Æрæджы нæм редакцимæ йæ хъуыддаджы фæдыл фæуазæг Медзыдагомы Тъба-Цъалисубаны хъæуæй рацæугæ, ныртæккæ Цæгат Ирыстоны горæт Алагиры цæрæг Туаты Зауырбег. Уый нын сæрыстырæй загъта, зæгъгæ, дам, абон хуссарирыстойнаг ахуыргæнæг ирон литературæйæ гом урок ауагъта Ногиры 1-æм астæуккаг скъолайы. Æз, зæгъ, Ногиры хæдархайгæ зарæггæнджыты къорды кæй архайын, уымæ гæсгæ, зæгъ, уазджытыл æмбæлгæйæ мах азарыдыстæм Гæздæнты авд æфсымæрты номыл фыст зарæг.

Дисы бахаудтæн, ау, зæгъын, Ногиры хъæуы астуæккаг скъолайы гом урок ауагъдæуыд ирон литературæйæ æмæ йæ куынæ базыдтам, æгæрыстæмæй, телеуынынады дæр куы ницы информаци уыд, уый фæдыл. Хъуыдыты ацыдтæн, зæгъын, чи уыд уыцы ахуыргæнæг. Уайтагъд мæ цæстытыл ауадысты нæ горæты астæуккаг скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнджытæ, уыдонæй сæ иу — Дыгъуызты Лианæ. Æмæ раст ахъуыды кодтон, урок ауагъта нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты чызг. Хъуыддаг уыд афтæ: Цæгат Ирыстон-Аланийы Ахуырад æмæ зонады министрадæй фæдзырдтой РХИ-йы Ахуырады министрадмæ, сæрмагондæй, ацы министрады ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты раздæры методист Зассеты Зарæмæ, зæгъгæ, дам, хуссарирыстойнаг ирон æвзаджы ахуыргæнджытæй сæ иу хъуамæ гом урок ауадза Ногиры 1-æм астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинæгтæн. Æмæ, дам, уый фæстæ та Цхинвалы астæуккаг скъолатæй сæ иуы гом урок ауаддзæн цæгатирыстойнаг ахуыргæнæг. Уайтагъд фæдзырдтон Дыгъуызты Лианæмæ æмæ йын загътон, зæгъын, ахæм масштабыл урок ауагътай æмæ йæ цæмæн басусæг кодтай. Уый мын æфсæрмытæгæнгæ радзырдта Цæгат Ирыстонмæ йæ балцы тыххæй.

Дыгъуызты Лианæимæ ма Цæгат Ирыстонмæ ацыд 9-æм скъолайы директор, ирон æвзаджы специалист Зассеты Зарæ дæр. Ногиры 1-æм астæуккаг скъолайы коллектив сæ директор Хъесаты Неляйы сæргълæудæй сæ хуссарирыстойнаг уазджытыл сæмбæлдысты хъарм зæрдæйæ. «Тынг хорз нæ райстой, раст цыма Хуыцауæй æрхаугæ уазджытæ уыдыстæм, афтæ ныл сæмбæлдысты. Фыццаг бон базонгæ стæм ахуыргæнинæгтимæ. Скъолайы фойейы æвæрд æрцыдысты стыр стендтæ, цыран уыдысты алыгъуызон темæтыл нывтæ æмæ тексттæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны фæдыл. Скъолайæ хъуыстысты ирон музыкæйы зæлтæ æмæ нæ афтæмæй бахуыдтой ахуыргæнджыты хатæнмæ. Гом урокмæ ма æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Ахуырады минстрадæй Санаты Ритæ, РЦИ-Аланийы ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, педагогон зонæдты кандидат Майрæмыхъуаты Фатимæ, ацы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг, филологон зонæдты кандидат Уалыты Татьянæ, хистæр методист Хозиты Эльвирæ, методист Гугкаты Зæлинæ, Горæтгæрон районы ахуыры хайы методист Сугъаты Ленæ, Михайловскы астæуккаг скъолайы минæвар Джыккайты Людæ, Ногиры хъæуы 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ Хуыбецты Эллæ, Гæджиты Езетхан, Битеты Женя, скъолайы ныййарджыты комитеты æмæ парти «Иудзинад»-ы уæнг Туаты Алан, хъæубæсты хистæрты номæй, ныййарæг Коцты Георги, хъæууон клубы сæргълæууæг Тыбылты Людæ, Ногиры хъæуы сылгоймæгты советы сæрдар, библиотекæйы сæргълæууæг Æлборты Наталья, РЦИ-Аланийы паддзахадон телеуынынадæй æмæ хæдархайгæ зарæггæнджыты къорды уæнгтæ.

Дыгъуызты Лианæ гом урочы темæйæн Стыр Уæлахизы цытæн равзæрста Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы». Урочы нысан: 1. Балладæйы фæрцы ахуыргæнинæгтæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын. 2. Хъæбатыр хæстонтæн, хистæртæн, ныййарджытæн аргъ кæнын. Ахуыргæнинæгтæн райгуырæн бæстæ æмæ царды бастдзинад æмбарын кæнын. 4. Дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.

