АЗЫЛДЫСТЫ АРÆЗТАДОН ОБЪЕКТТЫЛ

Ацы бонты нæ республикæмæ æрцыд Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министры хæдивæг Игорь Кошин. Уыцы бынатмæ уый нысан æрцыдис ивгъуыд азы кæрон æмæ нæ республикæмæ æрцыдис фыццаг хатт.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ уазæгæн фенын кодтой Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт чи æрцыдысты, уыцы объекттæ.

Университетон комплексмæ бацæугæйæ, уыдон азылдысты уæладзгуытыл, студенттæ ахуыр кæм кæндзысты, уыцы аудиторитыл æмæ комплексы иннæ бæстыхæйттыл дæр.

Паддзахадон университеты комплекс цæттæ у эксплуатацимæ радтынмæ. Йæ ректор Тедеты Вадим куыд загъта, афтæмæй ма уым баззадысты æрмæстдæр æфснайæн куыстытæ бакæнын æмæ куыд баныфсæвæрдта, афтæмæй 12 мартмæ цæттæ уыдзæн студентты райсынмæ.

Дарддæр уазджытæ бацыдысты Паддзахадон драмон театры ног бæстыхаймæ. Ацы объект дæр, зæгъæн ис æмæ арæзт фæцис, баззадис ма дзы мидæггагон куыстыты чысыл гуырахст бакæнын, афтæ ма сценæйон техникон ифтонгады монтажгæнæн куыстытæ  дæр фæхæццæ кæнынц кæронмæ. Аразджытæ бацæттæ кодтой бакæнинаг куыстыты график æмæ йæ бавдыстой закъазгæнæгмæ. Уымæй куыд бæрæг у, афтæмæй ацы объект дæр кæронмæ арæзт фæуыдзæн апрелы мæйы. Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй ацы бæстыхай у техникон æгъдауæй вазыгджын, ивд цыдысты йæ локалон проекттæ æмæ уымæ гæсгæ хаст цыдысты эксплуатацимæ йæ радтыны æмгъуыдтæ.

Азылды радон объект уыдис Хъайтарты уынджы цæрæн комплекс. Йæ аразæг организаци гом акционерон æхсæнад «СТМ-ЮГ»-ы къухдариуæггæнæг. Коцты Олег куыд радзырдта, афтæмæй ам уыдзæнис 200 фатеры. Уыдон уыдзысты иу, дыууæ æмæ æртæхатæнонтæ. Фатертæ цæттæ уыдзысты сæрды кæронмæ. Ныртæккæ дæр дзы цæуынц бæстонгæнæн куыстытæ, монтаж кæнынц сантехникон ифтонггæрзтæ. Уыцыиу рæстæджы хæрзарæзт цæуы йæ алыварс территори дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ объектты ныртæккæ кусы 160 кусæджы.

Игорь Кошин цымыдис кодта бакæнгæ куыстыты гъæдмæ, арæзтадон нормативтæ куыд хъахъхъæд цæуынц,  уымæ.

Бацыдысты ног медицинон уагдон – операцион-хирургион корпусмæ дæр. Уый дæр эксплуатацимæ лæвæрд нæма æрцыд. Игорь Кошин райгондæй баззад мидæггагон куыстыты гъæдæй, афтæ ма бæрзонд технологион ифтонггæрзтæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы уагдоны медицинон ифтонгад мæгуыраудæр нæу. Æгæрыстæмæй, Уæрæсейы егъау медицинон центртæй.

Азылды ма хайад райстой ХПÆ-йы бæстæтæ Республикæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстдзинады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

 

ХИМÆРАЙСТ ПРЕЗИДЕНТМÆ

Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объекттыл азылды фæстæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министры хæдивæг Игорь Кошины йæхимæ райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Фембæлды хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Президенты Аппараты къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, РХИ-йы УФ-йы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министрады дунеон æмгуысткæнынады департаменты директор Антон Мельник.Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ Президент банысан кодта, зæгъгæ,  нæ разы ис бирæ амбициозон хæстæ, кæцытæ здæхт сты республикæйы инфраструктурæ, æнæниздзинад хъахъхъæнын, ахуырады рæзтмæ, афтæ ма цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнынмæ. 2018-2019 азтæн цы Инвестпрограммæ реализаци цæуы, уый хауы царды æппæт къабæзтæм дæр æмæ, зæгъгæ, уыцы проектты уæ хайадист ныфс дæтты, нæ разы цы хæстæ ис, уыдон гъæдджынæй, сфидаргонд æмгъуыдты æххæст кæй æрцæудзысты. Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы ахæм ахсджиаг арæзтæдтæ, куыд Гуырæн хæдзар, сывæллæтты цæхæрадæттæ, донуадзæн хæххытæ, нымæцон телеуынынады рæзт æмæ æндæр ахæмтæ ахъаз кæндзысты республикæйы позитивон рæзты адæмы æууæнкæн.

Йæ рады Игорь Кошин банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны инфраструктурæйы рæзты фарст хъæуы комплексонæй æмæ бæрнонæй скъуыддзаг кæнын. Загъта ахæм ныфс, зæгъгæ, иумиаг тыхтæй æппæт проекттæ дæр æххæст кæй æрцæудзысты. «Фæнды мæ банысан кæнын, мах райсомæй кæй федтам къорд объектты æмæ сæ кæй ис æвæрццаг динамикæ. Æмæ уым та, кæй зæгъын æй хъæуы, ис куыд дæ сæрмагонд хайбавæрд, афтæ министрты кабинетты хайбавæрд дæр», – загъта уый.

