рæстæгыл аиуварс æрцæуой æмæ кæмæн арæзт цæуы, уыдонæн дзы уа æппæт уавæртæ дæр цæрынæн.

Пухаты Эрик йæхи цæстæй федта, дарддæр нæ горæты уынгты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый.

Ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты цы 9 уынджы хъуамæ арæзт æрцæуа, уыдонæй 5 уынджы – Аланты, Нарты, Руставелийы, Джыгкайы æмæ Чиайы фырты уынгты æмызмæлд кæнынц «Водоканал»-ы кусджытæ. Куыд иннæ уынгты, афтæ ацы уынгты дæр коммуникацион хæххытæ ивд никуы æрцыдысты сæ сарæзтæй фæстæмæ æмæ дзуапп нал лæвæрдтой сæ домæнтæн. Ныр ивд цæуынц, уадзынц сæ хæдзæрттæм æмæ рæхджы райдайдзысты асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ.

«Водоканал»-ы сæйраг инженер Сиукъаты Иван куыд зæгъы, афтæмæй алы уынджы дæр кусы дæсгай адæймæгтæ. Кусджытæ кæнынц æнæзæрдæхудт куыст, ифтонг сты техникæйæ æмæ арæзтадон æрмæджытæй дæр. Æппæт куыстытæ та æххæст цæуынц сфидаргонд планмæ гæсгæ.

Пухаты Эрик ма бабæрæг кодта, Гуыбаты æфсымæрты уынгыл раздæры профтехахуыргæнæндоны бынаты цы цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдоны. Ам ныртæккæ кæнынц сисамайæн куыстытæ. Кусынц дзы дыууæ бригадæйы   12-гай адæймæгтæ.

Арæзтадон фадыджы хистæр Коцты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй æххæст сты арæзтадон æрмæджытæй, кусджытæн рæстæгыл фыст цæуы сæ куыстмызд, ис сын сихор бакæныны фадат.

Коцты Эдуард ма куыд загъта, афтæмæй уыдон сæ куыст райдайынц райсомæй 7 сахатæй æмæ фæкусынц суанг изæрдалынгтæм. Ардыгæй улæфт бонты дæр хъуысы техникæйы æмæ кусджыты хъæлæба. Аразгæ та йæ кæны подрядон организаци СТМ-Юг. Коцы фырт ма куыд банысан кодта, аф-тæмæй хæдзæрттæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты 2019 азы кæрон

Капиталон арæзтады управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Кокойты Валери куыд загъта, афтæмæй арæзтадон организаци СТМ-Юг у, арæзтадон куыстыты стыр фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм подрядон организаци. Уый æппæт куыстытæ дæр æххæст кæны цæсгомджынæй æмæ дзы кæд исты цухдзинæдтæ бафиппайæм, уæддæр сæ уайтагъд аиуварс кæнынц.

Хицауады Сæрдар цымыдис кодта куыд куыс-тыты гъæд, афтæ арæзтадон æрмæджыты гъæдмæ дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.