Урочы хъомыладон хæс. 1. Райгуырæн зæхх — Ирыстоны раз хæс фидыныл ахуыргæнинæгты ахуыр кæнын. 2. Ахуыргæнинæгты рæстдзинады, рæсугъддзинады домæнтыл хъомыл кæнын.

Урочы метод: 1.Райхæлд — басгæрсты метод. 2. Информаци райтынг кæнын, рапарахат кæныны метод. 3. Сфæлдыстадон метод.

Урочы 2-аг хайы темæ: «Ничи ферох, ницы ферох». 1.Авд æфсымæрæй алкæйы тыххæй дæр характеристикæ радтын; 2. Мады ныхас йæ хъæбултимæ; 3. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты нысаниуæг; 4. Абоны дугимæ абарст; 5. Уæлахизы бæрæгбон.

Урочы эпиграф: «Хæст лæгмар у, цард та дзы æнуд, Тугæмхæццæ уæнтыл уайы сурхид. Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!» Плиты Грис. Слайды сæр: «Авд цæвæджы нал æрхастой уистæ, Авд суадоны байсыстысты уым. Авд сыкъайы нал сисдзысты фынгыл. Авд фырты… ныййарæг мад нырхуым». Галуанты Людæйы æмдзæвгæйы рæнхъытæй.

Дыгъуызты Лианæ урочы райдианы сывæллæттæм фарстытæ лæвæрдта Плиты Грисы биографийæ, уыцы нымæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Грис йæхи куыд равдыста, уый фæдыл дæр. «Адæймагæн Фыдыбæстæ куынæ уа, уæд тынг зын цæрæн у. Фыдыуæзæг. Райгуырæн къуым. Мадæлон æвзаг. Ацы дзырдтæ тынг æхсызгон сты зæрдæйæн. Ахæм адæймаг зынтæй разындзæн, кæцыйæн йæ зæрдæйы дуар ма бахойой, кæцыйæн ацы дзырдтæ фехъусгæйæ йæ цæстытыл ма ауайа йæ уарзон Райгуырæн къуым. 1941 аз историйы баззад сау фыстæй. Ныннæрыд арв. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæм дæр, иннæ адæмтау Фыдыбæстæйон хæсты, сæ тых, сæ хъару сарæзтой знаджы ныхмæ. Ирон литературæйы бирæ уацмыстæ ис фыст хæсты темæйыл. Уыдоны ’хсæн зынгæ бынат ахсы нæ абоны темæ Плиты Грисы балладæ „Авд цухъхъайы“. Гæздæнты авд æфсымæртæй алкæцы дæр фæмард хъæбатырæй, алчидæр сæ архайдта лæгдзинад равдисын, хъæбатырæй амæлыныл».

Дыгъуызты чызг ахуыргæнинæгтæн лæмбынæг радзырдта поэт йæ уацмыс «Авд цухъхъайы» цæмæн схуыдта, уый тыххæй: «Ницыуал баззад ныййарæгæн йæ фырттæй сæ цухъхъаты йедтæмæ. Балладæйы мад у символикон фæлгонц. Мады фæлгонцæй фыссæг равдыста æппæт хæстæфхæрд ныййарæг мæдты уæззау хъысмæт. Æфсымæртæ сæ мадыл сты æнувыд, сæ ныхас у фæлмæн. Кæй зæрдæ нæ ныккæрзы ацы балладæ кæсгæйæ, кæй зæрдæ нæ баризы сæ мады митæм кæсгæйæ, ныхас кæны æрвылбон йæ хъæбулты цухъхъатимæ. Авд æфсымæры мадыл æмдзæвгæтæ ныффыстой бирæ фысджытæ, куыд зæгъæм, Гафез, Галуанты Людæ. Гаглойты Владимир ныффыста драмæ «Ныййарæджы кадæг», Расул Гамзатов та сыл ныффыста æмдзæвгæ «Хърихъуппытæ», кæцыйыл Ян Френкель ныффыста зæлвидыц æмæ дзы рауад диссаджы зарæг. Мæн зæгъын фæнды уый, æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Ирыстонæй Гæздæнты авд æфсымæртæй дарддæр сæ цард Райгуырæн бæстæйы сæраппонд нывондæн кæй æрхастой бирæтæ, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонæй Хуыбецты 5 æфсымæры, Гасситы 4 æфсымæры, Плиты 4 æфсымæры, Дзукъаты 4 æфсымæры æмæ бирæ æндæртæ. Советон Цæдисы хъайтартæ систы Остъаты Алекси, Цоциты Вася, Кобылты Сергей, Хъоцыты Къоста, Цхуырбаты Иван, Сабанты Григол, Къозонты Сардион. Æдæппæтæй Ирыстонæй инæлартæ систы 50 адæймагæй фылдæр, уыдоны ’хсæн Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Монголы Адæмон Республикæйы хъайтар Плиты Иссæ. Ирыстоны адæм сæрыстыр сты Мамсыраты Хадзы-Мурат æмæ Хетæгкаты Георгийæ.