КУСÆГОН ÆМБЫРД

Дарддæр Хицауады уæнгты хайадистæй цы æмбырд ауагъдæуыд, уым  Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæ-гъойты Эдуард уазджытæ æмæ æрæмбырдуæвджытæн радзырдта 2018-2019 азтæн Ин-вестпрограммæйы, афтæ ма, 2015-2017 азты Инвестпрограммæйы объекттæй 2018 азмæ чи рахызтысты, уыдоны арæзтад фæуыны тых-хæй. Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт чи цæуынц, уыдон  сты Ленингоры районы доны ифтонгады æмæ канализацийы хызæгты арæзтад æмæ реконструкци,  Цхинвалы Гуырæн хæдзар гинекологион хайадимæ, Ленингоры районы уырыссаг астæуккаг скъола, Дзауы поселочы президенты резиденцийы капиталон цалцæг скæнын, Хъайтарты æмæ Гуыбаты æфсымæрты уынгты хæдзæртты арæзтад. Уыдонæй дарддæр ма 2018 азмæ рахызтысты ахæм объекттæ куыд медико-социалон центр æмæ туберкулезон диспансер. Зæгъойы фырты ныхæстæм гæсгæ æппæт объекттæн дæр арæзт æрцыды-сты сæххæстгæнинаг куысты графиктæ.

Министр лæмбынæгдæр æрдзырдта медико-социалон центры арæзтадыл. Ацы объекты куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Бæстыхай фæуыдзæн ацы азы апрелы кæронмæ.  Йæ территорийы хæрзарæзтадон куыстытæ та фæуыдзысты июны мæйы. Уый ныфс бавæрдта, зæгъгæ, нæ кæд боныгъæдтæ нæ бахъыгдарой, уæд æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты майы кæронмæ.

Ленингоры поселочы донифтонгады æмæ канализацийы хызæгтыл дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ,  уыцы куыстытæ графикмæ гæс-гæ хъуамæ фæуой марты кæронмæ. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц æппæт фадгуыты дæр. Фæлæ куыд бæрæг у, афтæмæй фæстейæ зайынц графикæй æмæ ныфсбавæрæн ис, апрелы кæй фæуыдзысты, уымæй.

Куыстытæ графикæй раздæр цæуынц Ленингоры уырыссаг астæуккаг скъолайы дæр æмæ арæзт хъуамæ фæуа марты мæйы. Баззадис ма дзы спортивон фæзуæтты куыстытæ кæронмæ бакæнын. Тубдиспансеры бæстыхайы капиталон цалцæггæнæн куыстытæ дæр цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ фæуыдзысты апрелы мæйы. Сентябры мæйы та фæуыдзысты президенты резиденцийы комплексы капиталон цалцæггæнæн куыстытæ.

Графикмæ гæсгæ куыстытæ цæуынц Гуыбаты æфсымæрты уынджы хæдзæртты арæзтады дæр. Ацы объект та хъуамæ фæуа 2019 азы кæронмæ. Уыцы æмгъуыдмæ хъуамæ арæзт фæуа  Гуырæн хæдзар дæр.

Паддзахадон драмон театры тыххæй дзургæйæ та министр банысан кодта, зæгъгæ, ам дæр куыстытæ цæуынц ног графикмæ гæсгæ, сценæйы куыстытæй дарддæр. Ам графикæй чысыл фæстейæ зайынц, скъуыддзаг цæуынц сценæйон дарæсы, фонтаны æмæ æххæстгæнæн документаци бавдисыны фæдыл проблемæтæ. 5 мартмæ Санкт-Петербургæй хъуамæ æрцæуой сценæйы дарæсы фæдыл коллегæтæ, афтæ ма фонтаны арæзтады фæдыл проектгæнджытæ.

Бибылты Анатоли Зæгъойты Эдуардæн бацамыдта, цæмæй 7 апрелмæ сценæйон дарæс æмæ фонтаны фæдыл кусæгон документациимæ баст æппæт проблемон фарстытæ дæр скъуыддзаг æрцæуой æмæ 12 марты сараза кæронбæттæн доклад. Министры докладæн фæстиуджытæ аразгæйæ Президент банысан кодта, зæгъгæ, 2015-2017 азты Инвестпрограммæ фактон æгъдауæй фæуд кæны.

«Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Инвестпрограммæ 2017 азы æххæст кæй æрцыд 90 процентæй, уый та у иттæг позитивон момент», – загъта Президент. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт иннæ рахизгæ объекттæм, кæцытæ бæл-вырд æрцыдысты Æхсæнхицауадон къамисы, хъуамæ фæуой ацы азы фыццаг æмбисы, дыккаг æмбисмæ дзы хъуамæ мацыуал баззайа. Уымæ гæсгæ æрдомдта, цæмæй контролгæнæг органтæ æмæ хицауад дæр принципиалон æгъдауæй бацæуой ацы фарстмæ.

Кæронбæттæны Игорь Кошин дæр банысан кодта куыстытыл æрвылбонон контролы ахсджиагдзинад æмæ ныфс бавæрдта, кæй-иу æрцæудзæнис æмæ проекттæ куыд æххæст кæнынц, уый кæй бæрæг кæндзæнис.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.