Газет «Хурзæрин»-ыл 95 азы кæй сæххæст, уый цытæн Медиа-центр «Ир»-ы ауагъдæуыд тымбыл фынг, цыран Парламенты депутаттæ, æхсæнады æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ, афтæ ма газет «Хурзæрин»-ы редакцийы минæвæрттæ дæр дзырдтой Хуссар Ирыстоны адæмы национ хиæмбарынады рæзтæн газет «Хурзæрин» цы ахъаз уыд, уый тыххæй.

Мадзаламонæг Турманты Фатимæ куыд банысан кодта, афтæмæй газет «Хурзæрин» у нæ паддзахады сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр информацион фæрæз.

«Ирон ныхас телеуынынадæй дæр хъуысы, фæлæ мыхуыры фæрæз æмæ телеалæвæрд кæрæдзийæ хицæн кæнынц æмæ сын æндæр æмæ æндæр æмвæзад ис. Сæйрагдæр у ирон мыхуырон орган, уымæн æмæ ирон газет стырдæр ахъаз у æвзаджы рæзтæн», — загъта Турманты Фатимæ.

Уый бафиппайдта, зæгъгæ, кæд газеты юбилей январы райдианы уыд, уæддæр æй, хъыгагæн, нырма нæ банысан кодтой бæрæг аххосæгтæм гæсгæ.

Ныхасгæнæг куыд загъта, афтæмæй газеты фæрстыл бакæсæн ис Хуссар Ирыстоны истори, уымæн æмæ йæ фыццаг номыр мыхуыр куы æрцыд, уæдæй абоны онг цыдæриддæр æрцыд Хуссар Ирыстоны, уыдон иууылдæр мыхуыр æрцыдысты ацы газеты фæрстыл.

Хуссар Ирыстоны нæ уыд иунæг фыссæг, иунæг поэт дæр, йæ уацмыстæ ацы газеты фæрстыл чи нæ мыхуыр кодта. Газет алы хæдзар дæр иста æмæ йæ алчи дæр каст, фæлæ фæстаг рæстæджы газетмæ æхсæнады ахаст мæгуырауæрдæм фæивта. Уый та редакцийы аххос нæу, фæлæ у, нæ адæм кæсын кæй нал уарзынц æмæ се ’взаджы хъысмæтмæ уæлæнгай цæстæй кæй кæсынц, уый аххос.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, исын хъæуы мадзæлттæ, цæмæй газет размæ цæуа æмæ раздæр куыд популярон уыд, афтæ суа.

Дарддæр газеты сæйраг редактор Биазырты Роланд радзырдта газеты сырæзты историйы тыххæй, 1924 азæй фæстæмæ цы фæндæгтыл рацыд æмæ хуссарирыстойнаг æх-сæнады размæцыдæн цы ахъаз фæцис, æппæт уыдæтты тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 95 азы размæ, уæззау уавæрты нæ интеллигенцийы минæвæрттæ архайдтой, цæмæй ирон дзыллæйы фидæн уа хуыздæр, рæсугъддæр, ирддæр æмæ аскъуыддзаг кодтой ирон газет рауадзын, цæмæй газет ирон адæммæ хæццæ кæна сæ мадæлон æвзагыл æмæ 1924 азы 1 январы мыхуырæй рацыд «Хурзæрин»-ы фыццаг номыр. Газет уагътой, фыссынмæ чи рæхст, ахæм цыппар адæймаджы, редактор ын уыд Плиты Арон, йæ хæдивæг та уыд æвзонг лæппу Уалыты Димитр. Газет райдианы цыд къуыри иу хатт, йæ тираж та уыд 500 экземпляры, фæлæ фæстæдæр тираж схызт 4 мин экземплярмæ, ноджы фæстæдæр та уыд 13 мин экземпляры (хъыгагæн, абон йæ уавæр цауддæр у йæ тираж — 1500 экземпляры). Газеты фæрстыл мыхуыр цыдысты социалон, политикон темæтыл æрмæджытæ, афтæ ма адæмы рæгъмæ хаста Хуссар Ирыстоны цы процесстæ цыд, уыдон.

Биазырты Роланд куыд радзырдта, афтæ-мæй хъæуты адæмæй стæмты йедтæмæ кæсын, фыссын ничи зыдта, æмæ-иу газет куы райстой, уæд-иу æрæмбырд сты, кæсын чи зыдта, уый алыварс, æмæ афтæмæй зонгæ кодтой æрцæугæ цаутимæ. Цæмæй адæм кæсын, фыссын тагъддæр базыдтаиккой, уый тыххæй газеты фæрстыл мыхуыр кодтой алфавит æмæ, афтæмæй Хуссар Ирыстоны хъæуты куынæг цыд æнæахуырдзинад.

Дуг куыд ивта, афтæ газетæн дæр аивта йæ ном: райдианы хуынд «Хурзæрин», «Коммунист», «Советон Ирыстон», «Хуссар Ирыстон», æмæ та фæстæмæ — «Хурзæрин».

Кæддæриддæр газеты фæрстыл мыхуыр цыдысты, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ дунейы дæр цы процесстæ цыд, уыдон.

Газеты раздæры сæйраг редактор, ныр та — РХИ-йы Парламенты Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон- информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри куыд банысан кодта, афтæмæй: «Ирыстонæн йæ хуссар хайы интеллигенцийы „Хурзæрин“ схъомыл кодта, сæ фыццаг ахуыргæнæг уый уыд. Уымæн æмæ цалынмæ „Хурзæрин“ нæ фæзынд, уæдмæ нæм нæ уыд нæдæр уæлдæр ахуыргæнæндон, нæдæр — театр, нæдæр — чиныг-уадзæн, нæдæр — журнал. „Хурзæрин“ уыд фыццаг авдæн, кæцы уызта Хуссар Ирыстоны интеллигенцийы æмæ схъомыл кодта Ирыстонæн сомбон».