Кæд Фыдыбæстæйон хæсты сæ удтæ нæ бавгъау кодтой Ирыстоны фæсивæд, уæд гуырдзыйы лæгхорты ныхмæ къаддæр хъæбатырдзинад нæ равдыстой ирон лæппутæ-хъайтартæ. Цæвиттонтæ бирæ сты, зæгъæм, Ереды трагедийы цы 12 лæппуйы басыгътой удæгасæй, уыдон, Знауыры районæй Томайты æфсымæртæ, Цхинвалы районæй Хуыгаты дыууæ æфсымæры, Цхинвалы цæрæг Остъаты дыууæ æфсымæры, Габуты дыууæ æфсымæры, Санахъоты лæппутæ Гришик æмæ Гена, Зары хъæды æбуалгъы мардæй цы 36 æнæаххос адæймаджы амардтой, се ’хсæн уыд чысыл Батрадз дæр, Беслæны теракты бабынуæвæг адæм. 2008 азы 8-æм августы Китайы уагъдцæуæг Олимпиадæйы рæстæджы Гуырдзыстоны æрбабырст фынæй горæтмæ. Ацы хæсты бабын сты бирæ адæм, уыцы нымæцы алагираг Æгъуызарты лæппу дæр, — æххуысмæ фæзынд йæ хуссайраг æфсымæртæм, уынгæджыйы бон сыл куы ныккодта, уæд. 1992 азы Цæгат Ирыстонмæ мæхъæлон фыдгæнджытæ куы æрбабырстой, уæд та сæм æххуысмæ фæзындысты сæ хуссайраг æфсымæртæ, уымæн æмæ мах иу адæм, иу туг стæм. Ирон адæм æгæрон бузныг сты УФ-йы разамонджытæ В. В. Путин æмæ А. Д. Медведевæй, 2008 азы 26-æм августы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадтой, уый тыххæй..

Кæронбæттæны мæ фæнды зæгъын уый, æмæ Ирыстон кæй у маргъы базыртау æмæ маргъæн йæ иу базыр йæ уæлæ куынæ уа, уæд куыд тæхдзæн, уымæ гæсгæ мах хъуамæ архайæм иудзинадыл. Мæ урок мæ фæнды балхынцъ кæнын ахæм ныхæстæй: «Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц, Хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц».

Йæ дæсныйады иттæг хорз специалист Дыгъуызты Лианæ йæ гом урок ауагъта бæрзонд æмвæзадыл æмæ дзы иууылдæр баззадысты райгондæй. Уый ахуыргæнинæгты зæрдæтæм афтæ арф бауагъта хæсты фæмардуæвæг хъайтарты хъысмæты тыххæй æмæ дзы бирæты цæсгæмттыл æруадысты судзгæ цæссыгтæ. Урок цыд иу сахатæй фылдæры бæрц, уымæн æмæ ахæм уæрæх темæйыл иу урочы рæстæгмæ æрдзурæн нæ уыд.

Дыгъуызоны ныхæстæм гæсгæ йын Æвзæнгты республикон библиотекæйы директор Тототы Ленæ Ногиры астæуккаг скъолайæн лæварæн арвыста йæ цардæмбал, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны чингуытæ. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр æмæ ахæм гом уроктæ уадзынмæ кæрæдзимæ куы цæуой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ, уæд кæрæдзимæ ноджы тынгдæр æрбангом уыдзыстæм, уымæн æмæ уый стыр ахъаз фæуыдзæн рæзгæ фæлтæры национ идея фæбæрзонддæр кæнынæн.

Гом урочы кæрон æрæмбырдуæвджытæн æвдыст æрцыд, æвзонг режиссер Мамиты Григори Стыр Уæлахизы 70-азы бонмæ цы киноныв систа, уый — «Авд цухъхъайы».

Майрæмыхъуаты Фатимæ, РЦИ-А Ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг: «Дыгъуызты чызг сывæллæттимæ афтæ иузæрдионæй бакуыста, раст цыма аст азы дæргъы сæ разы лæууыд. Тынг мидисджын гом урок ауагъта, бантыст ын сывæллæтты зæрдæтæм фæндаг ссарын, патриотондзинады æнкъарæнтæ сæм сæвзæрын кæнын. Тынг райгондæй дзы баззадыстæм. Дарддæр дæр хъуамæ уагъд цæуой ахæм уроктæ. Мах фæнд кæнæм нæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæй сæ хуыздæртæй иуы Хуссар Ирыстонмæ арвитын, цæмæй уым дæр уагъд æрцæуа ахæм гом урок».

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ Дыгъуызты Лианæ гом урочы кæй спайда кодта бритайнаг фыссæг æмæ психолог Эдвард де Боной «6 шляп»-æй. Урок уагъд æрцыд ног методикон технологитæм гæсгæ.

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.