Фыдæлтæй нын баззад ахæм хъуыды, зæгъгæ, мах не ’ппæт дæр Хуыцауы ратгæ стæм. Уымæ гæсгæ нæ хорз хабæртты рæстæджы буц вæййæм Хуыцауæй, зæгъгæ, уый фæрцы, уый фæндондзинадмæ гæсгæ ныл цæуы ахæм хорз хабæрттæ. Хъыгты рæстæджы дæр нæ зонæм буцтæ æмæ тæргæйттæ, фæлæ фæзæгъæм, зæгъгæ, Хуыцауы бон дæр нын нал бацис баххуыс кæнын. Авæрдтам-иу ныфсытæ дæр, зæгъгæ, Хуыцау хъыг кæнын куыд зоны, афтæ зоны барæвдауын дæр. Рæвдаугæ та арæхдæр фæкæны, алы хъуыддаджы дæр раст чи у, ахæм адæймæгты. Хуыцау, дам, адæмты куы фæлдыста, уæд, дам, се ’ппæтæн дæр бахай кодта кæрæдзимæ стыр æмæ хорз уарзты ахастытæ. Уыцы ахастытæ сæдæгай азты хæлд нæ цыдысты æмæ кæд адæм раздæр мæгуырдæр цардысты, уæддæр сæ цард кодтой æнгомдæр æмæ кæрæдзи уарзгæйæ. Хъыгагæн, абон адæмæй бирæтæ нал тæрсынц тæригъæдæй æмæ искæй æнæхъуаджы бафхæрынæй. Хуыцау та, дам, ахæмты фефхæры арæхдæр. Иуæй-иутæ фæзæгъынц, зæгъгæ, цард аразыныл чи ныллæууыд, кæстæры кæстæртæм чи кæсы, уыдон ма хъуамæ аразой, Хуыцау æмæ адæммæ хъыг чи фæкæса, ахæм митæ. Хъыгагæн, не ’хсæн сбирæ сты, иу иннæйы мæгуырау цардмæ чи бæллы, ахæмтæ æмæ æмткæй нæ цард сцыдæргъуызон ис. Ацы хъуыдытæ мæ алыварс æнæ-хъуаджы не ’ртымбыл сты…

Æрæджы мæм куыстмæ æрбацыдысты, æппæтæй дæр, сæ уынд, æгъдау æмæ ахастæй мæ зæрдæ кæмæй барухс, ахæм æртæ æмбæстаджы: Козаты М., Дыгъуызты Х. æмæ Гæззаты Г. Уыдон мын зæрдæрыстæй ра-дзырдтой, зæгъгæ, нæ горæты цæрæг, сахъатджын Гæззаты Мурикæн йæ мады æфсымæры чызг Гаглойты Зинæ исы йæ хæдзар. Сæхицæн исты куы домдтаиккой, уæд сæм, чизоны, мæ хъус уыйбæрц не ’рдардтаин, фæлæ кæйдæр тыххæй кæй дзырдтой, уый мæм бахъардта ахъаззаг. Нæ уарзын исты хабар фехъусыны рæстæджы «цæхæртæ акалын», фæлæ амæсты дæн. Дзургæ ницыма скодтон, фæлæ мæ хъуыдыйы февзæрд: кæрæдзийæн ма ахæм митæ нæ кодтам æмæ уыдон дæр райдыдтам кæнын.

Фарсты тыххæй фыццаг бацыдтæн, Гæззаты М. кæм цæры, дзырд цы хæдзарыл цæуы, уырдæм. Хæдзармæ æппындæр цымыдисагæй ницы уыд, нæдæр тæхудиаг истæмæй у. У иууæладзыгон, къаннæг агъуыст. Мидæгæй дзы ис æртæ хатæны. Гуырдзиаг ирон хæсты рæстæджы хæдзарыл стыр зиан не ’рцыд, фæлæ йæ хицауад, æвæццæгæн, йæ хицауы тæригъæддзинады тыххæй сцалцæг кодта æмæ дзы кæд амондджынæй зæгъæн нæй, уæддæр дзы йæ хицау цæры йæ пенси æмæ хорз адæмты æххуысæй.

Федтон Гæззаты М.-йы сыхæгты дæр. Фыццаг сæ рахатыдтæн уый, æмæ се ’ппæт дæр Мурикыл аудынц. Дзырдтой, зæгъгæ, у рынчын, мæгуыр лæг, фæлæ зæрдæйы хорздзинæдтæй — хъæздыг, мыггаг, хиуæттæ æмæ, дам, йæ адæмыл — аудаг. Искæй хъæздыгдзинæдтæ, дам, йæ къæхты бын куы уына, уæддæр, дам, мачи фæтæрсæд æмæ дзы исты бааууон кæна. Йæ мады æфсымæры чызг Гаглойты Зинæ йын йæ хæдзар кæй исы, уыцы хабар дæр сын ног нæ уыд. Зинæйы коймæ сæ алчи дæр равдыста йæ тызмæгдзинад. Цалынмæ хабар фехъуыстой, уæдмæ сыхæгтæ зонгæ дæр нæ кодтой, Зинæ Мурикы хæстæг кæй у, уый.

