12 майы ауагъдæуыд горæт Цхинвалы Ветеранты советы конференци. Мадзалы хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Конференцийы хыгъдон доклад сарæзта горæты Ветеранты советы сæрдар Гобозты Хсар.

Гобозы фырт йæ доклады æрдзырдта, хыгъдон рæстæджы дæргъы 2012 азы январæй 2016 азы апрелмæ Ветеранты горæтон совет цы бакуыста, ууыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хыгъдон рæстæджы ауагъдæуыд Президиумы 16 рабадты. Ацы рабадтыты рæстæджы уынаффæ цыд советы куысты актуалон фарстатыл, ахæмтыл, куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты цардуагон уавæртæ сахуыр кæнын, æххуысхъуаг ветерантæн баххуыс кæнын, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ 2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы æфхæрдбаййафæг ветеранты номхыгъдтæ саразын.

Гобозты Хсар куыд банысан кодта, афтæмæй Ветеранты совет хъахъхъæдтой хистæр фæлтæры социалон барты, патриотикон куыст кодтой рæзгæ фæлтæры ахуыргæнинæгтæ æмæ студентты ’хсæн. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 70 азы бонмæ ауагъдæуыд алыгъуызон фембæлдтытæ скъолаты, библиотекæты, фембæлдтытæ сын уыд фæсивæдон организацитимæ. Ветерантæ фæсивæдæн радзырдтой сæ хæстон фæндæгты тыххæй, дзырдтой сын хæсты рæстæджы советон адæм æхсæвæй, бонæй куыд фæллой кодтой, цæмæй хæстонтæ ифтонг уой хъарм дарæсæй æмæ хæлцæй. Уыцы хъуыддагмæ Хуссар Ирыстоны адæм дæр стыр хай бахастой.

Фæстаг рæстæджы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты истори чидæртæ кæй зыгъуыммæ кæнынц, уый тыххæй дæр йæ хъуыдытæ загъта докладгæнæг.

«Фæстаг рæстæджы зыгъуыммæгонд цæуы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, Стыр Уæлахизы истори. Истори рацаразынмæ хъавынц иуæй-иу паддзахадтæ, цыма агрессор Герман нæ, фæлæ Советон Цæдис уыд. Уæрæсейы знæгтæ адæмæн бауырнын кæнынмæ хъавынц, ома, фашизмыл Советон адæм æмæ йе ’хсарджын хæстонтæ нæ фæуæлахиз сты, фæлæ англоамерикæйаг æфсæддонтæ. Уый раст хъуыды нæу, уый у историон рæстдзинады ныхмæ. Уымæн æвдисæн сты Киевы Майданы цаутæ, цыран хъайтартæ систы Бандера æмæ Шушкевичы фæдонтæ, кæцытæ пропагандæ кæнынц нацизм, уæларвмæ исынц фашистон символикæ. Уыдонимæ разы сты Польшæ, Прибалтикæйы республикæтæ», — банысан кодта Гобозты Хсар.

Дарддæр докладгæнæг куыд загъта, афтæмæй бонæй-бонмæ къаддæрæй-къаддæр кæны ветеранты нымæц.

«Стыр хъыгагæн, хæсты ветеранты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Хыгъдон рæстæджы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй фæхъуыд 53 адæймаджы. Сæ ном рох макуы уæнт уыдонæн дæр æмæ хæсты быдырæй чи нал рыздæхт, уыдонæн дæр», — загъта докладгæнæг æмæ æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй сын иу минут æдзæмæй алæугæйæ, ссарой сæ рухс нæмттæ.

Гобозты Хсары ныхæстæм гæсгæ, Ветеранты горæтон советы хыгъды ис 1464 адæймаджы, уыдонæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ сты 32 адæймаджы, хæсты ветерантæ (фæсчъылдымы) 165, фæллойы ветерантæ −1043, хæсты ветеранты идæдзтæ 69, Афганистаны хæсты ветерантæ 80, Венгрийы цауты хайадисджытæ 17, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады ветерантæ 37, Гарзджын тыхты 13, Æфсады чи фæсахъатджын, уыдон — 8.

Ветеранты советы сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй 2015 азы 9 майы Мæскуымæ Уæлахизы парады хайад райсынмæ хуынд æрцыдысты хуссарирыстойнаг ветерантæ Джусойты Нафи, Къусраты Илья, Дзеранты Шота.

Гобозы фырт хорзыл банымадта, ветерантæй рынчын чи вæййы, уыдоны горæты Ветеранты советы кусджытæ бынаты кæй бæрæг кæнынц, уыцы хъуыддаг.

Докладгæнæг райзæрдæйæ банысан кодта ветерантæм республикæйы къухдариуæгады аудгæ ахаст.

«Æхсызгонæй мæ банысан кæнын фæнды, нæ хицауады аудгæ ахасты фæрцы кæй сырæзтысты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты хæдзæрттæй гуырдзыйы агрессийы рæстæджы чи ныппырх сты, уыдон. Бирæты хæдзæрттæ та хайгай цалцæг æрцыдысты», — банысан кодта Гобозты Хсар.

Уый бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгæн дæр, Стыр Уæлахизы 70 азы бæрæг-бонмæ хуссарирыстойнаг ветерантæн æмæ ветеранты идæдзтæн æхцайы фæрæзтæй кæй баххуыс кодтой, уый сæраппонд.

Афтæ ма бузныджы ныхæстæ загъта Президент Тыбылты Леониды адресыл дæр, шахматты клуб цалцæг кæй æрцыд æмæ йын хъæуæг инвентарь кæй самал чындæуыд, уый тыххæй.

«Нæ ветерантæ хорз лæвар райстой Стыр Уæлахизы 70 азы бонмæ. Хорз цалцæг æрцыд шахматты клуб. Клубæн ног инвентарь балхæнынæн РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид рахицæн кодта 71 мин сомы. Баххуыс ма кодтой РХИ-йы Парламенты спикер Бибылты Анатоли æмæ Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик дæр», — загъта уый.

Гобозты Хсар ма банысан кодта, зæгъгæ, фронтовиктæ, сæ идæдзтæ, афгайнаг æмæ венгриаг цауты хайадисджытæн ис хатыртæ медицинон препаратты æлхæнынæн æмæ электроэнергийæн.

Конференцийы раныхас кодта республикæйы Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы Ветеранты совет йæ рæстæджы фæндон бахаста РХИ-йы Хицауадмæ «Ветеранты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй, уыимæ иумæ ма Уæрæсейы Федерациимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдмæ цæмæй хаст æрцыдаид ахæм пункт: «Уæрæсейы Федераци æххуыс кæны РХИ-йæн ветеранты змæлды дарддæры куысты хъуыддаджы, ветеранты хатыртæ (льготатæ) сæндидзын кæнгæйæ, кæцытæ æхгæд æрцыдысты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы».

Конференцийы раныхас кодтой фæллойы ветерантæ дæр. Уыдон домдтой, цæмæй сын уа, Уæрæсейы ветерантæн цы хатыртæ ис, ахæмтæ.

Кæронбæттæны горæты Ветеранты советы куыст нымад æрцыд рæстæмбисыл æмæ Советы сæрдарæй ногæй æвзæрст æрцыд Гобозты Хсар, йæ хæдивæгæй та — Козаты Павел. Горæты ветеранты советы Президиуммæ æвзæрст æрцыд 11 адæймаджы, советмæ та 21 адæймаджы. Республикæйы Ветеранты советы конференцимæ дæр æвзæрст æрцыд 28 делегаты.

Нæ уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.