ГОРÆТ ИСЫ НОГАЗОН БÆРÆГБОНЫ ХУЫЗ

Алы Ног азы дæр  нын нæ хæдзæртты чи срæсугъд кæны æмæ нын нæ бæрæгбонон зæрдæйы равгыл афтæ тынг чи æндавы, уыдон сты ногазон зазбæлас йæ алыгъуызон æрттиваг хъазæнтимæ.

Цæмæй нæ адæмæн развæлгъау ногазон зæрдæйыуаг уа, уый тыххæй РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бафæдзæхста министрадты, ведомствоты, организациты æмæ республикæйы районты къухдариуæггæнджыты, цæмæй куыстуаты æмæ централон уынгты, адæм фылдæр кæм змæлынц, ахæм бынæтты, сфæлындзой æмæ адæм развæлгъау æнкъарой ног азы æрбалæуд.

Рæсугъд æмæ бæрæгбонвæлыст цæуынц нæ горæты сæйраг уынгтæ дæр. Театралон фæзуаты рацæйцæугæйæ адæймаджы зæрдæ æхцон æнкъарæнтæй байдзаг вæййы йæ аив ногазон фæлыстæй, уæлдайдæр та, изæрыгон.

Театралон фæзуаты бæлæстæ, сквертæ, фæлыст æрцыдысты алыгъуызон рухсгæнæнтæй æмæ æндæр хъазæнтæй дæр. Ам, нæ горæты сæйраг фæзуаты æвæрд цæуы республикæйы сæйраг зазбæлас дæр.

Горæты уынгтæ аив сфæлындзыныл æмæ йын бæрæгбонгъуыз радтыныл кусы горæты администрацийы дæлбаруæвæг паддзахадон унитарон куыстуат «Ир-дизайн». Йæ къухдариуæггæнæг Кокойты Роман куыд зæгъы, афтæмæй æппæт ногазон фæлындзæн куыстытæ дæр бакæндзысты 25-æм декабрмæ. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй сæ, ацы аз, горæт фæрæсугъддæр кæныны тыххæй фæнды ног дизайнон куыстытæ бакæнын. Уый тыххæй хъæуы æхцайы фæрæзтæ æмæ кæд сæ бон суа, уæд ма централон уынгтæ парк æмæ сквертæй дарддæр, ноджыдæр бæрæгбонвæлыст æрцæудзы-сты нæ горæты Сталины æмæ Хъайтарты уынгтæ дæр.

Нæ горæты сæйрагдæр уын-гтæй сæ иу Джиоты Аланы проспекты тыххæй дзургæйæ та банысан кодта, иуæй йæ фæлындзынæн кæй хъæуы дзæвгар æхцайы фæрæзтæ, иннæмæй та уынджы рухсыты цæджындзты равæрд фадат нæ дæтты ногазон фæлыст сæ кæнынæн.

 

РАИВТОЙ БÆСТЫХАЙЫ ÆМБÆРЗТ

Нæ горæты 2-æм музыкалон скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ æвзæрстой бирæ зындзинæдтæ, ахуыр кæнынæн дзы æмбæлон фа-дæттæ кæй нæй, уый тыххæй. Цæвиттон, цы зæронд агъуысты ахуыр кæнынц, уый раздæр уыдис профтехахуыргæнæндон. Фæлæ дуджы фæивдимæ ацы ахуыргæнæндон дæр æхгæд æрцыд æмæ æрхауд æдзæллаг уавæрмæ. Бæстыхайы уый фæстæ  ахуыр кæнын райдыдтой 2-æм музыкалон скъолайы ахуыргæнинæгтæ, кæд сын уым ахуырæн æмбæ-лон фадæттæ нæ уыд, уæддæр. Æмæ чизоны ууыл дæр хъæцыдаиккой, фæлæ къæвда бонты æддейæ куыд уарыд, афтæ мидæгæй дæр æмæ уæлдай тынгдæр ууыл тыхстысты.

Фæстаг азты бæргæ хъаст кодтой æндæр æмæ æндæр инстанцитæм дæр, фæлæ дзæгъæлы – сæ хъастæй ницы уад.

Æрæджы ацы уагдоны бабæрæг кодта æмæ йæ йæхи цæстæй федта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уавæр бахынцгæйæ, арæзтады министрадæн бахæс кодта, цæмæй æвæстиатæй ивд æрцæуа йæ æмбæрзт.

Æмæ, æцæгæйдæр, кусджытæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм. Дыккаг уæладзыджы фæйнæгæй фасады бæсты ныр ам блокæй амад æрцыдис сис. Сæвæрдтой дзы пластикон рудзгуытæ. Сагъуыстой йæ.

Куыстытæ куыд æххæст цæуынц, уый йæхæдæг цалдæр хатты бабæрæг кодта Президент Бибылты Анатоли.

Прораб Зæгъойты Ацæмæз куыд загъта, афтæмæй арæзтадон æрмæджытæй ифтонг цæуынц рæстæгыл. Æнæзæрдæхудт куыст кæнынц кусджытæ Тедеты Аркади, Алан, Хъуылымбегты Фидар æмæ Гобозты Мераб. Тындзыдтой, цæмæй сæ къæвдатæ, мит ма æрæййафой, уый тыххæй. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

 

АРÆЗТ ЦÆУЫ НОГ

ЦÆРÆН ХÆДЗАР

Адæймагæн иууыл ахсджиагдæр цæрæн хæдзар кæй у, уый хынцгæйæ нæ республикæйы разамынад архайы, цæмæй не ‘мбæстæгтæй цæрæнуат кæмæн нæй, уыдонæн сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр уой. Уыцы нысанæн 75 фатерон хæдзары арæзтадмæ æрæвнæлдзысты нæ горæты Гуыбаты æфсымæрты уынджы. Ацы бынаты раздæр уыд профтехахуыргæнæндон, йæ фарсмæ та уыдис ахуыргæнинæгтæн æрмадзтæ. Фæлæ уыдон иууылдæр баисты фыддуджы амæттаг. Уыцы рæстæджы хæлæттаг фесты. Иугæр йе ‘мбæрзт куы фехæлд, уæд ыл сæрдæй, зымæгæй цы къæвдатæ цыдысты, уыдон ын ныхсадтой йæ къултæ. Уыдис аварион уавæры. Ныр нæ республикæйы Президенты бахæсмæ гæсгæ ацы агъуыст цæуы демонтаж æмæ йын куыддæр йæ бынат ссыгъдæг кæной, афтæ æрæвналдзысты фондзуæладзыгон хæдзары арæзтадмæ. Уый арæзт цæудзæнис Инвестицион программæйы фæлгæтты. Аразгæ та йæ кæны подрядон организаци «СТМ-Юг». Ам райсом 7 сахатæй изæрдалынгтæм 25 адæймаджы кæнынц æмыз-мæлд. Арæзтады прораб Коцты Эдик куыд зæгъы, афтæмæй улæфт бонты дæр фæкусынц. Техникæйæ сты ифтонг, сæ разы не ‘взæры ныхдуртæ. Кусджытæ ныр ам кусынц дыууæ къуырийы дæргъы. Хæдзар дзы куы сырæза, уæд ын схæрзарæзт кæндзысты йæ алыварс территори дæр. Ныссадздзысты дзы цъæхдарæнтæ, арæзт дзы æрцæудзæн сывæллæттæн хъазæн фæзуат. Афтæ, уæдæ та ноджыдæр цæрæнуатæй ифтонг æрцæудзысты 75 хæдзары бинонтæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.