Сагкаты В.-йы уынгыл, афтæ хуыйны, Мурик кæм цæры, уыцы уынг, фыццаг хæдзар чи сарæзта, уыдонæй иу уыд Мурикы фыд Мырзæ. Сыхæгтæ куыд загътой, афтæмæй бинонтæ нæ уыдысты фæрæзджын, фæлæ сын уыд бирæ æххуысгæнджытæ, куыд Мырзæйы хиуæтты ‘рдыгæй, афтæ ма сыхæгтæй дæр.

Ног арæзт хæдзары Мырзæ ацард дзæвгар, фæлæ дзы йæ дыууæ фырт æмæ цардæмбал Наташæимæ цæрынæй нæ бафсæст, амард 1970 азы. Хæдзармæ хъусдарын æмæ дыууæ фырты царды раст фæндагыл бафтауын хæстæ æгасæйдæр æрæнцадысты Наташæйы уæхсчытыл. Наташæйæн йæ цардæмбалмæ абаргæйæ цæрын бантыст фылдæр, амард 88-аздзыдæй. Уæдмæ уый бавæрдта йæ хистæр фырты, фæстæдæр та — гуырдзиаг ирон хæсты рæстæджы йæ фырты фырты. Баззад йæ рынчын фырт Мурикимæ. Сæ мæгуыр æмæ сын тыхстдзинад уыдтой сæ сыхæгтæ, хиуæттæ æмæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ сын æххуыс кодтой. Наташæ сфæлмæцыд мæгуыр æмæ тыхст цардæй, тынг ыл бандæвтой йæ цардæмбал, хъæбул æмæ хъæбулы хъæбулы æнамонддзинæдтæ æмæ йæхæдæг дæр æруатон. Йæ сынтæгæй сыста, исты ми бакæна, уый дæр нал уыд йæ бон, нал-иу базыдта, чи йæм-иу бацыд, уыцы хиуæтты æмæ хæстæджыты дæр. Сыхæгтæ сын базыдтой сæ уавæр æмæ-иу æм фæдардтой се ’ххуысы къух. Хабар айхъуыст хæстæджытыл дæр æмæ уыдон дæр сæ гæнæнтæ æмæ фадæттæм гæсгæ рæстæгæй-рæстæгмæ бæрæг кодтой бинонты. Фæрæзджын хион Гаглойты Зинæ дæр-иу арæх абæрæг кодта йæ рынчын фыдыхойы æмæ уый фырт Мурикы. Мурикæн-иу ныфсытæ дæр авæрдта æмæ та-иу ацыд.

Чифæнды мын, куыдфæнды ма дзурæд, уæддæр мæн нæ уырны, æмæ Наташæ мæрдтæм йæ зæрдæ тыппыр æмæ дæнгæлæй кæй тыххæй ахаста, уыцы сахъатджын лæппу Мурикæй байста, Мурик кæм райгуырд æмæ схъомыл, уыцы хæдзар æмæ йæ радта йе ‘фсымæры кæстæр чызг Зинæйæн. Мурик ацы хабар базыдта æрæджы. Стæй канд Мурик нæ, фæлæ ма Зинæмæ æцæг хионы цæстæй чи каст, уыцы хæстæджытæ дæр.

Фæндыд мæ Зинæимæ аныхас кæнын дæр, фæлæ мын нæ рауад, къорд азты Хуссар Ирыстоны кæй нал цæры, уый аххосæй. Радтаин æм, развæлгъау дзуапп цæмæн зонын, иу ахæм фарст: «Зинæ, зæгъ-ма, ды дæ хъæбулы хæдзар байсдзынæ æмæ йæ дæ мады æфсымæры кæстæрæн истæй тыххæй слæвар кæндзынæ? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæйы. Уæдæ, Зинæ, ды куыд уарзыс дæ кæстæрты, афтæ сæ уарзы алы ирон мад дæр æмæ дæ куыд бафæндыд байсай дæхион, сахъатджын Мурикы хæдзар. Афтæ та цæмæннæ ахъуыды кодтай, цы фæуыдзæнис, æви загътай, зæгъгæ йæ иннæ хæс-тæджытæ дзæгъæл нæ ныууадздзысты. Фехъуыстон, дзырдтай, зæгъгæ, закъон ис де ’рдыгæй. Уый тыххæй та дын зæгъын: уидыг йæ дзыхмæ сисын кæй бон нæ уыдис, бацæуджыты чи нæ зыдта, уымæн ахæм хъуыддæгтæ аразын йæ бон куыд бацис? Хиуæттæ æмæ зонгæтæ архайынц уавæр бæстондæр базоныныл. Кæд исты сайæн ми раргом кæной, уæд уый у фыдракæнд æмæ фыдракæнды тыххæй та гæнæг законы раз радты дзуапп.

Æмæ ма ноджыдæр иу. Цы «хъуыддæгтæ» арæзтай, уым кæмдæр Мурикы къухфыст дæр разынд. Мурикы куы фарстон, цæй тыххæй фыстай дæ къух гæххæттытыл, уæд мын загъта: «Æрбахаста-иу къафеттæ, печенитæ æмæ-иу мæ æрдомдта, цæмæй мæ къух æрфыссон, гуманитарон æххуыс кæй райстон, уый тыххæй».

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.