Цоциты Анна æрдæг азæй фылдæр кусы Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй. Йæ интервьюйы информацион агентад «Рес»-æн паддзахадон архайæг радзырдта информацион политикæ, медиа-къабазы хицæндзинæдтæ æмæ проблемæты тыххæй, афтæ ма социалон хызæгтæ, анонимон пабликтæ æмæ журналистты ныхмæ азым цæмæй кæнынц, уый  тыххæй.

– Æрдæг азæй фылдæр ды кусыс Президенты Администрацийы æмæ Дæ бæрны ис информацион политикæйы арæзтад. Радзур нын дæ нывæстытæ информацион къабазы модернизаци æмæ фæхуыздæр кæныны фæдыл.

– Дзыллон информацийы фæрæзтæ фылдæрбæрцæй сты паддзахадон, сæ кусынæн механизмтæ нæм иууылдæр сты. Модернизацийыл куы дзурæм, уæд уый хауы æрмæст техникон базæмæ нæ, фæлæ ма информаци адæттыны фадæттæм, дзыллон информацийы фæрæзты программæты стиль æмæ мидисмæ. Мах иууылдæр æнкъарæм социалон хызæгты ахсджиаг бынат дзыллон информацийы фæрæзты къабазы æмæ се ‘ндæвдад æхсæнадыл.

Уый фæдыл, фыццаджыдæр, фæнд кæнæм  социалон хызæгтæ кæмæн нæй, уыцы дзыллон информацийы фæрæзтæн бахæс кæнын  уыдон саразын æмæ уадзын  ахсджиагдæр публикациты анонстæ. Афтæ ма мах фæнд кæнæм кусджытæн уадзын  квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн ахъазгæнæг ахуырадон программæтæ.

Фæлæ мах иууылдæр æмбарæм, сæйраг проблемæ – Паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзтыл æхсæнад кæй не ‘ууæнды, уый у. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, дзыллон информацийы фæрæзтæ æрмæст республикæйы цауты фæдыл хроникæ ма уадзой, фæлæ ма хъуамæ уой цæрджытæ æмæ хицауады бастдзинады архайæг инструмент. Дзыллон информацийы фæрæзты æмбæлон куыст ацы къабазы æнæмæнгхъæугæ хъуыддаг у, цæмæй æхсæнадон-политикон царды мауал уой дам-думтæ æмæ информацион провокацитæ.

– Цы хъæуы, фыццаджыдæр, фæивын информацион къабазы æмæ  цас раст сты  журналистты архайды ныхмæ азымтæ?

– Фыццаджыдæр, хъæуы сбæлвырд кæнын, цавæр азымты тыххæй цæуы ныхас. Кæй зæгъын æй хъæуы, журналистæй ничи райгуырд æмæ цыфæнды профессийыл дæр хъæуы ахуыр кæнын, райсын фæлтæрддзинад. Абоны бон социалон хызæгты нырыккон технологитæ дæттынц журналистæн фадæттæ сæхиуыл кусынæн.

Информацион къабазы хъуамæ уа æргомдзинад, уый дзырдта Гаглойты Алан дæр президентмæ кандидат уæвгæйæ, æрæджы та йæ ноджы иу хатт загъта  Президенты статусы Хицауады æмбырды.

Паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзты авторитет хъæуы бæрзонддæр кæнын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы этапыл нын ныридæгæн фæзынд  æнтыстытæ.

– Анонимон къордтæ æмæ телеграм-каналтæн ис æндæвдад æхсæнадон хъуыдыйыл æмæ сын, дæ хъуыдымæ гæсгæ, дзуапп кæнын хъæуы?

– Фæстаг фондз-æхсæз азы дæргъы информацион политикæ уагъд цыд социалон хызæгты. Тынг популярон систы анонимон интернет-пайдагæнджытæ.  Уыдонæй чидæртæ   ныры онг дæр манипуляци кæнынц æхсæнадон хъуыдыйæ. Бантыст-иу сын публикæйы хъусдард сæхирдæм æрбаздахын æмæ афтæмæй æхсæнадæн æцæг проблемæтæ аразын. Уыцы сæрниз аскъуыддзаг кæнынæн Паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзтæ хъуамæ рæстæгыл дæттой сæ информаци цæрджытæн. Архайды имитацийы бæсты та хъæуы æцæг хъуыддæгтæ аразынæн пайдагæнæг политикæ. Алыхатт дæр фæзæгъын, Паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзты информацион политикæ баст кæй у бæстæйы къухдариуæгады æнтыстджын архайдимæ. Бакастæй рæсугъддзинад нæ ивы уавæр, æмæ мах уымæн æвдисæнтæ уыдыстæм  бирæ азты дæргъы.

Газеткæсæг официалон информацион фæрæзты куы  не ссары хъæугæ информаци, уæд йæхи аздахы информацийы альтернативон ратæдзæнтæм. Æмæ нæм оппозицион прессæ кæй нæй, сæрибар темæтыл дзурæн нæм кæй нæй, уый, æнæмæнг, хорзæрдæм не ‘ндавы æхсæнадыл. Фæлæ 2020 азæй фæстæмæ уавæр райдыдта ивын. Парламенты уæд сæвзæрд депутатты коалици æмæ уайтагъд ссис   æргом оппозици. Уыцы момент парти «Ныхас» æмæ æндæр партитæ райдыдтой æргомæй хъусын кæнын информаци.

