Абон у инвалидты барты дунеон бон. Нысан цæуы 1992 азæй. Уæды уонг инвалидты бартæ хъахъхъæныныл сæрмагондæй куыст нæ цыд. Ныртæккæ хъуыддаг бынтон æндæрхуызон у. Йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæймæгтæ Ирыстоны, æгас дунейы дæр цъус не сты.

Ацы бон арæзт æрцæуы алыхуызон мадзæлттæ. Сæ нысаниуæг у иу –   адæммæ фæххæццæ кæнын, бамбарын сын кæнын, сæ æдыхдзинад сын банкъарын кæй нæ бауадздзыстæм. Æхсæнад хъуамæ фылдæр æргом раздаха инвалидты бирæ æнæлыггонд фарстатæм. Цæмæй сын арæзт цæуа хуыздæр уавæртæ, цæмæй иннæты æхсæн сæхи æнкъарой сæрибар æмæ æххæст адæймæгтæй, цæмæй хъахъхъæд цæуой сæ бартæ. Фылдæр аргъ сын кæнæм сæ архайдæн, сæ политикон, социалон, экономикон æмæ культурон царды.

Æнæмæнг, ахæм нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ вæййынц æххуысхъуаг куыд паддзахады ‘рдыгæй, афтæ ма сæ хиуæттæ æмæ æмбæлтты ‘рдыгæй дæр. Уый, афтæ у, фæлæ вæййы æндæр хуызы цæстдард дæр. А-фæстаг рæстæджы инвалидтæ кæй хонæм, уыдон сæхæдæг бирæ æнæниз адæймæгтæн сты фæзминаг сæ цардмæ тырнындзинад æмæ лæгдзинадæй.

Цал æмæ цал ахæм инвалиды мах дисы бафтауынц сæ æнтыстдзинæдтæй, уæлдайдæр та спорты. Ирыстойнаг спортсментæ, нæ бæстæйы иугонд командæйы уæвгæйæ, стыр æнтыстдзинæдтæ равдыстой дунеон чемпионатты, Сурдоолимпиаг æмæ Параолимпиаг хъæзтыты. Къухтæ кæнæ дын къæхтæ куы нæ уа, уæд кæнæ хъайтар дæ кæнæ мард.

Кæй зæгъын æй хъæуы, инвалидтæн сæхи цавæрдæр дуне ис, фæлæ уыдон æппæт тыхтæй архайынц æнæниз адæмы æмрæнхъ, фæнды сæ социумы хай уæвын, хуымæтæг цардæй цæрын. Уымæн та хъæуы хæрзвадат тыгъдад, сæрмагонд ифтонггарз, фæлæ, сæйрагдæр, хъæуы æнæниз адæмы хорз ахаст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.