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Республикæйы æндыгъд рæстæджыты, горæт æхстытæ æмæ нæмгуыты бын куы уыд, уæддæр газеты коллектив цæсгомджынæй сæ хæс æххæст кодтой, цыдысты сæ куыстмæ, уагътой газет æмæ информаци хæццæ кодтой адæммæ.

Газеты, йæ хъуыдымæ гæсгæ, аразынц, редакцийы чи кусы, уыдонæй дарддæр æхсæнад дæр. Иронау та кæсын нал зонынц нæ адæмæй бирæтæ æмæ уый аххосæй ирон газет æхсæнады цæсты нал ахады. Цæмæй ирон газет æхсæнады ’хсæнмæ хæццæ кæна æмæ йæ адæм уарзой, уый тыххæй адæмы ’хсæн хъуамæ популярон уа ирон æвзаг.

Гæбæраты Юри куыд банысан кодта, афтæмæй, цæмæй нæ газетæн раздæр цы тых уыд, уый йæ гаччы сбада, уый тыххæй нырма ирон æвзаг хъуамæ уа йæ тыхы.

Уый куыд загъта, афтæмæй абон не ’хсæнады фылдæр хай уырыссагау дзурынц, уыцы нымæцы — политикон архайджытæ дæр. «Æмбырдтæ, мадзæлттæ уагъд цæуынц уырыссаг æвзагыл. Уымæн æмæ уырыссаг æвзаг не ’хсæнады йæ уидæгтæ арф ауагъта. Уырыссаг æвзаг никуы фесæфдзæн, фæлæ мах хъуамæ аргъ кæнæм нæ мадæлон æвзагæн».

Ацы ныхæстыл сразы Битарты Зоя дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, газет æнусон у, уымæн æмæ дзы рагæй фæстæмæ бирæ диссаджы æрмæджытæ æрцыд мыхуыр.

«Зæронд газетты цы диссаджы æрмæг бакæсай, уый телеуынынады нæ фендзынæ, уымæн æмæ уымæн йæ авналæн цыбырдæр у. Газеты фæрстыл раиртасынæн та бирæ диссаджы æрмæджытæ ссарæн ис», — банысан кодта Битарты Зоя. Уый йæ хъуыдытæ загъта ирон æвзаджы рæзты проблемæйы тыххæй дæр.

Битарон куыд банысан кодта, афтæмæй Хетæгкаты Къостайы фæстæ райстæуыд литературон æвзаг, йæ нормæ фидаргонд æрцыд фыссыны дæр æмæ дзурыны дæр, фæлæ абоны бон нæдæр Ирыстоны хуссар хайы æмæ нæдæр цæгат хайы æххæст кæнынц дзурыны нормæтæ. Уый та у æгуыдзæгдзинады аххос.

«Национ хъуыдыкæнынад нæм кæй нæй, сæрымагъзы уый кæй нæ бады, аххосаг ис æрмæстдæр уый мидæг. Махмæ терминтæ арæзт куынæ æрцæуой, стилистикæ ахуыр куынæ ’рцæуа, фысджыты уацмысты æвзаг ахуыр куынæ цæуа, уæд нæ дзурдзыстæм æмбæлон литературон æвзагыл. Уыцы аххосагмæ гæсгæ нæ абоны журналисттæн дæр хъæздыг нæу се ’взаг. Цæмæй журналистæн йе ’взаг хъæздыгдæр уа, уый тыххæй бирæ хъуамæ кæса ирон фысджыты уацмысты, раздæры газетты æрмæджытæ», — загъта Битарты Зоя æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, «Хуссар Ирыстоны истори, географи æмæ ирон традициты чингуытæ дæр хъуамæ рацæуой иронау. Мах уыдæттыл куынæ хъуыды кæнæм, уæд газет „Хурзæрин“ дæр размæ нæ рацæудзæн».

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, «балæууын хъæуы йæ фарсмæ, æрмæст кæсынæй нæ, фæлæ ма йæм хъуамæ хæссæм ахадæн æрмæджытæ дæр, цæмæй цымыдисондæр уа. Орфографийы принциптæй куы пайда кæной корректортæ дæр æмæ радгæс редактор дæр, уæд газеты рæдыдтытæ дæр нæ уыдзæн».

«Хъуамæ нæ зæрдыл лæууа, ирон интеллигенцийæн йæ истори газет „Хурзæрин“-имæ баст кæй у, сæ фыссæн сис ацы газеты кæй цыргъ кодтой», — загъта Битарты Зоя.

Газет «Хурзæрин»-ы культурæйы хайады редактор Гæззаты Иван та йæ хъуыдытæ загъта «Хурзæрин»-ы рафыссыны проблемæ-ты тыххæй. Уый куыд банысан кодта, афтæ-мæй ирон адæмы раз ма хъуамæ лæууид ирон æвзаг сахуыр кæныны фарст, уымæ адæм сæхæдæг хъуамæ тырниккой.

Гæззайы фырт куыд загъта, афтæмæй абоны бон газет «Хурзæрин» Уæрæсейы газеттæ æмæ журналты каталоджы кæй нæй, уый аххосæй йæ нæ раффыссынц Цæгат Ирыстоны цæрджытæ, йæ рафыссын та бирæты фæнды.

Сæ арфæйы ныхæстæ æмæ фæндæттæ загътой мадзалы иннæ хайадисджытæ дæр.

Мадзалы кæрон Медиа-центр «Ир»-ы сæргълæууæг Гаглойты Иринæ раарфæ кодта редакцийы коллективæн газеты юбилейы цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.