Ноджы ма арæх фæфæрсынц, зæгъгæ, цавæр канал ис анонимон схонын? Алчидæр æй æмбары, кæимæ баст сты ахæм каналтæ æмæ кæй интерестæ хъахъхъæнынц. Зæгъ мын чи у, æмæ дын æз зæгъдзынæн, цæмæ дзуры афтæ. Уыимæ иумæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, анонимон каналты архайд хъуамæ цæуа барадон фæлгæтты. Æргом хахуыр, азымтæ æмæ провокациты цаутæ хъуамæ иуварс цæуой, æмæ паддзахад хъуамæ реализаци кæна йе ‘мбæстæгты барты хъахъхъæнынад.

– Информацион къабаз арæх бахауы æхсæнадон критикæйы тæмæны. Азы райдианы «къуыхцы» информацион политикæйы тыххæй райдыдтой дзурын алыгъуызон пабликты. Ды, куыд Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг, разы дæ ацы хъуыдыимæ?

– Нæ дæн разы. Информацион политикæйы бындуртæ фыст сты æмбæлон закъонты æмæ нормативон барадон актты дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл. Сæйраджыдæр, уыдоны руаджы æмбæстæгтæ хъуамæ исой раст информаци, къухдариуæгад æмæ æхсæнады царды фæдыл. Нæ республикæйы журналисттæ фарон фыстой   къухдариуæгады архайд æмæ резонансон цаутыл, зæгъæм, «Зæронд хид»-ы демонтаж æмæ æндæртыл. Нæ журналисттæ алкæй хъуыды дæр нымадтой æмæ сæ куыстытæ уыдысты æмбæлон æмвæзадыл.

Бирæ критиктæ тæрхон хæссынц сæхиимæ абаргæйæ, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ, хорз информацион политикæ у, фыдахаст дарын ныры хицауад æмæ æмбæстæгтæм, кæнæ та анонимон хызæгты арæзтад, цæмæй парахат кæной дам-думтæ сæ оппонентты ныхмæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм политикæ зианхæссæг у æппæт республикæйæн. Бауырнæд уæ, æз æй зонын, цæуыл дзурын. Фæсивæдон сленгæй куы пайда кæнæм, уæд æз дæн фæлтæрдджын «виртуалон хæстон». Фæлæ мæхи никуы æмбæхстон. Алыхатт дæр афтæ нымадтон – йæ дзырдæн дзуапп радтын кæй бон нæу, интернеты йæ ном æмæ йæ цæсгом чи æмбæхсы, уый у æнæбæрнон æмæ æнæуаг адæймаг. Æууæнк нæй ахæмтыл никæцы хъуыддаджы дæр.

Ахæм адæммæ хъусын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ уый аккаг не сты. Мах чысыл æхсæнады цæрæм æмæ хъуамæ уæм куыд иу бинонтæ. Æнæуый дæр иу бинонтæ стæм .

– Цавæр фиппаинæгтæ дæм ис, æмæ нын цавæр æвæрццаг миниуджытæ фехъусын кæндзынæ нæ медиа-къабазы тыххæй?

– Нæ сæйрагдæр проблемæ у – дзыллон информацийы фæрæзты архайды лæмæгъ барадон бындур. Ныртæккæ Мыхуыр æмæ информацийы комитет кусы, паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзты документтæ архайгæ закъонады домæнтæм гæсгæ саразыныл. Æввахс рæстæджы ацы фарст скъуыддзаг æрцæудзæн. Уæлдай  хъусдард хъæуы аздахын нæ дзыллон информацийы фæрæзты техникон ифтонгадмæ – камерæтæ, фотоаппараттæ æмæ æндæр ахæм хъæугæ ифтонгæрзтæм. Диссаг у,  ахæм хуымæтæг фадæттæ сын  кæй ис, уый.

Бирæ рæстæг «карз арæнтæ» æвæрд кæй цыд, уый  дæр бандæвта журналистты куыстыл. Кæмæдæр фæзынд  апати, ома, цыфæнды уæд, зæгъгæ. Чидæр æгæр хъавгæйæ архайы, чидæр та цæстмæ митæ кæны – «цæстмæ куыст». Фæлæ, иумæйагæй сисгæйæ, махмæ ис æнгом коллективтæ. Цæттæ сты кусынмæ æмæ сæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ. Мæнмæ гæсгæ нæ дзыллон информацийы фæрæзтæ ныртæккæ дзæвгар цымыдисондæр сты. Фæфылдæр сты алыгъуызон актуалон æрмæджытæ. Фæлæ сæ куысты аргъгæнæг та хъуамæ, раздæрау, уой  адæм.

Кадрты дефицит нæм ис алы фадыджы  дæр.  Кæй зæгъын æй хъæуы дзыллон информацийы фæрæстæм дæр уый хауы. Нæ сæйраг фарстатæ сты – Ирыстонмæ æрæздахын ахуыргонд фæсивæд æмæ бацæттæ кæнын  æвзонг кадрты. Уый фæдыл хъæуы саразын уавæртæ нæ редакцитæн уæлæмхасæн фондты хуызы. Бæрзонддæр  кæнын хъæуы  журналисты профессийы престиж.

Æвæрццаг миниуджыты ‘хсæн сты нæ медиайы цæттæдзинад ивынмæ. Ам æз уынын райрæзты перспективæтæ, уырны мæ, æргомæй ныхас кæнын райдайдзыстæм æмæ сæ  æнтыстджынæй скъуыддзаг кæндзыстæм.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.