Сыгъдæгдзинад хъæуы алы ран дæр, фæлæ уæддæр горæт сыгъдæг æмæ хæрзæфснайд куы уа, уæд дзы уымæн æмбал нæй. Уæвгæ, куыд æхсызгон вæййы адæймаджы зæрдæйæн, нæ уарзон горæт фæстаг рæстæджы йæ хуыз хуыздæрæрдæм кæй ивы, йæ хæрзарæзтадмæ æмбæлон хъусдард здæхт кæй цæуы. Рæстæг тагъд згъоры. Цыма знон уыд, афтæ цæстыты раз сысты, уынгтæ куыд мæгуыргъуыз уыдысты, ахизæнтæ дзы куыд нæ уыд куыд фистæгæй цæуджытæн, афтæ машинæты хицæуттæн дæр. Фæлæ алцæмæн дæр ис кæрон æмæ та ныр горæты хуыз ивы хорзæрдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæтмæ æрмæст уазæджы цæстæй кæсын нæ хъæуы, фæлæ алчи дæр хъуамæ тыхса æмæ хъуыды кæна йæ сыгъдæгдзинад, йæ хæрзарæзтадыл. Раст у, æрвылбон дæр горæты уынгтæ, тротуартæ, газонтæ æмæ æндæр бынæтты сыгъдæгдзинадыл кусынц æмбæлон службæтæ. Уыдон рæстæгыл бацархайынц, горæты цы брон æрæмбырд вæййы, уый асыгъдæг кæнын æмæ йæ æмбæлон бынатмæ фæхæццæ кæныныл. Сæ куыстмæ бавналынц сæумæцъæхæй æмæ суанг изæрдалынгтæм бацархайынц брон ласыныл. Къаддæр нæу сæ архайд цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæн дæр, бæрцæй амы кусджытæ афтæ бирæ дæр не сты. Фæлæ сыл зыны, сæ куыст бирæ кæй уарзынц, кæй йæм кæсынц бæрндзинады цæстæй æмæ уæд та æнæмæнг куыстæн уыдзæн хорз фæстиуæг. Ныр ма акæсæм Джиоты Аланы проспект, Хъайтарты уынг, Вокзалгæрон фæзуат æмæ æндæр бынæттæм, æндæра ма нæ цæст уыдонæй фæхицæн кæнын фæнды! Иннæ ахæм, æрæджы ногæй цы уынг схæрзарæзт кодтой аразджытæ (Октябры уынг), уымæ бакæсын у, канд боныгон нæ, фæлæ дзы æхсæвыгон дæр адæймаджы зæрдæ рухс кæны. Чи бахус, уыцы бæлæсты рæстæгыл аиуварс кодтой æмæ сын сæ бынæтты ныссагътой ногтæ. Сæ фæллад дзы фæуадзынц, ам цы бандæттæ ис, уыдоныл. Фæлæ уæддæр хорздзинад саразынæн кæрон кæм ис, æмæ уыцы хъуыддагыл та ныридæгæн архайынц иуæй-иу æмбæстæгтæ. Цæвиттон, æрæджы куыстмæ цæугæйæ, Модæты ательемæ æввахс иу хæдзары цæрæг сылгоймаг зылд æмæ дон кодта, уымæй размæ цы дидинджытæ ныссагъта газоныл, уыдоныл. Рацæудзæн чысыл рæстæг æмæ ацы бынат ноджы фæрæсугъддæр уыдзæн æмæ йæ аивдзинадæй адæймаджы хъусдард йæхимæ здахдзæн. Æмæ ахæм иузæрдион æмбæстæгтæ та нæ горæты иу æмæ дыууæ, мыййаг, нæй. Уыдоны фæнды æмæ аудынц, цæмæй нæ горæты хуыз ива хуыздæрæрдæм, бонæй бон кæна рæсугъддæр. Ахæм æмбæстæгтæй та мах хъуамæ уæм буц, зæгъæм сын бузныг æмæ сæ фæзмой уыимæ иумæ æндæртæ дæр.

ХУЫБИАТЫ Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.